logo

М О Я    О С Е Т И Я



БАТРАДЗ ÆМÆ ТЫХЫ ФЫРТ МУКАР


Болатриу Батрадз ахæм лæг разынд,
æмæ æмбæхстæй уæларв йæхи дардта.
Кæм нæ, дын, уыдысты стæры цæуæг нарт!
Цалдæр азы-иу стæры фæхаттысты.
Иуахæм куы уыди, уæд та фæцыдысты
Фæсивæды дзæбæх кæдæмдæр дард ранмæ;
Фæцыдысты семæ хисдæртæ дæр.
Иу афæдз рацыди,—фæстæмæ нæ зынынц,
Нæ хъуысы никуыцæй сæ кой, сæ хъæр дæр.

Уæд, зæгъы, Тыхы фырт Мукара кæй хуыдтой,
Уый бавдæлди æмæ барвыста нартмæ:
«Уæ фыдæлтæ фыстой мæ фыдæлтæн хъалон,
Чызг хъалон, зæгъы, чызг хъалон рагæй дæр.
Нал æй бацагуырдтон иу цалдæр азы.
Ныр мын æй рарвитут, рарвитут дзæбæхæй,
На, 'мæ уæм фæцæуын, æмæ сар уæ къона!»
Ныккатай кодтой, уæдæ цы уыдаид,
Фæсте ма чи баззад нарт' адæмæй, уыдон:
«Куы никуы фехъуыстам, æмæ нарты адæм
Хъалондар уыдысты искæмæн искæд.
Ныр куыд бакæнæм, ныр цы бакæнæм:                1
Дæттæм, æмæ нæ азыммæ дардзысты
Нæ хæрзæджытæ, нæ гуыппырсартæ.
Ма дæттæм, æмæ нæм цæугæ кæндзæни
Æмæ нын тыхмитæ фæкæндзæн Тыхы фырт—
Ныхкъуырд ын чи радта нарты адæмæй,
Уыдон дард бæсты хæтæны куы сгы».
Уæд сын Сырдон зæгъы, Сырдон Гæтæджы фырт:
«Ницы бакæндзыстут æрхъуыды кæнынæн,
Фæлæ бафæрсут уартæ Сатанайы!»
Цалынмæ адæм Сатанайы фарстой,
Уалынмæ схæццæ ис Тыхы фырт йæхæдæг.
Схæцыдис, æмæ Нарты чызджы рæсугъд,
Чындзы дзæбæх кæм уыд, —йæ фыццаг сæ скодта.
Сатана куы федта уыцы æбуалиь ми, уæд
Хъæрццыгъа рацахста æмæ йын фæдзæхсы:
«Ме 'нæныййаргæ фырт болатриу Батрадз
æмбæхстæй бады уæлæ уæларв, мæ хур.
Тæхгæ, тагъд, уымæ, æмæ йын афтæ зæгъ:
«Лæугæ кæд кæныс, — бадгæ ма уал скæн,
Бадгæ кæд кæныс,—цæрдæг фест уæлæмæ
Æмæ хæццæ кæн тагьддæр дæ уæзæгмæ!
Дæ хъæу, зæгъ, фесæфт, ме 'нæныййаргæ фырт».
Кæд мын мæ ныхас сæмбæлын кæнай,
Уæд мæ кæрчытæй — барæвзаргæ дæу!»
Хъæрццыгъа атахти æмæ схæццæ ис
Болатриу Батрадзмæ уæларв — йæ бадæнмæ —
Æмæ йын ракодта Сатанайы ныхас.
Раппæрста йæхи уæларвæй Батрадз
æмæ æрхаудта Нарты уæзæгмæ;
Сыджыты аныхсти йæ агъдрæбынтæм;
Схæцыд йæхиуыл æмæ сгæпп ласта.
Бауад Сатанамæ æмæ йæ фæрсы:
—  Цы'рцыди, мæ мады хай, цы уынгæджы  фестут? —
«Нырмæ сылцы не 'рцыд, уый æрцыди Нартыл.
Кæд дæм фаг хъару ис —дæ сæр нæ бахъуыди»,
Зæгъы йын Сатана; æмæ йын радзырдта,
Уæдæ цы уыдаид, Тары фырты хъуыддаг.
—  Чердæм фæцæуы, че? — Батрадз æй афарста.
æмæ йын Сатана афтæ куы зæгъы:'
«Фурды былмæ ныццу, дæ мады 'рвадæлтæм,
æмæ ныхъæр кæн фурды былæй афтæ:
«Гыццыл Чех, ракæс-ма. Дæ сæр нæ бахъуыди;
æз дæн дæхион, дæ туг æмæ де стæг,—
Тагъд мын бацамон, Тыхы фырт кæм ис, уый!»
