ЭТЮД
Зымæг æрцыд...
Чидæр аппæрста дунейыл йæ урс кæлмæрзæн,
цæмæй уад æмæ бæлæстæ ма амарой кæрæдзи...
Нæ, фæлæ кæд уаддым дæр фестади урс
Æмæ хæмпус митæй бафынæй бæлæстыл,
адджын фын – йæ хай...
Æви фыццаг мит,
ФЫЦЦАГ УАРЗТАУ,
кæлæнгæнгæ рацыд арвы æнæбын галуанæй
Æмæ дун-дуне фестад йæ цагъар...