МЫГГАДЖЫ МÆСЫГ
Фыдлæджы кард, дам, кæрддзæмы нæ лæууы,
фыдæлты фарн та мæрдтæм нæ цæуы.
Хъæриуы хох нæм зыны изæрмæ,
мыггаджы мæсыг – Цымытийы сæрмæ.
Сусæны мæймæ цæуы цыргъисæн,–
мыггаджы фарнæн мæсыг æвдисæн.
Гъей, куы бадзуры Мамыкъ Мамыхъмæ:
«Мæ хорз æфсымæр, ызнаг нæ ныхмæ
куы ‘рлæууы, уæд ын сæттын нæ комæм,–
цæй, кад та скæнæм Куырттаты комæн!
Æлдары фырттæ бырсынц тыхмимæ,
хъæддых фæлæууæм нæ дыууæ иумæ.
Æмцæф ныккæнæм, мæ сахъ æфсымæр!
...æрцыд уæлахиз!.. Ныр та уал сæвæр
хъæугæ рæстæгмæ нæ цирхъ, нæ хъама,–
бæрзонд фæцæуа нæ мæсыг хъуамæ!»
æмæ фæцыди, лæууы ныр дæр ма,
кæстæрты фарнæй æнæном ма уа.
Йæ дур нæ кæлы, йæ фарн нæ сæфы,
кæстæрты зæрдæ йæхимæ скъæфы.
Гъей, Мамыкъатæ,
гъей, Мамыхъатæ,
нæ мæсыг махмæ куы сиды, хаты,
Æрцыди афон æнусты сæрты,–
Хуыцаумæ скувут æмзонд-æмзæрдæй,
оммен ныккæнут хистæр-кæстæрæй
Æмæ фыдæлтау хъæрæй ныззарут,
нæсæттон феста уæ зонд, уæ хъару!
Фыдгулы кард, дам, кæрддзæмы нæ лæууы,–
фыдæлты фарн та мæрдтæм нæ цæуы.