МÆ РÆУФУНТÆ
æрдо хедбæл цудтæн мæ рæуæги,
арт сугъдæй гур-гурæй мæ фæсте,
æригъал æй мæ фун мæйнæуæги,–
ниви арвбæл, цума, ци финст е?..
Ци рахастон фунтæй мæ асæгмæ? –
Зуст ампъезтæн, миййаг, сæ тæссонд...
Ци ‘й мæ хицæ мæсгути дасæгмæ,
кæд мæсгутæ æнцæ метæй конд?
Ци ниууагътон уæдта мæ рæубæнтти –
къæл-къæл ходун æви сор цъæхахст?
Цæмæй ма ‘й базонон, ци рæууæнтти,
мæ бæласæ ку ‘рцæй æрдæгсаст...
Мæ фæззæги уæргутæ зæгъдзæнцæ,
ци адтæй мæ уалдзæгæн æ догъ,–
мæ фунтæ мæмæ уæд æздæхдзæнцæ,
‘ма калдзæй мæ бæласæ къомбох...