Уыцы Чехæн, мæ хур, Донбеттырты Чехæн,
Арвæй зæххы 'хсæн æмбæхст ницы ис —
Бацамондзæн дын, Тыхы фырт кæм ис, уый».
Хæдзармæ нал бацыд, нал, уæд болатриу.
Тагъд-тагъд фæраст ис ивазгæ къахдзæфтæй
æмæ фурды былмæ ныххæццæ ис уайтагьд.
æмæ ныхъæр кодта фурды былæй афтæ:
—  Гыццыл Чех, ракæс-ма! Дæ сæр мæ бахъуыди;
æз дæн дæхион, дæ туг æмæ де стæг, —
Тагьд мын бацамон, Тыхы фырт кæм ис, уый! —
Хъæрæй ныццарыдтой тар хъæдтæ, сау кæмттæ,
Хæхты хуыр дæлæмæ дурзæйтæ æркодта.
Чех уыди цæрдæг лæг — уайтагьд фæгæпп ласта;
Хъуыст-ма Батрадзæн йæ цъæхахсты нæрын,
Афтæ гыццыл Чех февзæрди йæ цуры.
«Дæхион дæн, зæгъгæ, афтæ мæм куы дзурыс,
æмæ мæхионтæй дæ хуызæн куы нæ ис,
Куы никуы дзы федтон æз де 'нгæс адæймаг,
Уæд чи дæ, кæцон дæ, уый мын куы зæгъис»,
Дзуры гыццыл Чех нарты Батрадзмæ.
—  Ма мæ схæц фæрсынтыл, фæлæ мын бацамон,
Кæм ис, кæцы ран, Тыхы фырт а бæсты? —
Уæд Чех куы фæкæны, гыццыл Чех, фыр цинæй:
«Базыдтон дæ гъе ныр — æцæг мæхион дæ!
Зæгъгæ бæргæ кæнин, Тыхы фырт кæм ис, уый,
Фæлæ йæм афтæ 'нцон нæу, мæ хур, бахауын!»
— Уæд та йæм ды бацу мæ номæй минæвар
æмæ йын æрмæстдæр зæгъ афтæ цыбырæй:
«Ма мæ бацæуын кæн, Тыхы фырт, дæхимæ,
Нартæй кæй нæ зоныс, æз дæн уыцы лæг —
Хæмыцы фырт Батрадз; æмæ дæ агурын.
Ды афтæ ма банхъæл, æмæ дæ фурды бын
Не ссардзьшæн, мийаг, гъе мын фæфидар дæ.
Хæстмæ дæм æрцыдтæн, æмæ мæм рацу тагъд!» —
Чех афтæ рæуæг уыд, æмæ 'ртæ бонцауы
Цыди æртæ уысммæ, 'ртæ цæстыныкъуылдмæ.
Тыхы фыртмæ бацыд æмæ йын радзырдта:
«Нартæй, дæм æрцыди иу æнæхил лæппу,—
Йæхи мын рахуыдта Хæмыцы фырт Батрадз.
Дыууадæс наййаджы цы мусы бацæуы,
Раст уый ас сты йæ дыууæ сау цæсты.
Дæумæ мæ рарвыста иу ныхас зæгъынмæ:
«æрцыдтæн хæцынмæ æз демæ,
Тыхы фырт! Кæд мæм бархийæ æттæмæ нæ цæуыс, —
Уæд дæм ныртæккæ фæцæуын мæхæдæг,
Уый ма 'нхъæл, æмæ дын æз фурдæй фæтæрсон!
æз дæ ссардаынæн суанг фурды бын дæр».
Дзыры уæд фæстæмæ Чехмæ Тыхы фырт:
«Хæстмæ мæм чи 'рцыди, уымæй куы бамбæхсон,
Уæд уыдзæн худинаг уый мæхицæн дæр.
Фæлæ кæд нæртон у, уæд нарты хæцæн бон
У рагæй майрæмбон,— уæдмæ йын цæттæ дæн!»
Раздæхт Чех уыйадыл æмæ ракодта
Болатриу Батрадзæн Тыхы фырты ныхас.
Цы мазагьтаид Хæмыцы фырт дæр!
Рацьци фæстæмæ Нарты цъæх уæзæгмæ.
æмæ ныхъæр кодта йæ нæргæ хъæлæсæй:
—  О, цагъды фæуат, нарт, бынцагъды, уастæндæр,—
Сау хæрæг сау митæ, кæй хъæуæн фæкодта!
Абон мын хæст расидт Тыхы фырт, хæст, уæдæ;
æмæ уыл схæцынæй мæ зæрдæ нæ дарын,
Фæлæ мæм-иу дардæй кæсгæ уæддæр кæнут! —
Цы сын уыд Батрадз, уый нарт нæма зыдтой,
