ЗУМÆГИ ХУЗТÆЙ
æрцæйхаста сау бурдæнтæ
æ дзæкъоли Нæуæгбон,
ниййех кодта сабур дæнттæ,
ниттар кодта æ цæсгон.
Рафецудта синхæй-синхмæ,
æ зæгъæнтæ низзагъта,
донæхсинцъий листæг нихтæ
ехи уоди ниссагъта.
Нæ имиста мæйи тæмбæл,
хори дзол æй нæ гъудæй,
нæ къæразги æвгитæбæл
хузæ гæнæг æрцудæй.
Дидингутæ, зазти цæнгтæй
нæ къæрæзтæ фæлгъæндуй,
æ уазал зæрди сосæгтæ ‘й
махæн зæгъун æрфæндуй...
æрцæйцудæй æд бурдæнтæ
уорс хъæппæлти Нæуæгбон,
сæ пурфæнтæмæ ‘й цурд дæнттæ
нæ уадзунцæ æнгæрон.