КЪОСТАЙЫ ФÆЗМГÆЙÆ
1. КУЫВД
Ныббар мын, Чырысти, мæ зæрдæ
кæй уыди дæлимоны хай,
кæй хостон фыдохы къæсæртæ,
кæй лыгътæн Дæ уындæй тæргай!
Ды басыгътай арты мæ сау рын,
Дæ уæхсджытæм систай мæ хæс...
Дæ кадæн мæ сахуыр кæ зарын,
ыскæ мæ Дæ фарнæй æххæст!
2. САГЪæС
Нæ удыл хæцæг –
Сыгъдæг Чырысти
Йæ Фыды уæзæг
ныууагъта, ‘рхызти
Сыгъдæг уæларвæй
нæ тар дунемæ,–
Йæ Фыды фарн Уый
æрхаста Йемæ,–
Зæхмæдзыд адæм
цы нæ уой гоби,
Хуыцауы кадæй
куыд нæ уой хъоды,
Цы здахой се ‘ргом,
сæ цæст уæлæрвтæм,
цы скæной иу бон
кæрон сæ сæфтæн.
Йесо – æназым –
ныккалдта Йæ туг,
цæмæй ныууадзæм
цагъайраджы дуг.