logo

М О Я    О С Е Т И Я



СУРÆТ


Сурæт... Ацы зæдæнгæс
сылгоймаджы мын Хуыцау уæларвæй мадымадæн
æрæрвыста... «Хуыцауыл æууæнд», зæгъгæ, фыццаг

хатт уымæй фехъуыстон, мæхи æмбарынхъом куы


фæдæн, уæд. Уæд æй нæма æмбæрстон, дзæвгар


фæстæдæр йæ ныхæстæ мæ зæрдæйы арф кæй


ныххиздзысты, уый. æвæццæгæн мыл йе ‘цæг


дунейæ ардæм уæдæй нырмæ æвæллайгæйæ


хæрзаудæн кæны, æмæ йæ æз та нырма ныр æмбарын райдыдтон, Хуыцауыл æууæндын цы


егъау, цы диссаджы лæвар у, уый.

Дæ ныхас дардæй азæлы мæ хъусты,
йæ хъарм сæтты зæрдæйы къæйдур кæд,–
Æртæхы мæм рæувад фидиуæг – рухс тын,
Æрхæссы мын дæ курдиат, Сурæт:

æууæнд Хуыцауыл, кæ Хуыцауæн табу,
Хуыцауæн дзур дæ цин æмæ дæ зын.
Хуыцауы дзырд дæ хъысмæтæн йæ апп у,
Чырысти та – Сырх Сæн æмæ Кæрдзын.

Чырысти у æрвон бындур дæ цардæн,
Уый – царддæттæг – дæумæ дары Йæ къух,
дæуæн дзæнæты срæвдз кодта хæдзар дæр,
рæсугъд æй дары де ссыдмæ æдзух.

Дæлимон дæу дæлджинæгмæ ысхойæд,
ды ма фæцуд, йе ма басгуых тæппуд,–
мæ хуры хай, Уæлахиздзау Йесойæн
ыснывонд кæн дæ цард æмæ дæ уд!..

...Сурæт, мæ цæстыл ауайы дæ сурæт,
дæ мидбылхудт, дæ цæстыты ныхас.
Хуыцау дæ цурæй мигъы къæм дæр сурæд,
дæ фынгыл та æрæвæрæд мæ уарзт.

Зæрдæйы кæлæнгæнæг сонатæ
Сыгъдæг сыфы монолог
Рахауд бæласæй сыфтæр
Фæстаг рындз
Этюд
Дзаг рифтаг
Зымæг
Мæ фыдæн
Æфстау зынгæй нæ судзы пецы арт
Зилгæуад
Хъодзаты æхсарæн
Мæгуыргуры худ
Мæгуыры хъарæг
Фæтæхынц хърихъуппытæ
Мыггаджы мæсыг
Ныууагътай ды нæ хохбæсты дæ къæс
Мæйы сонатæ
Æнахуыр  фын
Челейы  ардуан
Æнæбары рæнхъытæ
Куырм лæг
Сау Фурды былгæрон
Тыхджын у уарзт, фæлæ йæ зæрдæ
Фæвæййы сæрд, хъуызгæ фæцæуы
Сонет
Фæззыгон бон, зæронд мæра бæлас...
Къостайæн
Вертеры фæстаг фыстæг  йæ уарзонмæ
Чырыстийы мæлæт
Скув-иу
Чырысти райгас
Æрвон рухс
Чырыстимæ æрцу
Зæххон цин
Хаджеты Таймуразæн
Мæ сагъæстæ
Сæрд
Л-йæн
Зарæг
æрæгвæззæг
Мæ хъомыс сау пъæззы æмбæрзы
Хъынцъым
Мæ мадмæ
Сурæт
У арв поэзийы хæдзар
Æрцыдтæн дæм, мæ сабидуг, æрцыдтæн
Уд
Æнæном ингæны уæлхъус
Бонивайæн
Къостайы фæзмгæйæ
Поэт æма дуйне
Илас æрнигони
Ниуазтан кæрæдзей уарзт зудæй
Аргъау
Дæ цæстити гъар
Ме ‘рхунти бæласæ
Æртивæрæй федунмæ дæ зинтæ
Æрхун
Сурх-Дигори
Тар æхсæвæ...
Æмæ æнхъæлмæ кæсынæй уæлдай
У дæ фарн кæуылты
Дууæ цардей астæу
Мæ гъуди
Æрфæни  фæд
Кæдмæ?
Сау  зумæг
Зæронд куй
Зумæг
Нæ дæн поэт!
Гобети цæраййæн
Рæстæг æма дуйне
Нæ фæлледзуй хор фæстæмæ ...
Л-æн
Уардта, уардта къибилатæй
Зæрди нези едæгти инсойнæ
Поэти монологи
Мæ Сонтадæ
Гибизти Оскарæн
Уалдзæг
Цал надей фæсте цæуис
Цъæх ма йæй мæ исони сау зин
Фунивайæн
Ниццæйсугъдæй мæ гъудий арт
Уарзти цадæ
Хулуй сог нæ цæфсдзæй æхе барæй
æртудта мæ гъудий къубулойнæ
Сонет мæгургорбæл
Ристи нивæ
Нæ цæуис мæ зæрдæмæ...
Нарти кадæнгитæ кæсгæй
Дигоргоми
Скъæвди зар
æгъуссæг
Зæронд лæги сагъæстæ
Фæззæг
Еу поэтæн
Дууæ арти
Фун
Сахуаруни размæ
Мæ бæлдити куройнæ
Мæ рæуфунтæ
Этюд
Арæхсуй синхи бадти Сирдон
Басилти зар
Фæззигон гъудитæ
Хори тунæ...
Зумæги хузтæй
Тæлмацтæ
Казбек Мамукаев - на русском языке