ЗЫМÆГ
Хæхтæ митæй нал зынынц,
фестад их-арц назы фындз,–
ахуынкъ кодта арв-цатыр,
хуынкъæй згъæлынц царциатæ.
Дымгæ хуынчъы ‘рбырыди,
къæдзæхтæ йæ аскъуыдтой!
Уый фæдыл æмыр куыдæй
мит-тъыфылтæ цас куыдтой!
Хæхтæн залты урс цæссыг
бацавта сæ уд цъæсты...
Æмæ митæй нал зынынц,
Фестад их-арц назы фындз.