logo

М О Я    О С Е Т И Я



НАРТЫ КАДДЖЫТÆ — ИРОН АДÆМЫ КУЛЬТУРОН ХÆЗНА


Ирон адæмы эпос — нарты кадджытæ — фæзындысты тынг раджы; куыд раджы фæзындысты, уый зын сбæлвырдгæнæн у.
Нарты кадджыты сфæлдисæг ирон адæм рагæй æрæгмæ дæр тынг æнувыд уыдысты сæ эпосыл; адæм сæ кадджыты мидæг бавæрдтой сæ хорздзинæдтæ, сæ бæллиц, незамантæй нырмæ сæ рæсугъд историон фæндагыл сæ зæрдæйы чи уыд, уыдон æппæт дæр. Гъе уымæ гæсгæ афтæ диссаджы рæсугъдæй æвдисынц нарты кадджытæ, ирон адæммæ хорздзинадæй цыдæриддæр ис, уыдон, æппæты фыццаг та райгуырæн бæстæйыл æмæ йæ адæмтыл æнувыддзииад, знæгтимæ хæцгæйæ æхсар æмæ хъæбатырдзинад. Нарты кадджытæ æвдисынц растдзинад, æнæсайддзинад, сæрибардзинад уарзын, хисдæрæн кад кæнын æмæ сылгоймæгтæн æгъдау дæгтын. Нарты кадджытæ тынг карзæй лæууынц мæнгуырнындзинады ныхмæ: нарт кæддæриддæр тох кæнынц дæлзæххонтимæ æмæ уæларвонтимæ — зæдтæ-дауджытимæ æмæ æндæртимæ.
Уыцы рæстмæвæрд хорздзинæдтæ, айгъай, тынг бæрзонд бынаты æвæрынц нарты кадджыты аивад-литературон ахадындзинад.
Нарты кадджыты сфæлдыстой ирон адæм æмæ сæ бахъахъæнæг дæр уыдысты ирон адæм сæхæдæг. Уымæ гæсгæ кадджыты геройты зондахаст дæр у ирон дзыллæты зондахаст.
Нарты эпосы сæйрагдæр хорздзинад у йæ бындурон хъуыды: адæмы иудзинад æмæ адæмы фарн. Нарты адæм хъæбатырдзинад æвдыстой сæхи уды тыххæй нæ, фæлæ сæ адæмы тыххæй, сæ райгуырæн бæстæйы тыххæй, сæ бæстæ бахъахъæныны тыххæй.
Тынг арф сты нарты кадджыты уидæгтæ ирон адæмы 'хсæн. æрмæст ныр нæ, фæлæ ирон адæм кæсын-фыссын куы нæма зыдтой, уæддæр нарты кадджытæ буц уыдысты алы ирон хæдзары дæр; уыдон минтай азты дæргъы стыр хæзнайы хуызæн хъахъæд цыдысты æмæ сæ иу фæлтæр лæвæрдта иннæ фæлтæрмæ.
Ирыстоны ахæм хъæу нæ разындзæн, æмæ иу цалдæр кадæггæнæджы кæм нæ уа. Уыдон кæддæриддæр, стыр уарзондзинадимæ, æмбырдты, куывдты æмæ æндæр рæтты адæмæн дзырдтой кæнæ та фæндырæй цæгъдгæйæ, зарыдысты æмæ зарынц нарты кадджытæ. Гъе уымæ гæсгæ нарты кадджытæ махмæ æрхæццæ сты дыууæ хуызы: прозæйæ æмæ стихтæй.
Адæмы кадæггæнджытæ, феодалон цардæвæрды, уый фæстæ капиталистон дуджы, зын уавæрты мидæг, тынг зæрдиагæй хæлиу кодтой ирон дзыллæты 'хсæн сæ адæмы диссаджы зынаргъ æмæ айв сфæлдыстад—нарты кадджытæ.
Кадæггæнджытæн сæ фылдæр уыдысты æмæ сты ацæргæ лæгтæ. Кадæггæнджыты руаджы нарты кадджыты кой никуы æрмынæг, фæлæ хъуысти кæмдæриддæр, хъуысти тыхджын. Уыцы райгæ кадджытæ адæммæ сидтысты тохмæ — тыхгæнджыты ныхмæ æмæ уæларвон тыхты ныхмæ.
Кадæггæнджытæ тынг стыр хæс æххæст кодтой ирон адæмы раз. Уыдонæй бирæтæ, зæгъæм, Саулаты Дзæрæх, Зыгъуытаты Бибо æмæ иннæтæ уыдысты курдиатджын адæм, зæгъæн ис—стыр поэттæ, стыр фысджытæ, кæд ныры хуызæн сæ фыстытæ мыхуыры нæ цыдысты, уæддæр. Хъыгаг у, уыцы кадæггæнджыты куыст суанг ныронгмæ дæр кæй баззад рохуаты, ирон айв литературæйы 'рдыгæй дæр æмæ ирон наукой литературæйы 'рдыгæй дæр.
Уырысы зынгæ кадæггæнæг Аннæ Крюковайæн йæ кадджытæ чингуытæй куыд цæуынц, ахуыр сæ куыд цæнынц, раст афтæ æвæрд хъуамæ уа ирон адæмы кадæггæнджытæн сæ хуыздæртæ— сæ курдиатджындæрты хъуыддаг дæр.
А-фæстаг æнусты дæргъы нарты кадджытæ тынг бацаудыдтой ирон айв литературæйыл.
***
Нарты кадджыты зонынц æндæр адæмтæ дæр. Ирон адæмы эпос афтæ дæрдтыл кæй ахæлиу, уый йын æнæмæнг æвдисы йæ хорздзинад, аивадæй тынг бæрзонд æвæрд кæй у, уый дæр,  стæй, аннæмæй та, ирон адæм иннæ адæмтимæ йæ историон   фæндагыл баст кæй уыди æмæ ныр дæр кæй у, уый. Зæгъын   хъæуы,   нарты кадджытæ ирон адæмæн кæй сты сæрыстыр кæмæй    хъуамæ уой,  сæхицæй буц кæмæй хъуамæ уой, уыцы сфæлдыстад.
Нарты эпосмæ рагæй æрæгмæ дæр сæ цæстæнгас здæхтой бирæ наукон кусджытæ æмæ æнæуый ахуыргонд адæм дæр. Уымæн та æвдисæн у уый, æмæ нæм нарты кадджыты тыххæй фыстытæ æрхæццæ иу цасдæр, наукон кусджытæ кæнæ æнæуый лæгтæ, ирæттæ дæр æмæ уырыссæгтæ дæр, кæй ныффыстой, ахæмтæ.
Дзырдæн зæгъгæйæ, бæрæг сты уырыссаг академик В. Миллеры куыстытæ, Лавров æмæ æндæрты куыстытæ нарты эпосы тыххæй. Цорæйы-фырт, Санайы фырттæ дыууæ æфсымæрæй, Хъайтмазты Аслæмырзæ æмæ æнд. сæ заманы журналты ныммыхуыр кодтой иугай кадджытæ.
Стыр Октябры социалистон революци 1917 азы кæрон скодта зæхджын æлдæртты æмæ капиталистты æлдариуæгдзинадæн, æмæ æрхаста сæрибар, цин æмæ амонд стыр Советон бæстæйы адæмтæ æппæтæн дæр, уыдонимæ ирон адæмæн дæр. æмæ æрмæст се суæгъды фæстæ ирон адæмæн сæ бон баци, стыр уырыссаг адæмы æфсымæрон æххуысы руаджы, большевикты партийы разамынды руаджы, æхсæнадон, сфæлдыстадон фæллоймæ, прогрессмæ, йæ хуыз национ кæмæн у, йæ апп социалистон, ахæм культурæ аразынмæ бавналын.
Большевик парти æмæ йе стыр раздзæуджытæ Ленин æмæ Сталины æххуысы фæрцы ирон адæмæн сæ къухы бафтыд се стыр бæллиц сæххæст кæнын—сæ культурон хæзна—нарты кадджытæ хицæн чиныгæй рауадзын.
Бирæ бакусын хъуыд ууыл. Бирæ специалисттæ, наукон кусджытæ, советон хицауады рæдау æххуысы руаджы тынг бирæ фембырд кодтой нарты кадджытæ, иу уагыл сæ æрæвæрдтой æмæ сæ афтæмæй бацæттæ кодтой мыхуырмæ. Цæгат Ирыстоны æК(б)П-йы Обком æмæ Адæмон Комиссарты Советы разамындæй уыцы стыр куыст кодта хицæн бригад. Бригады сæрдар уыди профессор Абайты Васо, бригады уæнггæ: наукой кусæг Багаты Никъала æмæ поэттæ Боциты Барон, Дзанайты Иван æмæ Епхиты Тæтæри. Зæгъын хъæуы, бригад тынг хорз кæй сæххæст кодта йæ кадджын хæс, уый. Уымæ гæсгæ 1946 азы мыхуыргонд æрцыд нарты кадджыты бындурон текст, прозæйæ. Уыцы' чиныджы рацыдæн йестыр ахадындзинад уый у, æмæ ирон адæмы нарты кадджытæ, куыд æмбæлд, афтæ кæрæдзиуыл бастæй, фæдфæдыл æвæрдæй рацыдысты хицæн чиныгæй. Уæлдæр куыд дзырдтам, афтæмæй уæды онг мыхуыргонд цыдысты æрмæст хицæн кадджытæ, ныр та сты фæд-фæдыл æвæрд æмæ баст сæ кæрæдзиимæ. Афтæмæй бынтон бæлвырдæй разынди кадджытæ иумæ æвæрдæй цæй бæрц стыр аивадон хæзна сты адæмæн, уый.
Ноджы бæрнондæр та уыди, нарты кадджыты æмдзæвгæты вариантыл цы куыст æрцыд, уый. Нарты кадджыты æмдзæвгæты барæнтæ рабæрæг кæныныл уæлдай æнувыдæй бакуыстой профессор Абайты Васо, поэт Дзанайты Иван æмæ иннæтæ.
Нарты кадджыты æмдзæвгæты варианты хицæндзинад у уый, æмæ сын кæй нæй рифмæтæ; алы стихы дæр ис 10—12 уæнджы, хаттæй-хатт та 13 уæнджы дæр; рæнхъы астæу цезурæ, алы æмдзæвгæйы рæнхъы æрдæгæн дæр йæхицæн ис хицæн æрцавд.
Ацы æмдзæвгæтæ, стæй иннæ æмдзæвгæты здæхтытæ дæр кадæггæнджытæ кæддæриддæр фæцæгъдынц хъисын  фæндырæй.
Нарты кадджыты, кадæггæнджыты зардмæ гæсгæ, ныффыстой Ирыстоны зынгæ поэттæ: Ардасенты Хадзыбатыр, Дзанайты Иван, Епхиты Тæтæри, Мамсыраты Дæбе æмæ Плиты Хадо. Чиныджы литературон редактортæ уыдысты Дзанайты Иван, Плиты Грис æмæ Брытъиаты Созырыхъо.
Кæд нарты кадджыты поэтикой   вариант  мыхуырмæ  бацæттæ кæнын уыди тынг зын куыст, уæддæр ранымад æмбæлттæ уыцы стыр падхзахадон хъуыддаг афойнадыл сæххæст кодтой биноныг æмæ раппæлинаг хорз.
Поэтапон вариантыл бирæ фæкуыста Нарты Комитеты редакцион къамис дæр: Абайты Васо, Ардасенты Хадзыбатыр, Брытъиаты Созырыхъо, Дзанайты Иван, Епхиты Тæтæри æмæ Мамсыраты Дæбе.
Нарты кадджыты хуымæтæг, æнцонæмбарæн æмæ афтæмæй æнæкæрон рæсугъд адæмон æвзаг, кадджытæн сæ мидис—уыдон сеппæт дæр сæ бынаты баззадысты поэтикой варианты. Ахæм рассугьд æмдзæвгæйæ фыст кадджытæ арф хъарынц адæймаджы зæрдæмæ.
***
Ирон адæм—стырæй, чысылæй,—бирæ уарзынц нарты геройты, уæлдайдæр та сæ сæйрагдæрты—Уырызмæджы, Сосланы, Батрадзы, Ацæмæзы, Сатанайы, Сырдоны æмæ иннæты. Уыдонæн сæ диссаджы æхсар, сæ хъару, се 'рхъуыдыдзинад, сæ хъæбатырдзинад дисы æфтауынц алкæйы дæр.
Нарты кадджыты сæйрагдæр архайджытæй иу у нарты хисдæр— урсзачъе Уырызмæг. Уый у тæккæ зондджындæр æмæ тæккæ æрхъуыдыджындæр нарт. Уырызмæг кæддæриддæр вæййы нартимæ,—сæ цины, сæ хъыджы дæр,—æмæ сын кæддæриддæр хай кæны йæ зондæй: уый уыд нартæн сæ зондамонæг.
«Уырызмæджы æнæном лæппу»; уыцы кадæджы ныхас цæуы, нартыл зын рæстæг кæй æркодта иухатт, уый тыххæй. Нал уыд нартмæ хæринаг, сæ хъару асасти. Нарты гуыппырсартæ, нарты ныфсджын фæсивæд фырæххормагæй слæмæгъ сты,' зæххыл ныккалдысты. Зæронд Уырызмæг сæ куы федта уыцы уавæры, уæд йæ 'зæрдæ срысти. Мæстыйæ æрбаздæхти сæхимæ, йæ пылыстæг къæлæтджыныл уæззаугомау æрбадти æмæ нартæн куыд баххуыс кодтаид, ууыл хъуыды кæнын байдыдта.
Уæд æй бæркадарм зонынджын Сатана, цы дыл æрцыд, зæгъгæ бафарста.
Уырызмæг ын ахæм дзуапп дæтты:

