МÆ ФЫДÆН
70 азы бонмæ
Нæ фыдæлтæ сæ царддæргъы цы дзауматæ æмæ мигæнæнтæй архайдтой, уыдон Мамыкъаты Джеуæрджыйы руаджы рæстæджы фæлмы нæ аныгъуылдысты. Йæ конд дзауматæн сæ фылдæр хай лæвæрд æрцыд нæ республикæйы бæстæзонæн музеймæ.
Царды тар хъæд у æгæндæг,
уд дзы алырдæм æфты...
Хъуамæ суыдаис нывгæнæг,–
фæлæ... хистæр уыдтæ ды...
Хистæр лæг! – дæ зæронд мад дæм
афтæ монауæй дзырдта,
Æмæ къонайыл кæм бадтæ?! –
Цард дæ саугуыстмæ сырдта.
Хосдзау лæг, хъæддзау, хуымгæнæг,
уæд фыййæуттимæ... Хъызлар...
Цал дзабыруафсы ыстæнæг
кодта рохст фæндæгты тар?!.
Чи, кæд базыдта сæ аргъ та
царды хъизæмæрттæн уæд? –
Де ‘рвгъуыз цæстыты ныууагъта
уадтымыгъты ехс йæ фæд.
Тухитæ, мæ фыд Джеуæрджы,
митау сурс кодтой дæ сæр,
фæлæ никуы уыд уынгæджы
кæд дæ арт-зæрдæ уæддæр...
Азтæ – байрæгтау – фыр тæлтæг,
нæй сыл баппарæн дзылар...
Æмæ раг-бонты нывгæнæг
ногæй бахоста дæ дуар...
Ныр, дæ цардизæр фæлладæй
кæрты йе ‘фсургъæй куы ‘рхызт,–
ардуан, сарт, фæрæтæй, кардæй
райдыдта дæ уарзон куыст:
Галуæрдон, куырой, цыхтахсæн,
тæскъ, арахъуадзæн, къуыстил,
адæг, хорласæн, хъæдласæн,
къуту, хъалац, уидыг, цъил...
Де ‘взагæй ысдзырдтой уисхъæд,
цым, сывылдз, акъаци, кæрз...
Фарн дæ дзауматы æрфистæг –
де ‘взонг арт-уды æнгæс...
Уый, цы зынг сыгъди дæ уды
бирæ афæдзты куырмæй,–
ныр дæ конд дзауматæй худы,
Æмæ йын æрмынæг нæй.