ДУУÆ АРТИ
Сæрдæй бабæй фæдтæн æнæ хай...
нæбал еруй мæ уод фагæ дзурдтæ...
О фæззæг, ци мин кæнис, зæгъай?–
Сифтæртау ми кæлуй цæстисугтæ...
Хори тунтæй æнцæ цæттæ ‘ндзарст,
уæддæр ма сæбæл зинг æфтаунцæ,–
бор сифтæртæй тæхуй сор цъæхахст,
дууæ арти сæ уодтæ хаунцæ...
Цъæх æрвгон, сах кæсгæй, нигъгъос уй,
кæд æ рохс сæ артбæл æрфестæг уй,
гъар уадусмæ сæ хъуæцæ уозуй,
форди уолæнти хъуæцæ смедæг уй...
Гъе уой хузæн, ка ‘рцæуй тугъдæй,
уобæл ма къæл-къæлæй фæхходунцæ,
тугъдон зингити кæд ниссугъдæй,
уæддæр ма ‘й кедæр цъухтæ содзунцæ...