ЧЫРЫСТИЙЫ МÆЛÆТ
Цæмæй лæгæн тæригъæдтæ æнад фой,
Сыгъдæг Чырысти Арвæй зæхмæ ‘рхызт,–
фæлæ Йæ адæм флагрумæй фæнадтой,
ыстæй Йын дзуарыл байтыгътой Йæ рыст.
– Хуыцау Дæ кæд, æрхиз Дæхæдæг дзуарæй! –
Æхстой Йыл, дуртау, хъал ныхæсты тутт...
Йæ былтыл сдардтой доны хуыппæн дзмари,
Æмæ рыст Буарæй ахицæн рыст Уд...
Нызмæлыд зæхх...
Фæудаист и арв дæр...
Фыдгул йæ арц ысфæрæзта уæддæр:
ныррæхуыста Йæ фарс Йесойы Мардæн,
ныццарыдта «уæлахиздзауы» хъæр...
Нæ галиу зыдта уый, нæдæр уæд рахиз,
куырмы фæндаг у тар æмæ æвæд...
Нæ зыдта уый,
Йесо кæй у Уæлахиз,–
кæй батыдта Йæ мæлæтæй мæлæт!