Сæфынц æххормагæй æппæт нæртон адæм!..
Мæ  бæркадарм  æфсйн, куы  ма  сæ  бафсадин, —
æндæр бирæ цардмæ бæргæ нал бæллын, —
Сæ туг та базмæлид нарты фæсивæдæн,
Фæфидар та уаид сæ зæрдæ, сæ хъару,
æмæ та сæ тыхы уайтагъд бацæуиккой.

Йннæ кадæджы «Уырызмæджы фæстаг балц», зæгъгæ, уым ныхас цæуы Уырызмæджы æрхъуыдыдзинадыл. Уырызмæг базæронд, фæлæ йæ уæддæр амæлын нæ фæндыд, фæстаг хатт ма нартæн исты хорздзинад цалынмæ ракодтаид, уæдмæ; уыцы хорздзииад та уыд—нарты фæсивæды хæстон æрхъуыдыдзинадыл сахуыр кæнын æмæ нарты знаг—Саденджызы æлдары басæттын. Уырызмæг афтæ бакодта, æмæ «уацары бахауд» уыцы æлдармæ. æлдар Уырызмæгыл къуыдыртæ бакодта æмæ йæ афтæмæй сæхкæдта мæсыджы. Иу цасдæр рæстæджы фæстæ Уырызмæг, йæ фæнд дарддæр æххæст кæнгæйæ; æлдарæн загъта, ахæсты аргъ айс æмæ мæ суæгъд кæн, зæгъгæ. æмæ сразы æлдар. Уый фæстæ Саденджызы æлдар Нарты бæстæм арвыста дыууæ æфсæддоны ахæсты аргъ райсынмæ.
Минæвæрттæ нарты адæмæн радзырдтой нарт Уырызмæджы фæдзæхст. Уый та мæнæ афтæ уыд:

æхсæв, бон ма хынцут, афтæмæй рарвитут
Саденджызы 'лдарæн ахæсты аргъæн:
Сæдæ сæдæйы иусиуон галтæ,
Сæдæ  сæдæйы  дысиуон  галтæ,
Сæдæ  сæдæйы  æртæсиуон  галтæ,
Сæдæ сæдæйы цыппæрсиуон галтæ,
Сæдæ  сæдæйы та  фæндзсиуон галтæ.
Сау галы æмæ-иу бур галы сæ разæй
æркæнæнт æмæ сын фæндаг амондзысты.
Кæд уын раст нæ цæуой, фæндаг нæ амоной,
Ралыг, зæгъы, кæнут уæд сау галы сæр
æмæ йæ бафтаут бур галы æфцæджы, —
Уæд  уын  раст цæудзысты  Саденджызы  бæстæм,
æмæ уæ  'ркæндзысты Саденджызы 'лдармæ.

