* * *
Ныууагътай ды нæ хохбæсты дæ къæс,
тыгъд быдырмæ дæ рахуыдта дыдзы хур,
дæ фидæнмæбалц рог нæ уыд, Сырх-Дыгур,
уæддæр фыдæлты фарнæй дæ æххæст.
Дæ фæрнджын риуыл байрæзтæн æз дæр,
мæ уисын бæх дæ рыг фæндæгтыл рафтыд,
фæлæ мæ удæн йе стыр ныфс – дæ рæвдыд,
дæ баузæлд, мæ райгуырæн къæсæр...
Фæласта азтæ ивгъуыды уæрдон,
фæлæ истори, таурæгътæ, цырты дур
цæудзысты демæ хъузæттау, Сырх-Дыгур,
дæ кады зарæг айхъуысдзæн – нæртон.
Бæрзонд сидт-иу дæ куырыхон зæгъдзæн,
оммен кæндзысты арт зæрдæ кæстæртæ,
æркъул кæндзысты чындзытæ сæ сæртæ,
бæгæны, Теркау, хъалацтæм кæлдзæн.
Мыййаг, мæнмæ дæр авæрдзысты уæд
дæ куывды фынгыл иу нуазæн – цыты мур,–
зæгъдзынæн уæд: мæ ныллæг уд, Сырх-Дыгур,
дæ нуазæны бæрзонды аккаг уæд!