БОНИВАЙÆН
Дзедзырой кæны
арвы рухсгæнгæ æндары
Бонвæрнон...
Ныртæккæ йæ
зæлдаг ехс-тынæй
хур
кæлæнгæнæгау æркъуырдзæн,–
Æмæ уæлдæр дунетæн райдайдзæн сæ фын...
Къæдзилджын стъалытæ, сыгъзæринбарц кæсæгтау,
нæ кæндзысты цъыллинджытæ...
Кæфахсæн бæлæгъау,
нæ кæндзæн бурдзалыг мæй ленк
Æгæрон арвы малы...
Мæ сагъæстæ,
кæфахсджытау,
сæ хыз нæ аппардзысты мæй-бæлæгъæй малмæ,
цæмæй æрцахсой исты...
кæнæ ницы...
Фæлæ
зæрватыччы цъыбар-цъыбурæн
хур
зæрин тынтæй æмдзæгъдгæнгæ ыссæуы...