СОНЕТ МÆГУРГОРБÆЛ
Кæсуй еу лæг къахнадмæ æнидзулд,
дæтгæй æ уод алкæмæн, æ лигъз дзурд.
Йе ‘рфгути æринцадæй кирси уæзæ,–
тæходуйтæ, уой зæрдæмæ никкæсæ!
Лæууй, фал ибæл дзиллæ евгъуйунцæ...
Майдантæ реугудурбæл нæ цæунцæ,–
æ ходæ дæр къæхти бун нæй афтед –
тæдзуй имæ цæсгоми ‘нхъирттæй хед...
æ доги нæ басастæй тугъдæн дæр,–
æ зæрдæ нур нийдайуй нидæн гъæр,
фурристæй æ уæргутæ фæттасунцæ –
тугъдон цæфтæ ‘й асæги æлвасунцæ...
Уæддæр кæнуй æфсæрми, нæ бадуй,–
æ хъаурæ кæд майдантæй æфсадуй.