Уырызмæг æгас у, уый куы базыдтой нарт, уæд куыннæ ныццин кодтаиккой! æрмæст нæ зыдтой Уырызмæджы фæсномыг ныстуан æмæ бафарстой зонынджын Сатанайы. Уый сын Уырызмæджы ныхæстæ куы рафæзмыдта, уæд нарт сæхи срæвдз кодтой, ацыдысты стæры «мæ ныппырх   кодтой   нарты   адæмы  знаг—Саденджызы æлдары».
Аннæ кадæг «Нарты сæфт», зæгъгæ, уым ныхас цæуы, æхсарджын нарт уæларвон тыхтимæ—хуыцауимæ, дауджытимæ — куыд хæцыдысты, ууыл. Уым дæр нарты адæмæн уынаффæгæнæг у зæронд Уырызмæг. Кадæджы мидис цыбырæй у афтæ:
Нарт хуыцауæн нал куывтой. Сæ дуæртты уæлкъæсæртæ бæрзонд кæнын байдыдтой. «Кæннод, мидæмæ цæугæйæ,—дзырдтой нарт,—гуыбыр куы кæнæм, уæд хуыцау æнхъæл уыдзæн уымæн кувæм», зæгъгæ. Хуыцау уый куы фехъуыста, уæд нартмæ зæрватыкк æрæрвыста фæрсынмæ: цы кæнут, нарт, зæгъгæ. Нарт загътой, ныронг ын фæкуывтам, хуыцауæн, уый нæм йæхи æвдисгæ дæр никуы ракодта, ныр рацæуæд æмæ немæ йæ тых бавзарæд, зæгъгæ!

Хуыцауæн лæккад бирæ фæкодтам,
Фæлæ нæм йæхи никуы равдыста.
Гъе ныр рацæуæд, нæ тых бавзарæм.

Зæрватыкк фæстæмæ атахт æмæ нарты дзуапп хуыцауæн рафæзмыдта. Хуыцау смæсты æмæ та дыккаг хатт арвыста зæрватыччы:
Акæн ма ноджы иу тахт нартмæ,
æмæ-иу нартæн радзур ды мæ фæндон:
«О, нарт, мийаг уыл сомбон куы фæтых уон,
Уæд уын  уæ  мыккаг бынтон  сыскъуынон,
Гъе, æви ма уæ фыдвæд ныууадзон?»

Нарт хуыцауы ныхас куы фехъуыстой, уæд сæ æдылыдæртæ загътой:

æвæды бæсты, уадз, фыдвæд баззайæд

Фæлæ иннæтæ сеппæт дæр æмхуызонæй, Уырызмæг сæ разæй, афтæмæй, ахæм дзуапп арвыстой хуыцаумæ:

Фыдвæды бæсты æвæд хуыздæр у,
Цымæ цы кæнæм æнусы цардæй?
Мах æнусы цард ницæмæн хъæуы,
Фæлæ нын раттæд уый æнусон кад.

 «Уырызмæг æмæ Сохъыр Уæйыг»—æвдисы нарты Уырызмæг лæгты тæккæ хуыздæр кæй у, уый. Кадæджы мидис у афтæ:
Нарты фæсивæд æрæмбырд сты æмæ ныхас кæнынц нарты 'хсæн чи у лæг хуыздæр, ус хуыздæр чи у, ууыл. Куы нæ фидыдтой, уæд бафарстой зæронд ус Къармæгоны. Уый загъта:

Лæг хуыздæр — Уырызмæг,  ус  хуыздæр — Сатана.

Къармæгоны дзуапп фæсивæды зæрдæмæ нæ фæцыд æмæ бафхæрдтой зæронд усы.
Уырызмæг балцæй куы 'рбаздæхт, уæд ын Сатана радзырдта Къармæгоны æфхæрд, æмæ Уырызмæг уæд сфæнд кодта — æрыгон фæсивæдимæ балцы фæцæуын æмæ хъуыддаджы мидæг равдисын, хуыздæр лæг чи у, уый. æмæ, æцæгдзинадæй, 'равдыста зондæй дæр æмæ хъаруйæ дæр нарты хуыздæр лæг кæй у, уый.
Сослан у дурæйгуырд, Куырдалæгон бирæгъы 'хсыры кæй басæрыдта, уый. Ирон адæм кæй уарзынц, нарты уыиы геройты зынгæдæртæй иу у Сослан.
Сослан у хъаруджын лæг, арæхстджын æмæ хин. Уыцы миниуджыты руаджы Сослан кæддæриддæр уæлахиз кодта нарты знæгтыл. Знæгтимæ æнæхатыр, афтæмæй та Сослан уыди тынг хæларзæрдæ лæг. «Сослан Сатанайы зындоны цадæй куыд фервæзын кодта», зæгъгæ, уыцы кадæг бæрæг æвдисы Сослан хæларзæрдæ кæй у, уый. Иу ран мæгуыр лæг фæндаггæрон æххормагæй ныффæлдæхт.
— Цы кæныс, цы хъуаг дæ? Цæмæй дæм фæкæсон?—бафарста Сослан мæгуыр лæджы, кæд йæхæдæг фæдисы цыдæй цыди йæ мады фервæзын кæнынмæ, уæддæр.
«Стонгæй мæлын, Сослан, фервæзын мæ кæн», загъта мæгуыр лæг, фæлæ:

Хæринаг нæ разынд нарты Сосланмæ, —
Хъæды фæмидæг ис, æмæ дзы уайтагъд
Рахæццæ кодт'а иу æстыр саджы мард.
Стыр  арт акодта,  физонæг афыхта,
Стæй дзуры лæгмæ: «Рабад  æмæ бахæр»,

Мæгуыр лæг раарфæ кодта Сосланæн. Уый дæр та йæ бæхыл абадти æмæ фæтагъд кодта йæ фæндагыл.
Иу чысыл   дарддæр    Сослан    федта—стыр    тъыфыл   цæргæс сывæллоны йæ ныхты кæй фæцæйхаста, уый, æмæ:

Сослан  фат фелвæста,  фæхъавыд  цæргæсмæ,
Фехста  йæ æмæ цæргæс æд сывæллон
Донмæ æрхауди.  Рагæпп та ласта
Сослан  йæ  бæхæй,  мæгуыр сывæллоны
Раскъæфта  донæй,   бæхыл   æй   авæрдта,
Йемæ йæ рахæссы:  хъæугæрон иу ус
Кæуы  'мæ дзыназы,  мæ сывæллоны мын
Иу  цæргæс  ахаста  йæ ныхты,  зæгъгæ.
Авæры  Сослан  усæн  йæ сывæллон.    

æмæ ус раарфæ   кодта Сосланæн. Сослан йæ  бæхыл абадт æмæ та фæтагъд кодта Нарты хъæумæ фæдисы.
Сослан йæ адæмы сæраппонд схæцыд æмæ фæуæлахиз   уæйгуытæ—Тары фырттыл (Кадæг «Сослан æмæ Тары фырттæ»).
Хъызт зымæг скодта иу хатт нартыл. Фосæн нал уыди холлаг. æрæмбырд сты нарт æмæ сфæнд кодтой сæ фос хорз хизæнуæттæм аскъæрын, фосæн та семæ нарты фæсивæды хъæбатырдæр куыд уа, афтæмæй. Фос кæдæм аскъæрой, ууыл ныхас кæнгæйæ, Уырызмæг загъта:

Зонын,  бæгуыдæр,  æнæзымæг бæстæ, —
Денджызы   былыл   Тары фыртты  бæстæ:
Зымæгон дæр дзы кæрдæг фадхъулмæ у,
Йæ кæрдæг та, уæдæ, астымгæрдæг у,
Астымгæрдæг  у, къуыстымхал  кæрдæг.
Уым  куы  фæхизой нæ  фос а-зымæджы,
Уæд  сæ уромæг нал бауромдзæнис.

