ЧЕЛЕЙЫ АРДУАН
Зæронд дзауматæ бауарзтон æз дæр,
чысылгай сæ мæ сарамæ æмпъухын…
Хæрз æрæджы та, хорз у æви ’взæр —
Челейы ардуан бафтыди мæ къухы.
Кæм хъæуынц мæн, кæйдæр армæн йæ хъарм
цы мигæнæнты бацавддур и, уыдон?
Цы сæ айсдзынæн — фарн æви хæрам,
цы сыл баззайдзæн — рыг æви æрвырон?..
Зæронд дзауматæ: ардуан, пъæнæз,
быраузилæн, дзæбуг, дзæккор, хъæсдарæг…
«Цæй, кус нæ исты, бафидæм нæ хæс
æмæ та ногæй райхъуыса нæ зарæг!»