* * *
Мæ хъомыс сау пъæззы æмбæрзы,
нæу тар зæрин хуры æнгæс,–
хуыдзарм æвдиуæн дæр нæ бæззы,
уыджы хъуыр-хъуырæн та – цæргæс.
Фæлидзы хурзæрин, сæгуытау,
фæсхох ын рухс тынтæй – лыстæн...
Къæдзæхтæ, раг-дугты мæсгуытау,
хæссынц сæнары рухс мæнæн.