МÆЙЫ СОНАТÆ
Арв сывæллонау у кæуаг,
арв сывæллонау худаг у,–
мæй, бæгъæмсар Сырдонау, фæуад
арвгæрæтты йæ худ агур.
‘Фтауы стъалыты дисы мæй,–
хъазгæмхасæн æй афæрсынц:
«Оххай, не ‘рвад, тыхсыс цæмæй,
йе дæ рухс цæсты цавæр сындз?..»
Мæй ныссабыр, ныхъхъус и, хуыссы,
фæскъуылдыммæ фæзилы.
Ирд кометæ йын уадымс хæссы
кæд æрфæны къæдзилау.
Кæд йæ хъынцъым, йæ хъизæмар кæд
йе ‘ккой фæсрагъмæ фæтулы...
Нæ фæлæ фестад Мукарайы кард,
...æмæ мæ фынтæ – æрду-лыг...