ФÆСТАГ РЫНДЗ
Мæ цæстытæн фæтар кæны сæ ирд –
зæрæхсидыл сæууон зарæг нæ зарынц.
Мæ царды бæхæн бамынæг йæ сирд,
Æрбазынд æм æрвгæронæй фæстаг рындз.
Ныр нуазы арв зæрæхсиды сырх сæн,
йæ кæртæй сæфы хур-тынты хæлын кау.
Кæд хауын æз цъæх æртыты æхсæн –
кæм тох кæнынц дыууæ хохы фырытау.
Хъæудзæн мæ уым æрду-хидыл цæуын
сæ бæрæг астæу уон æмæ нæ уонæн,
хъæудзæн мæ уым пахампарау лæууын
йæ къæсæрыл фыдбон кæнæ хæрзбонæн.
Уыдзæн мæ рифтаг рог кæнæ уæззау,
мæ монцты уæрдон дзаг уыдзæн, йе – ривæд...
Цы сныв кæна ыстыр иунæг Хуыцау,
нæй уыцы æлгъыст, уыцы фарнæн ивæн.