МÆ МАДМÆ
Мæ тарф фыны бæрзонд хохыл цæргæс
ысхойы мæн æмæ фæцудын ихыл,
æрзæбул вæййын сæрсæфæны тигъыл,
дæ цæссыгау, æрхауынæввонг æз.
Фæлæ мæ ды нæ бауадзыс æрхауын,
дæ уарзондзинад сагайы мæ ныфс;
мæ хъаруйæн мын ахæм тых дæттыс,
æмæ цæргæсау арвы цъæх ысхъауын...
Кæддæры ихæрцыд, цыма, æрхæст
мæныл, æмæ мæм ды, мæ мад, фæзындтæ...
Ыстыр Хуыцау дын фесафæд дæ зынтæ,
дæ хилты урс, дæ цæсгомы æнцъылдтæ,
æмæ уынæд рæсугъд бонтæ дæ цæст!