ЗИЛГÆУАД
Цæй, цы радтай де знæт уд,
зилгæуад, мæнæн!
Ме ‘нцой мын кæдæм хæссут,
рог сæнттæ, кæдæм?
‘Хсæвæй-бонæй, сау катай,
зæрдæмæ – дæ каст.
Рагон хъæдгом сагайдтай,–
райгас и мæ уарзт.
Туг æхсиды, арауы,
абухы, фыцы.
Ивгъуыд бонты аргъау мын
зилгæуад хæссы.