ÆНÆНОМ ИНГÆНЫ УÆЛХЪУС
Дæу чи зоны Хуыцау йеддæмæ, чи?..
Дæ обауæй бæрзы сыфтæрыл залым
фæцæйлидзы. Йæ хин цæсты ыстъалы
цæссыгæфсон ыссыгъд æмæ фæци...
Йæ сау ми та, æвæццæгæн, нæ бантыст
дæлимонæн: дæ уд ын нæу уæййаг.
Йæ быцъынæг тыдта, бецау, хæрзаг,
фæлæ йæм ды дæ рухс æргом нæ хатыс.
Дæуæн æрмæст Хуыцаумæ у дæ каст,
Хуыцауы рухс та узæлы дæ рухсыл.
Йæ уаз ныхас ныдзæвдзæни дæ хъусыл:
“Кæндзынæн дæ тæрхоны бон æгас.
Ныр та уал хуысс дæ рæстæгмæ хæдзары...
Ныр та уал хъус, бæрз бæлас дын куыд зары,
ыстæй – дæ сæрмæ – стъалыджын къуырфау...”
Табу Дæхицæн – Не Скæнæг – Хуыцау!