Л-æн
Ходæзмолæ уæд дæ цæсти,
исесæд дæ рист æ сау,
маст евгъуйæд дæ еувæрсти,
фæццæйледзæд тæрхъосау.
Цифуддæр фунтау, тæходуй,
ци ратайа дæ катай.
Дæ еугур зинтæ – мæ уоди,
мæ еугур цийнæ – дæ хай.
Ниви хор кæсæд де ‘нгасæй,
дæ нифсæн ма уæд сæттæн,–
дæ дзиккобæл рацæйгъазæд
хори тунти сæрбæттæн.