* * *
Фæззыгон бон, зæронд мæра бæлас...
æнкъард монцтæ йæм ивазынц мæ сагъæс...
Тæхуды, мæ йын йе ‘рхæм сæнттæ бакæс,–
дæ зæрдæмæ сæ мин цæдæй фæлас...
Йæ зæрдæйы æрвæрттывдау ныххау,–
куыд сабухой йæ сау хъыгтæ, йæ цинтæ,
куыд ныттынг уой йæ мæллæг тугдадзинтæ,–
нырау куыд нал уа цардмондаг, тæнхауд.