УД
Уд йæхицæй дæр фæлмæцы,
суанг йæхицæй дæр тæрсы,–
куы йæ цæстытыл ныххæцы,
куы хæлиудзыхæй кæсы.
Алкæд райдзастæй нæ зары,
арæх сау туджы мæцы,–
куы йæхионыл æндзары,
куы йæхи арты фыцы.
Удмæ дунейы рыст хъары,
хъыг йæ къæсæрыл лæууы,–
уæд кæуынхъæлæсæй зары,
уæд йæ фырцинæй кæуы.
Уд йæ царды ныв æлгъиты,
арæх маст кæны уæгъды,–
уæд йæ дунейы хæс фиды,
уæд йæ хæсджынтыл хæты.
Уд фыд-хъизæмар æвзары,
уд лæгъз фæндагыл кæлы,–
куы йæхи æмбæхсы тары,
куы мæйрухсмæ дæр бæллы,
Фæлæ уд хæрæгау кусы,
“Цæй, цы-ма кæнон?”– зæгъы,–
уæд йæ миддунемæ хъусы,
уæд дзæнгæрджытæй цæгъды.