МÆГУЫРЫ ХЪАРÆГ
“Адæмæн сæ рæсугъд уæттæ
Хъармæй, райдзастæй лæууынц...”
Къоста
Гæдыйæн, дам, йæ къах цыбыр у,
мæгуырæн та – йæ къух...
Гæдыйæн – арвы онг йæ быру,
мæгуыры ныв – кæркдугъ...
Гæды æфтъæры галы сгуытæ,
мæгуыр, ды та йæм кæс!..
Гæдыйæн – итувæрд мæсгуытæ,
мæгуырæн та – кæвдæс...
Гæдыйæн фезмæлæд йæ рихи,–
йæ бæллицтæ – æххæст...
Гæвзыкк мæгуыр лæгыл ныййичъи,
нæ дзы ‘фсæды йæ цæст...
Гæдыйы къах йæ къухау даргъ у,
цы-фæнды уа, уæддæр...
Мæгуыр нæ атондзæн йæ агъуд –
у додоййаг йæ сæр!..