ИЛАС ÆРНИГОНИ
МЕДХЪУРДОХæН
Æхгæнуй мин мæ хъуртæ æрхун,
рæхуайуй мин мæ уод æ циргъæй.
Ниуазуй мин мæ тог,
мæ зæрдæ мин хуæруй
и æрхунти æрхун-хъæрццигъа.
Гæр, æдта, ескæцæй ниви хай
уорс пъæсту турусайау æрцо.
Ниммæ уадзæ, фæсмони цæрддзо!..
Иристонмæ! Нæхемæ!
Оххай...
Лæгæвзарæн дуйней мæ къæсæр
агоргæ ‘ма нæ ергæ иссæй...
Сау æндаргау тæхуй кумæдæр...
Кæд уодзæй?..