Тары дыууæ фырты — Мукара æмæ Бибыц тæссаг уыдысты, тыхджын уыдысты. Сослан ахъæр кодта нарты фосыл, атардта сæ Тары фыртты зæхмæ æмæ сæ хизын райдыдта уым. Мукара куы фехъуыста чидæр æрбауæндыд йæ зæхмæ, уый, уæд æй исдугмæ уырнгæ дæр нæ бакодта, стæй рацыд Сосланмæ. Сослан Мукарайы куы. федта, уæд бамбæрста тыхæй йыл кæй нæ фæуæлахиз уыдзæн, фæлæ йæм зондæй кæй æрхатын хъæуы. Не схъæр кодта Сослан йæ ном,—йæхи нарты æххуырст схуыдта. Уæд ын Тары фырт Мукара зæгъы:

Барст дын уæд, фæлæ дæ цæмæй бафæрсон,
Уымæн мын  раст дзуапп  куыд дæттай, афтæ.

æмæ дарддæр:

Нарты Сосланы кой дардыл хъуыстгонд у, —
Фæрсы йæ Мукара, — нæ йæ  зоныс,   цымæ?

«Зонын», райста дзуапп Мукара, æмæ дзуры Сосланмæ, йæ хъæзтытæ йын федтаис, æмæ мын сæ радзур, æз дæр сæ бафæлварон, зæгъгæ.
æмæ уæд Сослан загъта Тары фырт Мукарайæн, «федтон, чысылтæ сæ зонын»:
...Нарты фæсивæдæн
Сæ хъаруджынтæ сæ болат цирхъытæ
Фæрсыссад æскæнынц,  сдауынц   сæ сау дурыл.
.  .  .  .  .  .  .  .  .  .  .  .  .  .  .  .  .  .  .  .  .  .  .  .  .  .  .
Уый фæстæ Сослан йæ бæрзæй къуыдырыл
æрæвæры  'мæ йæ нарты фæсивæд
Сæ тых,  сæ бонæй  цæвынтæ  сисынц,
Фæлæ дзы æрду дæр  нæ  алыг кæнынц.

Мукара уыцы хъазт бафæлвæрдта æмæ загъта: «Ай ницы хъазт у». Афтæмæй Мукара бавзæрста бирæ æндæр «хъæзтытæ» дæр. æппын фæстаг ын Сослан радзырдта:

Нарты Сослан ма  ахæм хъазт фæкæны:
Уæрм  арф скъахын кæны йæхицæн, дынджыр  уæрм, 
æмæ йæм фурдæй дон рауадзын кæны;
Йæхæдæг ныллæсы уыцы дынджыр уæрмы
æмæ йыл уæле хъæд, дур ныккалынц.
æстæй, дын,  уæд  скувы Сослан хуыцаумæ:
«Афæдзæй-афæдзмæ цы уазал кæныс,
Уый ацы 'ртæ боны куыд ныккæна, афтæ».
æмæ фæбады Сослан уыцы уæрмы
Иу иннабонæй иу иннабонмæ.
Хорз куы ныйих вæййы дон уыцы стыр уæрмы,
Уæд ыл нарты Сослан дæр схæцы æмæ йæ
Сисы йæ сæрыл, сисы æмæ йæ
Нарты стыр хъæумæ йæ сæрыл бахæссы,
Уым  ыл  фæсивæд  хъулæй  фæхъазынц.

«æнæ бавзаргæ мын нæй уыцы хъазтæн дæр», дзуапп радта Мукара. æмæ «нарты æххуырст» куыддæриддæр загъта, афтæ бакодтой: Сослан уæйыгыл ныккалдта хъæдтæ, уис, стыр дуртæ, сыджыт. æртæ бонмæ дон фестади цъæхцъæхид их: ныйих сты хъæдтæ, дуртæ, уистæ. Сослан—«нарты æххуырст»—ныхъæр кодта:

— Тары фырт Мукара, гъе ныр  ыл æсхæц!

Бæргæ схæцыд ихыл Тары фырт Мукара-уæйыг, фæлæ бæзджын их стонын йæ бон нæ баци. æрмæст ма дзы

Тыхæй,  амæлттæй йæ сæр фæуæле ис,
Фæлæ  йæ  уæхсджытæ уæлæмæ  нæ комынц.

Афтæ, зондæй, хиндзинадæй Сослан фæуæлахиз йе знаг, нарты адæмы знаг—Тары фырт уæйыг Мукарайыл.
Стыр ахсджиаг у кадæг «Сослан Мæрдты Бæсты», зæгъгæ, уый. Уыцы кадæг, иннæ кадджытимæ абаргæйæ, уæлдай хуыздæр у. Уыцы кадæг бирæ наукон кусджыты, бирæ фысджыты, поэтты, чиныг кæсджыты æркæсын кодта йæхимæ. Йæ философон, материалистон арф хъуыдытæ æвдисынц ирон адæмы фæндтæ; афтæ у, цыма раджы, бирæ мин азты размæ ирон адæм сæ эпосы цы хъуыдытæ загътой, уыдон абоны бонæн загъд уыдысты, уыйау. Кадæджы ныхас цæуы Сосланыл, аза-бæлас агурæг Мæрдты Бæстæм куыд бахауд æмæ уым цытæ федта, ууыл.
Фæндагыл Сослан федта бирæ диссæгтæ, фæлæ цы сты, уый базонын йæ бон нæ баци.
Мæрдты Бæсты Сослан сæмбæлд йæ æдзард ус Бедухайыл, фæндагыл цыдæриддæр федта, уый йын радзырдта. æмæ йын Бедуха дæр дзуапп радта йæ алы фарстæн дæр.
Мæнæ цалдæр цæвиттоны уыцы кадæгæй.
Сослан Бедухайæн радзырдта — голлаг æмæ хызын йу кæрийы дур тох кæй кодтой, еуу сæ фылдæр кæй хуылфы бацæудзæн, ууыл. Голлаг йæхи байдзаг кæны, хызыны ауадзы йæхи, фæлæ хызынæн йе 'рдæг дæр не свæййы уыцы еуу. Уæд хызын йæхи байдзаг кæны еууæй æмæ голладжы мидæг йæхи ауадзы. Голлаг байдзаг, æттæмæ дæр ма дзы акалди бирæ. — Цавæр диссаг у уый та, Бедуха?—бафарста Сослан йæ æдзард усы. «Ахæм рæстæг скæндзæн, — дзуапп радта Бедуха, — æмæ стыр æмæ чысыл æмбартæ суыдзысты».
Дарддæр Сослан Бедухайæн ракодта сæрак дзабыр æмæ хуыдзарм дзабыры кой. — Рацыдтæн уырдыгæй, — загъта Сослан, — цæуын та æмæ

Иу ран быдыры æртæ тæлм бæласы;
Сæ быны тох кæнынц дыууæ дзабыры —
Иу дзы хуыдзарм дзабыр, иннæ сæрак  дзабыр, —
Бæласмæ бырынц «чи фæраздæр уа»-йæ.
Хуыдзарм дзабыр, дын, æсбырыд йæ цъуппмæ,
Сæрак дзабыр та бæласы бын баззад.
«Ай та,  дын,  ног диссаг! —загътон мæхи нымæр, —
Хуыдзарм дзабыр та  сæрак дзабырыл
Фæуæлахиз уа!» Уый та цы амоны?

 «Хуыдзарм дзабыр у сау адæмы  нысан, — загъта Бедуха,— сæрак дзабыр та нысан кæны уæздæтты. Ахæм дуг  æрцæудзæн, æмæ сау адæм уæздан адæмыл фæтых уыдзысты æмæ сæ разæй кæндзысты алы хъуыддагæй дæр».
Сослан та уæд Бедухайæн радзырдта, обауыл цы æртæ цæдджинаджы федта, уыдон тыххæй: «Кæсын, æмæ иу обауыл фыцы пæлхъпæлхъæй фæрсæй-фæрстæм æртæ цæдджинаджы, сæ быны саджы сыкъатæй цырын арт. Дыууæ кæройнаг аджы кæрæдзимæ æппарынц дзидзатæ армгай æмæ агъдгай, астæуккагмæ дзы басы цъыртт дæр нæ хауы... Цы амоны уый та??

Уый та уый амоны, æмæ ахæм рæстæг
æркæндзæнис, æмæ æцæгæлон адæм
Сæ кæрæдзимæ дыууæ æфсымæрæй
æнгомдæр  уыдзысты;   алы  мыккæгтæ,
æфсымæрты   хуызæн,   хæларæй   цæрдзысты.

