ВЕРТЕРЫ ФÆСТАГ ФЫСТÆГ ЙÆ УАРЗОНМÆ
Хæрзбон у, Лоттæ,
Æз мæ сæфты къахыл
лæууын бæрзонд сæрсæфæны рындзыл.
Хæрзбон у, Лоттæ,
уадтымыгъы саргъыл
тæхдзынæн ныр мæ ног сæнтты фæдыл.
Хæрзбон у, Лоттæ,
саг æрцыд фæрæтмæ,–
мæ ризгæ риу æрæнцой, амард тарст.
Хæрзбон у, Лоттæ,
Æз тæхын дзæнæтмæ,
ды та-иу хъахъхъæ де ‘нгасы мæ уарзт.
æрцæудзæн райсом,
фендзыстæм кæрæдзи,
Æмæ нæ цинæн нал уыдзæн кæрон.
Ныр та уал айсон
ме ‘нкъарæнты хордзен,
ныр та уал ме ‘цæг дунемæ цæуон.