ÆНÆБАРЫ РÆНХЪЫТÆ
Мæ хъуыды – цæф сагау,
мæ фехситт – æдзæм,
дзыххæлиу кæсагау –
мæ афтид кæрддзæм.
Ныххуыссыд мæ хъама
ехх, сау рыджы бын,
тыхсы йыл архъанау
хæлуарæджы тын.
Мæ емылыкк бастад
Æнæбын æрхы,
мæ фыссæн сис, хъазтау,
кæдæмдæр тæхы.
Йæ хицауы базыр
ыссардта, мыййаг,
йе хъал чызджы базыл
Æрынцад хæрзаг.
Йе бады кæй хуынды,
кæй уазæг у ныр?!
Мæ хъуыды – хъуыдыды,
мæ хъæлæс – æмыр.