ФУН
Десæ-месæ уæд сор-серæ...
Малити Г.
Тумбул мæйæ – арви зæрдæ,
гъар уадусмау – дæ лигъз дзурд,
æстъалугин гъар изæртæ
ниуазтонцæ нæ идзулд...
Бадун бабæй гъар авари,
ду мæ сæнтти æртæхис.
Мæ рахес гъоси ци зари,
мæ галеуи ци зæгъис?..
Тæходуй, дæу-ма иссерæ,
низзаринæ зæрдидзаг,
фæхходинæ уотæ берæ,
‘ма фæууинæ кæуйнаг...