Мæрдты Бæсты, йæ фæндагыл цæугæйæ, Сослан ноджыдæр федта усы кæлмæрзæн æмæ лæджы худ кæрæдзиимæ куыд хæцыдысты, уый. Сослан загъта:

Лæджы худ  æмæ усы кæлмæрзæн,
Гъæйтт мардзæ, зæгъгæ, хъæбысæй хæцынц.
Куы сæ иу, куы се'ннæ фæбынæй вæййы.

Бирæ фæтох  кодтой,  бирæ фæхæцыдысты,
Стæй, æппын фæстаг, дыууæ фæрсæй-фæрстæм
æрлæууыдысты   уыцы  ран фæндагыл.
Бирæ  сæм фæкастæн,  бирæ фæдис кодон,
Фæлæ  сын  æмбаргæ  мур  ницы  бакодтон'.

Бедуха загъта, ахæм рæстæг æркæндзæн, æмæ сылгоймаг нæлгоймагимæ æмбартæ суыдзысты, зæгъгæ.
Цы хицæн скъуыддзæгтæ æрхастам, уыдон бæлвырд æвдисынц ирон адæмы нарты кадджытæн сæ хъуыды цæй бæрц арф æмæ стыр у, уый.
Нарты геройтæй ирон адæм тынгдæр уарзынц Батрадзы. Уый у зондджын, æгъдауджын, хъæбатыр, фæразон, йæ буары хъару у æмбисонд.
Батрадз тынг æнауæрдонæй тох кодта тыхгæнджытимæ, хуыцæуттимæ, зæдтæ 'мæ дауджытимæ, дзорттимæ æмæ дæлимонтимæ. «Нарты æмбырд», зæгъгæ, уыцы кадæджы ныхас цæуы нарты æртæ хæзнайы—æртæ тыны цы скуыхтдзинадæн лæвæрдтой, уый тыххæй. Уыцы æртæ хæзнайы хъуамæ радтаиккой:
1) нарты фæсивæдæй æдзонд хъæбатырдæр æмæ хæрзæгъдауджындæр чи разына, уымæн;
2) хуыздæр чи разына йæ гуыбыныл, лæджы уаргъ зынæй дæр хæссын чи бафæраза кæрæй-кæронмæ, кад æмæ радæй, уымæн æмæ
3) нарты фæсиваэдæй сылгоймаджы тыххæй æгъдауджындæр чи разына, фылдæр чи ныббара йæ сылгоймагæн, уымæн.
Фыдæлты хæзнатæ—æртæ тыны дæр нарты хисдæртæ саккаг кодтой нарт Батрадзæн, уымæн æмæ уый уыди алцæмæй дæр æххæст лæг.

æмæ уæд сфæнд  кодтой  нарты хисдæртæ
Хæмыцы хорз фырт Батрадзы бавзарын.

Фыццаг ын йæ размæ арвыстой фондзыссæдз барæджы. Батрадз куы фембæрста йæ размæ бабадтысты   уый, уæд йæ уадсур æфсургъы базмæлын кодта æмæ фæцагайдта, цыма барджытæй фæтарст, уыйау. Йæ размæ чи бабадт, уыцы фондзыссæдз барæджы йæ фæдыл куы арæнхъ сты, уæд Батрадз йæ бæх фæстæмæ фæзылдта, барджытыл ралæууыд æмæ сæ хорз федта. Бирæ дзы йæ хæдзар нал ссардта. Чи ма дзы аирвæзт, уыдонæн «сæ туг сæ сисбынтæй калди», афтæмæй тыхтæ-амæлттæй ссардтой сæ хæдзæрттæ. Уый фæстæ та

Нарт  куывды  бадтысты,  стыр  нæртон  куывды,
Иу иннабонæй дыккаг иннабонмæ.
Уырдыглæуджытæ фынгтæ афтæ  сарæзтой,                            
æмæ дзы Батрадз иумæ дæр не  'ххæсти
æмæ иннабонæй уæд иннабонмæ
Батрадз комдзаг дæр  йæ дзыхмæ не  схаста,
Фæлæ,  зæгъы,  уæддæр   иннæ  фæсивæаæй
Хъæлдæгдæрæй зарыд, аивдæр уыд йæ   кафт.

Батрадз нарты хисдæртæн радзырдта, æртыккаг хорз æгъдауыл дæр цæмæй сахуыр ис, уый. Афтæмæй, хуры рухсау, сбæлвырд сты нарты хисдæртæн Батрадзы хъарутæ.
Нарты Батрадз тынг уарзта йæ адæмы, æмæ йæм-иу бахъуаджы сахат фæзынд баххуыс кæнынмæ. Уый бæрæгдæр æвдыст у кадæг «Батрадз æмæ Тыхы фырт Мукара», зæгьгæ, уым. Иу хатт, дын, тыхгæвæг уæйыг Мукара

Схæцыдис,   æмæ   Нарты  чызджы  рæсугъд,
Чындзы дзæбæх кæм уыд,—йæ фыццар сæ скодта.

Хъæуы чи баззад, уыдон сæрыл фæхæцæг нал уыдис. Уæд Сатана уыцы æнамонд хъуыддаг фехъусын кодта Батрадзæн. Йæ бæстæйæн æххуыс кæнынмæ æрхæццæ Батрадз æмæ афтæ зæгъы:

О, цагъды фæуат, нарт, бынцагъды, уастæндæр, —
Сау хайрæг сау митæ кæй хъæуæн  фæкодта!
Абон мын хæст расидт Тыхы фырт, хæст,  уæдæ;
æмæ уыл схæцынæй  мæ зæрдæ нæ дарын,
Фæлæ мæм-иу дардæй кæсгæ уæддæр   кæнут!

Уыцы хæсты    Батрадз амардта    адæмы   æфхæрæг,    тыхгæнæг
знаг—уæйыг Мукарайы.
Иннæ кадæджы «Батрадз æмæ Сохъыр уæйыг æфсæроны фырт  Алæф», зæгъгæ, уым ныхас цæуы тыхгæнæг Алæфыл. Уый æрцыд Зилахары фæзмæ, нарты фæсивæд сæ тæккæ симгæйæ куы уыдысты, уæд. æрцыд æмæ нарты фæсивæдæй хынджылæг кæнын байдыдта, лæппутæ æмæ чызджытæн байста сæ хорз дарæс æмæ фæстæмæ сæхимæ сфардæги. Дыккаг бон дæр та Алæф, кæд æй йæ фыд — Сохъыр уæйыг æфсæрон — нæ уагъта, уæддæр та ныццыди Зилахары фæзмæ æмæ та нарты фæсивæды æфхæрын байдыдта. Уыцы бон дæр нарты домбæйттæй уым ничи уыд: балцы та уыдысты кæмдæр. Батрадз хохы сæрæй касти Алæфы фыдмитæм,  сфыхт йæ маст, нал баурæдта йæхи æмæ цæргæсау раппæрста йæхи уыцы бæрзонд хохæй, къахсаст, цонгсаст фæкодта тыхгæнæджы æмæ йæ фæтардта Нарты бæстæйæ.
«Нарты симд кæнæ Батрадз ус куыд ракуырдта», зæгъгæ, уыцы кадæджы дæр бæсты рæсугъд Акула æрмæст Батрадзимæ ракафыныл сразы, æрмæст Батрадзы схуыдта æнæ аипп нарт, иннæтыл та фаутæ æвæрдта. Фæлæ ракафыны агъоммæ Батрадзы раз æвæры ахæм хæс сæххæст кæнын:

Базырджын уæйыг, æвдсæрон уæйыг
Хъæндзæргæс фæхаста  кæдæмдæр  фæсхохмæ
Дæ фыдæлтæй иуы — Уон,  зæгъгæ, йæ ном,
æмæ  дзы  йæхицæн  хъомгæс  æскодта.
.   .   .   .   .   .   .   .   .   .   .   .   .   .   .   .   .   .
Уый ды Хъæндзæргæсæн йæ ис, йæ бонимæ
Куы 'рхæссай фæстæмæ, уæд æз разы дæн
Дæуимæ  симыныл,  Хæмыцы  болат фырт!

