ÆГЪУССÆГ
æгъуссæг æрбагъузтæй мæ дуармæ,
æнæхуайгæй къæсæрбæл хезуй...
Мæ уæлгъос сойдзирагъау хебари
æ кæддæри аргъау имисуй.
æз ‘дзинæг игъосун фæрсæнцойнæй,
æ рæусæнттæн исдæн цагъайраг.
æгъуссæг – мæ хъурдохи куройнæ,
мæ хъурдох ба уомæн – æ хуайраг.
Кæд фæууодзæй, цума, кæд æрхусдзæй,
кæд батондзæй уой тонх изæрдар...
Кæд, миййаг, хори арци рæхустæй
æрцæудзæй сæувæндæгтæбæл тард...