* * *
Тыхджын у уарзт, фæлæ йæ зæрдæ
Æмбæхсы алы уысм кæмæйдæр,
Æмæ, æнæбын арфы ‘вæрдæй
нымайы бонтæ æмæ мæйтæ.
Кæсы æппынæдзух æнхъæлмæ,
ныххойы зæрдæйæн йæ къултæ,
фæлæ йæ фæндагыл цæхгæрмæ
мæ зæрдæ авæры цæлхдуртæ.
æрхъæцмæ уарзоныл нæ хъæцы,
Æмæ æдзух йæхимæ хъусы,
Æмæ та ног йæхиуыл схæцы,
фæлæ та ‘рхауы æмæ судзы.