КЪОСТАЙÆН
Нæй уды фарнæн басудзæн, йе рафтæн,
нæй рафтыд-сихсыд дзаг армæн, гъай-гъай!
Нæй алидзæн дæхи удæй тæргай,
куы лидзай, уæд дæ миддунемæ – арфдæр.
Рыст æвзаргæ, фыдвæндæгтыл фæхаттæ,
уæддæр дæ балц – фæцу æмæ æрцу.
Дæ уды хъыг зынг-цæссыджы къæрцц у
дзæнхъа дурыл кæд де ‘фсургъы цæфхадæн.
æрыздæхтæ фыды уæзæгмæ дардæй,
дæ буарæй кæд рынчындæр уыд дæ уд,–
нæ хæхты маст дын ахæм уæззау уыд,
Æмæ тыдта дæ рыст зæрдæ бындзарæй.
Уæддæр уыдтæ ныфсы мæсыг мæйдары,
дæ хъарджытæй цыд рухсы тых, Къоста,–
Æмæ йæ дзыллæ дойныйæн нызта...
Уæдæй нæ хæхтæн не ‘рмынæг сæ зарын.
“Ирон фæндыр”, æрцæуæд ныл дæ арфæ:
сæрсæфæнмæ куыд нæ бырсæм куырмæй,
Æдзух цы бæллæм – макуы уа цæмæй
Къостайы фарнæн басудзæн, йе – рафтæн!