* * *
Æрцыдтæн дæм, мæ сабидуг, æрцыдтæн,
рæстæджы тар мигъ айгæрста хъуыды...
Дæ цæстыты цæхæр кæны къæрццытæ,
сæпп-сæпп кæныс дæ уисын бæхыл ды...
Дæ фæдыл рыг уылæнтæгæнгæ сысты,
мæ сæнтты нау сыл ленкгæнгæ тæхдзæн,
дæ кæл-кæлы маякы рухс хæссыс ды,
мæ сабидуг, мæнæн.
Цæуын дæ фæдыл, ссыгътай мæ, æртхурон,
Æмæ мæ зæрдæ байдзаг и ныфсæй!...
Фæлæу, мæ хур,
фæкæлдзынæ,
фæуром!..
Куыннæ ыстæй...