Хъыг куыннæ уыдаид Батрадзæн ахæм дзуапп, фæлæ ницы сдзырдта, йæхи арæвдз кодта Уоны агурынмæ фæцæуыимæ. Дыууæ стыр хохы астæуты йæ хъандзалсæфтæг бæхыл агæпп кодта Хъæндзæргæсы бæстæм, фæсхохмæ. Амардта Хъæндзæргæсы, суæгъд кодта зæронд Уоны, Хуры чызг Хорческæйы æмæ Мæйы чызг Мысырханы æмæ фæстæмæ æрбаздæхти Нарты бæстæм æмæ ракуырдта Акулайы.
Уæларвон тыхтимæ — зæдтæ 'мæ дауджытимæ æмæ хуыцæуттимæ тох дæр нарты эпосы баст у тынгдæр Батрадзы номимæ. Батрадз ницæмæ дардта уæларвонты, æмæ æнæхатырæй хæцыд семæ.
Афтæ карзæй хæцыди Батрадз семæ, мæнæ æлдæрттимæ æмæ нарты адæмы иннæ тыхгæнджытимæ куыд тох кодта, раст афтæ.
Кадæг «Батрадз æмæ нарты Уацамонгæ», зæгъгæ, уым ныхас цæуы нарты диссаджы æвидигæ нуазæн Уацамонгæйы миниуджытыл. Уым æвдыст цæуы, Батрадз дауджытимæ куыд карз тох кодта, уый дæр. Уыцы кадæг афтæ амоны: нарты Батрадз Уацамонгæмæ хæстæг бацыд, йæ ехсы хъæдæй йæ бахоста æмæ загъта:

æз уыдтæн цуаны æмæ фæцæйцыдтæн
Иу суангыл уæлæмæ, æнæ исты æнхъæл,
æмæ авд  амардтон  изæры дауджытæй.

Дыккаг хатт дæр   та Батрадз   бахоста Уацамонгæйы   æмæ та
загъта:

Иннæ суангыл та фæцæйцыдтæн æмæ
Райсомы   дауджытæй   амардтон   авд дуаджы.

æртыккаг хатт дæр Батрадз йæ ехсы хъæдæй бахоста нарты номдзыд Уацамонгæйы фарс æмæ та загъта:

æртыккаг  суангыл  фæцæйцыдтæн  æз
æмæ  амардтон  авд  елиатæ,
Авд та,  зæгъы,  уæд мыкалгабыртæ,
Хорæлдары  фырт Бурхор-Алийы дæр
æз куы амардтон, æз, мæ фыдыстæн!

Уыйадыл нарты Уацамонгæ йæхæдæг йæхи систа Батрадзы фыд — Хæмыцы дзыхмæ: афтæ уыд Уацамонгæйы миниуæг — раст-иу чи дзырдта, уымæн-иу йæхæдæг йæ дзыхмæ ссыди, гæды ныхæстæм, та йæ бынатæй змæлгæ дæр нæ кодта.
Иннæ кадæг нын дзуры, нарты Батрадз нарты дзуары куыд фæнадта, уый тыххæй («Батрадз нарты дзуары куыд фæнадта»). Нарты дзуар «æргом рацыди» æмæ йæм Батрадзы ус дæр, иннæ устыты хуызæн, æд кувинæгтæ куы ссыд, уæд ын дзуар æфхæрæн ныхас загъта. Батрадз уый куы фехъуыста, уæд хъæдмæ ацыд, тулдз лæдзджытæ ракодта æнæхъæн æргъом, фæстæмæ æрыздæхт æмæ дзуары фыднад фæкодта: иу лæдзæг-иу куы асаст, уæд-иу иннæ райста .æмæ сæ нарты дзуарыл фæсаста.
«Батрадзы мæлæт», зæгъгæ, уыцы кадæджы та Батрадз уыцы йу фатæй амардта цыппар Уастырджийы æмæ æртæ Уациллайы. Фæстæмæ æрцæйздæхгæйæ, фембæлд авд Уастырджийыл æмæ авд Елиайыл. Уыдонæй дæр та амардта æртæ Уастырджийы æмæ æртæ Елиайы. Чи ма  дзы аирвæзт,   уыдон   хуыцаумæ  бахъаст кодтой:

Кæнæ дын мах, хуыцау, кæнæ Хæмьщы фырт.

Хуыцау афтæ зæгъы зæдтæ 'мæ дауджытæи:

Батрадз  йæхæдæг йæхи æгьдауæй
Куы нæ амæла, уæд ын мæлæт нæй.

Нарты адæмы знæгтимæ хæцгæйæ, Батрадз архайдта зондавй, хæстон хиндзинадæй. Кадæг «Нарты æмбырд», зæгъгæ, уым Батрадз афтæ дзуры: «Знаджы басæттынмæ куы хъавай, уæд афтæ бакæн, цæмæй знаг фæдихтæ уа, фæхæлиу уа йæ тых, уæд зын нæу йæ басæттын».
Ирон адæмы нарты эпосы геройтæ Уырызмæг, Хæмыц, Сослан, Батрадз æмæ иннæтæ сæ равзæрд, сæ тых — сæ хъару, сæ миниуæгтæм гæсгæ тынг хæстæг сты адæймагмæ. Уыдонæн сæ алкæцы дæр баст у зæххимæ, адæймаджы фæлгондзимæ.
Нарты кадджытæ бæлвырд æвдисынц: нарт аивад, кафт æмæ фæндыры цагъд тынг бирæ кæй уарзтой, уый. Хæсты фæстæ, бадцы фæстæ, стæры фæстæ-иу нарт кодтой куывдтæ, симдтой-иу, зарыдысты-иу, кафыдысты-иу. Уæлдай бирæ уарзтой нарт зарын. Мæнæ куыд зæгъы кадæг «Ацæмæз æмæ Агуындæ-рæсугъд» зарды цы тых ис, уый тыххæй:

Ныр, дын, Ацæйы фырт чысыл Ацæмæз
Рахаста йемæ йæ фыды хæзна —
Сауæфтыд уадындз.  Схызти Сау хохмæ,
Уым бацагуырдта  бæрзонддæр  къæдзæх,
æмæ æрбадти  къæдзæхы тигъыл.
æмæ йæ  уадындзæй   зарынтæ   байдыдта.

Ацæмæзы цагъдмæ райхъал æнæхъæн дуне дæр æмæ:

Ацæмæзы зардмæ уæд сæрджын сагтæ
Уасын байдайынц сæ галхъæлæстæй,
Сае  къалиуджын  сыкъатав бæрзонддæр  сисынц
æмæ афтæмæй лыстæг расирынц.
Сау хъæды сычъитæ,  чъыллиппытæ гæнгæ,
Бавнæлдтой  кафынмæ Сау хъæды  æрдузы, —
Бафæлладысты,  се   'взæгтæ  раппæрстой,
Фæлæ уæддæр, зæгъы, Ацæмæзы цагъдмæ   
Нал  æфсæстысты  кафынæй æрдузы.

Бирæ фæцагъта йæ диссаджы уадындзæй Ацæмæз, афтæ кафыд, æмæ зарыд æрдз дæр, суанг ма хæхтæ дæр нал лæууыдысты æнцад.
æмæ уæд, æппын фæстаг, Ацæмæз баифтындзы йæ æнусон уадындз йæ аст æвзагæй. Йæ цагъд æмбисонддæр фæвæййы. æмæ Сау хохы айнæг фегом вæййы дуары йас. Агуындæ-рæсугъд нал бафæразы йæхи бауромын Ацæмæзы зарджытæм:

Йæ митæ фæуадзы, кæртмæ рауайы,
Ацæмæзы зарæгмæ зæрдиаг байхъусы,
Хурау  сæрттивынц  йæ  ирд  цæстытæ,       
Тагъд-тагъд рауайы айнæджы тигъмæ,
Йæ цæст ахæссы бæрзонд къæдзæхыл
æмæ куы ауыны нæртон Ацæмæзы,
Йе  'нусон  уадындз йæ къухы,  афтæмæй.

