СКУВ-ИУ
Арвæй мæм чидæр æрхаты:
рог уа дæ рифтаг, уæззау,–
скув-иу, бæрæгбон уа, къаты:
«Табу Дæхицæн, Хуыцау!»
Тавæд дæ хурæн йæ тæмæн,
ехсæй дæ ‘рвæрттывд нæмæд,–
скув-иу Хуыцаумæ, æнæмæнг:
«Табу Дæхицæн фæуæд!»
Цин кæны зæрдæ, фæрысти,
къæхтыл лæууыс æви хъен,–
скув: «Фыд, Сыгъдæг Уд, Чырысти,
табу Дæхицæн! Аммен!»