САУ ЗУМÆГ
Хори гъар нæма ’й кунæг,
уорс уæриккау, æнæхийнæ ’й.
Фæссидзмудз кодта зумæг
ма фæззæги искусийнæ ’й.
Нæма гъавуй нур дæнттæй
аразунмæ ехин нæдтæ,
нæма гъазуй бурдæнтæй! –
Ци ма ин уа кæнуйнæгтæ?
Кæд фæззæг ин нæ фæцæй
æ дарæстæ карст курмæги,
’ма байзадæй хæбæццæй,
нæ — фæззæги, нæ — зумæги.