ДЗАГ РИФТАГ
Бур сыфтæр, цъæх сыфтæр,
рагуалдзæг, фæззæг...
Дзаг куы уа йæ рифтаг,–
зары зæдау лæг:
Стыр Хуыцауæн – табу!
Йе уазæг – мæ сæр!
Бинонтæн та абон
радта цæхх, къæбæр.
Бинонты та арфдæр
бацыд цинтæ, ныфс...
Афтæ гъе, æн‘ арфæ
макуы уадз æххуыс!
Ма дæ ‘лвасæд сау мæр,
хызт фæу рынтæй,–
кув, мæ хур, Хуыцаумæ,
кув зæрдæбынæй!..
Боны ‘хсæв куы ива,–
арвырдæм ыскæс.
Стъалытæйдзаг рифтаг
рог уддзæфау хæсс!
Акæ рог цыд, хъал цыд,
райдзаст у, бæрзау!
Авæрдзæн дын алцы
Стыр иунæг Хуыцау.
Кув æрмæст, цы феста
уды рифтаг дзаг! –
Гъе, уæд уыдзæн, де ‘стæн,
цæхх, къæбæр дæр фаг!..
Бур сыфтæр, цъæх сыфтæр,
рагуалдзæг, фæззæг...
Дзаг та у йæ рифтаг,–
Æмæ зары лæг.