Уый фæстæ Ацæмæз ракуырдта Агуындæ-рæсугъды. æмæ:

Уæд чындзхæсджытæ æмбисонды хъæлæстæй
Рæсугъд куы  ныккæнынц амонды зарæг
Нарты хорз æфсин Сатанамæ:
Нæртон æфсин Сатана,
Ой, нæ буц æфсин Сатана,
Мах дæумæ куы зарæм,
Ойг дæумæ, не'фсин Сатана!
Ой, кæд сойджын у дæ къæбиц, —
Ой, бæркадджын та дæ къухтæ.
Ой, рахæсс ма нын сау бæгæны, —
Сау бæгæны 'мæ бур физонæг,
Ой, сау бæгæны сырсыр гæнгæ,
Ой, бур физонæг цæх-цæх гæнгæ.
Ой, нæ буц æфсин Сатана!
Ой, хъæздыг царды Сатана!
Ой, рахæсс-ма нын уæлибæхтæ —
Ой,  цæрвджын   æмæ дзаджджынæй.
Ой, рахæсс-ма нын ронджы дурын,
Ой, рахæсс-ма нын, уæдæ, рахæсс,
Ой, дæ цыхтытæн сæ бинаг.
Ой, нæртон æфсин Сатана,
Ой,  хъæздыг æфсин Сатана!

Ацы кадæджы тынг рæсугъдæй æвдыст цæуы æрдзы райхъал æмæ æрдзы фæлгондз.
Сослан — æхсарджын хæстон лæг, ноджыдæр уыди тæккæ дæсныдæр кафæг. Сослан йæхæдæг дæр фæндырæй цагъта, заргæ лæр кодта хорз. Сослан авд уæйыджы галуанмæ куы бафтыд (кадæг «Сослан Мæрдты Бæсты»), уæд къулæй райста фæндыр æмæ цæгъдын райдыдта. Уымæй афтæ рæсугъд цагъта, æмæ сырдтæ, мæргътæ æмбырдтæ кодтой, галуаны къуымтæ змæлыдысты, быдыр зарыд, хæхтæ йын хъырныдтой».
Нарт кафын куыд уарзтой, уый уæлдай бæлвырд æвдыст цæуы кадæг «Сослан Бедухайы куыд æрхаста», зæгъгæ, уым. Куывды бадгæйæ, Челæхсæртæг Сосланæн зæгъы: «Кæд уæндыс, Сослан, уæд ма сыст æмæ хæснагыл ракафæм». Схæснаг кодтой æмæ кафын байдыдтой. Сæ хæснаг та уыд: Сослан куы амбула, уæд ын Челæхсæртæг раттдзæн йæ рæсугъд чызг Бедухайы. Челæхсæртæг куы амбула, уæд ын Сослан раттдзæн йæ номдзыд Церечы згъæр, Бидасы тахъа æмæ йæ цирхъ. Фыццаг ракафыд Челæхсæртæг:

Иу'дзæвгар,  зæгъы,  зæххыл  фæкафыдис,
Стæй та  байдыдта дзаг фынгыл кафын.
Хорз  фæкафыди  зæххыл Челæхсæртæг,
Фæлæ куы райдыдта  дзаг фнгыыл кафын —
Кæм цæхдон акалы,  кæм къæбæр  аппары
Зæхмæ йæ фæччитæй нарты дзаг фынгтæй.

Уый фæстæ кафын райдыдта нарты Сослан.

Фыццаг уал уый 'дæр зæххыл  фæкафыдис
.   .   .   .   .   .   .   .   .   .   .   .   .   .   .   .   .   .
Стæй уыцы кафгæйæ,  фынгмæ фæгæпп ласта, —
Иууыл диссаг кафт та  фынгыл  фæкодта.
Дзаг фынджы  былтыл-иу  цъилау ныззылдис,
Афтæмæй, зæгъы, иунæг къус, иу къæбæр
Нæ фезмæлын кодта Сослан йæ бынатæй.
Ууыл дæр  нæ ныууагътой Сосланы,  фæлæ
Утæппæт адæм  сæ кæрдты фындзтæ,
Сæ цыргътæ  уæлæмæ,  афтæ æрæвæрдтой
Сосланы  къæхты бын дзаг  фынгты уæлæ;
Уыдоныл дæр  та кафынтæ байдыдта:
Куыройы  цалхау-иу  æрзылд  кæрдты   фындзтыл.

Уый фæстæ Челæхсæртæг æмæ Сослан кафынтæ систой нарты номдзыд Уацамонгæимæ: Уацамонгæ йæ сæрыл, афтæмæй хуыздæр чи скафа, зæгъгæ. Хорз, тынг хорз фæкафыдис Челæхсæртæг, фæлæ-иу ын нозтæй уæддæр æркалдис.
Алæгатæ та фæстæмæ байдзаг кодтой Уацамонгæ æмæ йæ радтой Сосланмæ. Сослан Уацамонгæ йæ сæрыл сæвæрдта æмæ та кафын байдыдта: ноджы диссагдæр скафыд ацы хатт, æмæ Уацамонгæйæ æртах дæр нæ акалди.
Афтæмæй Сослан рамбылдта, — хъуамæ йын Челæхсæртæг радтаид йæ рæсугъд чызг Бедухайы.
Нарты кадджытæ   бæлвырд   æвдисынц нарты   сылгоймæгты хорз миниуджытæ дæр: сæ зонд, сæ райгуырæн бæстæмæ уарзондзинады зæрдæ дарын,   сæ   кæрдзындæттондзинад,  сæ рæсугъддзинад.                                                                                
Ирой адæмæй чи нæ зоны нарты Сатанайы, бæркадарм æфсины, адæмы мады, зондджын сылгоймаджы, нарты æхсæны хъуыддæгты уынаффæгæнæджы, бæгæны чи æрхъуыды кодта, уыцы нарт Уырызмæджы усы?! Кæнæ чи нæ фехъуыста нæртон рæсугъдтæ Дзерассæйы, Агуындæйы, Хорческæйы æмæ иннæты нæмттæ, Хæмыцы ус Быценоны ном, Батрадзы ус Акула-рæсугъды ном?
Кадæг «Уырызмæджы æнæном лæппу», зæгъгæ, уым ныхас цæуы æххормаг азыл, нарты фæсивæд фырæххормагæй зæххыл куыд хуыссыдысты æмæ сæ бæркадарм Сатана куыд бафсæста, сæ къæхтыл сæ куыд слæууын кодта фæстæмæ, уый тыххæй.
Фидиуæг куы фехъусын кодта нартæн, Уырызмæг уæ хоны куывдмæ, уæд ныххæррæтт кодтой Уырызмæджы хæдзармæ: чи дзы йæхæдæг цыд, кæй та хæсгæ кодтой; устытæ та се 'ккой хастой сæ авдæнтæ.
æмæ нарт фæминас кодтой иу иннабонæй йннæ иннабонмæ. Фынгтыл бадтысты æртæ Нарты дæр, хастой Сатанайы диссаджы къæбицтæй фыдызгъæл, фæхсынтæ, сау-сауид бæгæны.
Сатанайы ном ныртæккæ дæр ирон адæммæ у бæркадарм, рæдау æфсины æппæлæн ном.
Иннæ кадæджы та, («Уырызмæджы фæстаг балц») нарты адæм, Уырызмæджы фæсномыг ныхæстæй арæзт ныстуан раргом кæныны тыххæй бацыдысты Сатанамæ. Сатана нартæн раныхас кодта Уырызмæджы ныстуан. Уымæй дæр æмæ иннæ кадджытæй дæр тынг бæрæг у Уырызмæг æмæ Сатана кæрæдзи куыд хорз æмбæрстой, кæрæдзийы куыд нымадтой, уый. Афтæ зæгъæн ис иннæ нарты адæмæй дæр — нæлгоймагæй дæр æмæ сылгоймагæй дæр: кадджытæ тынг рæсугъдæй æвдисынц бинонты нард.
Сослан Мæрдты Бæсты куы уыд, уæд ын йæ ус Бедуха афтæ зæгъы:

Мæ сæр мæ гуырыл уымæн нæ уыди, —
æмæ æдзухдæр мæ сæр демæ вæййы:
æз дын  ардыгæй  бирæ æххуыс кæнын.
Ардæм  куы  сфæнд  кодтай  балцы  æрцæуын,
Уæддæр дын фæндаг мæ руаджы суæгъд ис;

æмæ дарддæр:

Дард балцы куы  вæййыс æмæ дæ сæрмæ
Сау асæст куы цæуы, уый дæр æз вæййын,
Скæнын дын хураууон, цæмæй ма фæлмæцай.
Хæсты куы бацæуыс, уæд демæ чи хæцы,
Уыдоны  сæрмæ тыгъды  зæй  куы  лæууы, —
Уæд уый дæр æз вæййын, æз дын феххуыс кæнын;
æмæ та  де  знæгтыл  фæуæлахиз  вæййыс.

