* * *
Гибизти Оскарæн
Итигъд адтæй алкæд
дæ зæрдæн æ рохс дуар,–
ниууагътай ду арф фæд
нæ йарф зæрди, Оскар...
Нивæгонд дин – æрдзæй
æмдзæвгити рохс къуар...
Царди уордæг фæцæй
нур де згули, Оскар.
Царди уордæг цæрис,–
лæдæрæн дæ рохс гъар:
исафис нæ сæррист,
нæ зæрдинез, Оскар.
Бахуастай мæрдти дуар –
æнæбари уосгор,–
фал кæнис цæрдти зар
цæрдти хæццæ, Оскар.
Дæ сонтæн – æ къæрцгъос,
дæ бæхæн – æ хуар-хуар,
дæ уодæн – æ кæдзос,
дæ зæрдæн – æ хæлар –
Ауоддзæнцæ махбæл,
æрхæсгæй дæ уорс зар,–
зардзинан æй мах дæр,
нæ хуарз лимæн, Оскар!..