ЗÆХХОН ЦИН
Мæ зæрдæйыл ныффæлдæхти фæндыр,
тæлтæг риуыл ныттынг ысты йæ тæнтæ.
Ныггуыпп ластой мæ сонт уды кæлæнтæ,
сæ азарæй æгас дуне ныммыр...
æваст куы ссыд хъæр-ахст æмæ мыр-мыр,
Æгæрон фæзтыл раивылд мелоди.
Æртахти мæм æрвон æфсургъ. Фæсонт и,–
Æрцахстон ын йæ цæссыджы зыр-зыр.
Йæ цæссыджы – зæххон цин æмæ дис,
нæртон барæг ын бавнæлдта йæ барцмæ:
Тæхæм уæлмонцон зæрдæты гуыпп-артмæ.
Цæрыны ныфсæй ма зонæм æфсис!
Бæлццон дзыллæтæ банкъуысой нæ зардмæ
æмæ тырной æвæлмæцгæйæ цардмæ!