Нарты сылгоймæгтæн нарты 'хсæн сæ кад бæрзонд æвæрд уыд, æмæ уымæй уæлдай, сæ бон дæр уыд бирæ цæуылдæрты домын нæлгоймæгты. Дзырдæн зæгъæм, чысыл уæлдæр цы цæвиттон æрхастам, уымæй: Акула-рæсугъд нарты Батрадзимæ акафыны агъоммæ кæй загъта уый, ома: Батрадз хъуамæ суæгъд кодтаид йæ фыдыфыд Уоны.
Диссаджы куыстуарзон æмæ арæхст сылгоймаг — Хæмыцы ус Быценон, дыууæ æхсæвы дæргъы нарты адæмæй дыууæ сæдæйæн æххæст дарæс цы хъæуы къахæй къухмæ, уый чи бахуыдта, уыцы Быценон. Дыууæ сæдæ лæджы фæлыст куы сцæттæ кодта, уæд зæгъы Хæмыцæн: «Ныр бавдæл, æмæ сæ нартæн байуар, сæ хуыздæртæ — чи куыд мæгуырдæр у — афтæ; нал уыдзæн, зæгъгæ, уымæй ма тæрс: æз цæмæ бавналон, уымæн сæвидийæн нæй».
Цы æвдисæнтæ æрхастам, уыдонæй бæрæг у, ирон адæмы нæртон эпос бындур куы æвæрдта, уæд нарты сылгоймæгтæ сæ адæмы æхсæны хъуыддæгты зынгæ бынат кæй ахстой, уый.
æК(б)П Цæгат Ирыстоны обком æмæ Цæгат Ирыстоны АССР-ы Адæмон Комиссарты Совет 1940-æм азы 12-æм ноябры цы уынаффæ рахастой, уымæ гæсгæ арæзт æрцыд Хицауадон Нарты Комитет. Уыцы Комитет алы бон дæр куыста нарты кадджытæ æмбырд кæныныл, сæ бакусыныл æмæ сæ ныммыхуыр кæныныл.
æппæты фыццаг 1946-æм азы ирон æвзагыл мыхуыргонд æрцыд нарты кадджыты иумæйаг текст прозæйæ. Уыцы чиныджы рацæуынмæ Цæгат Ирыстоны æппæт дзыллæтæ дæр тынг æнхъæлмæ кастысты. Чиныг куы рацыд, уæд ирон адæм сæ номдзыд нарты кадджыты æппæты фыццаг федтой фæдфæдыл æвæрдæй. Уыцы чиныджы рацыд банымаинаг у ирон адæмы тынг стыр политикой æмæ культурой скуыхтдзинадыл.
1948-æм азы та нарты кадджытæ рацыдысты уырыссаг æвзагмæ ивдæй. Уый та уыди ноджы ахсджиагдæр культурон хъуыддаг, уымæн æмæ уыцы тæлмацы руаджы нæ Советон Цæдисы æппæт адæмтæ дæр ныр базондзысты нарты кадджыты. Афтæмæй, ирон  адæмы иттæг стыр литературон-аивадон уацмыстæ — нарты кадджытæ хаст æрцыдысты нæ бæстæйы иннæ адæмты эпосты рæнхъмæ.
Чиныг уырыссаг æвзагмæ раивта Либединский Юрий, йæ литературон редактор уыд Скосырев Петр. Чиныгæн иттæг биноныг раздзырд ныффыста йæ сæйраг редактор Хъулаты Хъуыбады.
1949-æм азы Ленинграды мыхуырæй рацыди нарты кадджыты æмдзæвгæты вариант уырыссаг æвзагыл. Раивта сæ Дынник Валентинæ, тæлмацы редактортæ Тихонов Николай, Казин Василий æмæ Брытъиаты Созырыхъо. Чиныджы раздзырд ныффыста Битеты Степан.
Ацы дыууæ чиныджы ахадындзинад у уæлдай егъау, уымæн æмæ куыд загътам афтæмæй, нарты эпос Цæгат Ирыстонæй ахызт æппæт Советон Цæдисы адæмтæм æмæ кадджын бынат æрцахста нæ Цæдисы адæмты номдзыд эпосты æмрæнхъ. Тынг раппæлинаг у Нарты Комитеты редакцийы къамисы уæнгты æмæ фысджытæ Дынник Валентинæйы æмæ Либединский Юрийы куыст нарты кадджытыл.
Большевикты парти æмæ Советон хицауады руаджы ирон адæмы диссаджы рæсугъд нарты кадджытæ æвæрд æрцыдысты Советон Цæдисы адæмты иттæг стыр культурæйы хæзнадоны.

Гæззаты Алыкси

 Нарты кадджытæ — ирон адæмы культурон хæзна
 Ацæмæз æмæ Насран– Æлдар
 Ацæмæз æмæ Агуындæ-рæсугъд
 Сырдоны райгуырд
 Нарты Балц
 Фæндыр куыд фæзынд
 Сырдон Нарты куыд асайдта
 Сырдон Уæйгуыты куыд фæсайдта
 Сырдон йæ мæрдтæн хист куыд кодта
 Дæ тын дæ къух ссардта
 Сырдоны Тохъылы æргæвст
 Сырдоны  мард
 Æхсар æмæ Æхсæртæджы райгуырд
 Нарты Фæткъуы
 Дзерассæ-рæсугъд
 Æхсар æмæ Æхсæртæджы мæлæт
 Уырызмæг æмæ Хæмыцы райгуырд
 Уырызмæг æмæ  Хæмыц Уæрхæджы куыд  ссардтой
 Сатанайы райгуырд
 Сатана  Уырызмæджы ус куыд сси
 Уырызмæг Сатанайы йæ цæгатмæ куыд æрвыста
 Уырызмæджы æнæном лæппу
 Уырызмæг æмæ Сохъыр Уæйыг
 Уырызмæджы фæстаг балц
 Бæгæны  куыд  фæзынди
 Сосланы райгуырд æмæ  байсæрын
 Дауджыты   лæвæрттæ   Сосланæн
 Сослан – Тыхагур
 Сырдон Сосланимæ цæмæн фезнаг ис
 Сослан Бедухайы куыд æрхаста
 Сослан Сатанайы зындоны цадæй куыд фервæзын кодта
 Сослан Косеры куыд ракуырдта
 Сослан мæрдты бæсты
 Сосланы мæлæт
 Хæмыц ус куыд ракуырдта
 Батрадзы райгуырд
 Батрадзы денджызæй  куыд расайдтой
 Батрадзы  хъæзтытæ  сывæллонæй
 Хæмыцы  фырт  Батрадз  æмæ Деденæджы  фырт  Арæхдзау
 Нарты Батрадз æмæ Хъулонзачъе Уæйыг
 Батрадз йæхи куыд байсæрын кодта
 Батрадз  Уырызмæджы  куыд фервæзын кодта
 Батрадз æмæ Тыхы Фырт Мукар
 Батрадз æмæ Сохъыр Уæйыг Æфсæроны фырт Алæф
 Батрадз æмæ Сохъыр   Уæйыг Æфсæрон
 Батрадз Нарты Гуыппырсарты куыд фервæзын кодта
 Батрадз Сосланы куыд фервæзын кодта
 Батрадз æмæ æлдар
 Батрадз æмæ нарты Уацамонгæ
 Нарты симд
 Батрадз Нарты Дзуары куыд фæнадта
 Нарты æмбырд
 Хæмыцы мæлæт
 Батрадз  йæ  фыды туг куыд райста
 Батрадзы мæлæт
 Нарты  Сау Рувасдзарм
 Æхсæртæггаты æмæ Борæты хæст
 Нарт æмæ Уæйыджы стæг
 Айсана
 Сатанайы лæппу
 Уæрхтæнæджы фырт  Нæртон  Сыбæлц
 Бедзенæджы фырт чысыл Арæхдзау
 Сæууай
 Уастырджи æмæ Нæртон æнæфындз Мæргъуыдз
 Нарты сæфт
 Дзырдуат

Нартские сказания на русском языке