æмæ, дын, сусæгæй дзурынц кæрæдзимæ;
«Хуызæй — нæхи хуызæн, кондæй — нæхи кондæн,
Фæлæ уæд ныры онг кæм уыди, кæцы ран?»
Батрадз сæ бамбæрста æмæ сæм куы дзуры:
—  Цæуыл тæрхон кæнут? Чи дæн, уый зæгъдзынæн:
Мæ мад уыд Быценон, мæ фыд та у Хæмыц.
Нæма уыдтæн нырмæ мæхи равдисынхъом,
æмæ уый тыххæй цардтæн æмбæхстæй,
Ныр Тыхйфыртимæ цæудзынæн хæцынмæ,
Нæ хæцæн бынат у Хызы фæтæн быдыр,
Сымах та-иу кæсут Уазы бæрзонд цъуппæй.—
Ралæууыд майрæмбон, Батрадзы хæцæнбон.
Йæхи ныццарæзта Хæмыцы болат фырт:
Йæ сау бæх раласта, хорз æй куы ныссæрфта;
Уый фæстæ йæ хорæй фаг куы бафсæста,
æмæ йыл сæвæрдта йæ фыды рагон саргъ;
Саргъæн йе 'хтæнгтæ хъæстæлвæст бакодта.
Райста йæ фæтæн цирхъ, райста йæ арц дæр,
Фатæй йæ фатдон тъысгæдзаг бакодта,
Йе'рдын æрцауыгъта йæ бæзæрхыг уæхскыл,
Бабадт йæ сау бæхыл æмæ йæм дзуры:
—  æз дын зæгъын, мæ бæх, æмæ æнæ ныфсæй
Мæнæн хæст нæ расидт Тыхы фырт Мукара.
Ауадздзынæн дæ мæ цуры хизынмæ;    
Мæхæдæг хæцдзынæн Тыхы сау фыртимæ,
Тыхы сау фыртимæ уыдзæн мæлæтдзаг тох.
Хæцынæй куы стæвд уон, уæд дæм фæдзурдзынæн,
Фæхъæр дæм кæндзынæн: «Гъæйтт, мæ бæх, цы фæдæ?!»
 Ды-иу уæд, мæ сау бæх, дардæй дæхи рауадз.
Куы мæм æрхæццæ уай, уæд-иу мæ нырриуыгъ
Дæ сынæгæй тыхджын, дæ бон цас уа, уыйас,—
Фурды хæдастæумæ куыд асхъиуон, афтæ! —
æрхæццæ ие Батрадз Хызы тыгъд быдырмæ;
Рахызти йæ бæхæй; æд саргъ æй быдыры,
Хызы тыгъд быдыры, хизынмæ ауагъта,
Йæхæдæг хъæр кæны Тыхы фыртмæ афтæ:
— Майрæмбон ралæууыд, æмбæхсгæ ма бакæ! —
Уайтагъд, дын, Тыхы фырт рагæпп ласта фурдæй.
Ныццавтой дыууæ дæр сæхи кæрæдзийыл.
Хæцынтæ байдыдтой, хæцынтæ, уæдæ цы!
Рыг сбадт сæ сæрмæ, уарыны сау мигъау,
Зæхх рызти сæ быны, хæхтæ згъæлдысты.
Кæрæдзи райдыдтой рахæсс-бахæсс кæнын
Кæмттæ 'мæ; быдырты, рæгътæ 'мæ къуыппытыл.
Бафтыдысты хъæдмæ — Батрадз, Тыхы фырт.
Бындзарæй рæдувынц æнусон тулдзытæ,
Кæрæдзи ныххойынц æдуидаг бæлæстæй.
Никуы 'мæ ницы — иу дæр сæ нæ сæдты.
Фæстагмæ Батрадз рахаста йæ разæй
Тыхы сау фырты сау фурды былмæ,
æмæ уæд фурды был хæцынтæ систой.
Болатриу стæвди 'мæ дзуры йæ бæхмæ:
—  Гъæйтт, мæ бæх, цы фæдæ, цы фæдæ, мæ сау бæх! –
Бæх йæхи рауагъта фурды 'рдæм уайтагьд.
Батрадзмæ, дын, уæд йæ сынæг фездæхта,

Нырриуыгъта йæ, йæ бон цас уыд, уыйас;
Батрадз сæмбæлди фурды хæд астæу.
Ныцъысцъыс кодта фурд, сфыхт цæдджинагау.
Батрадз æруазал ис. Рагæпп ласта фурдæй
æмæ ныхъæр кодта йæ хъæлæсы дзаг:
—  Сау хæрæг! Фæлæу ныр, Батрадз дæм   фæцæуы!
Фæтарсти Тыхы фырт, фурды фæныгъуылди.
Фурды бын та, зæгъы, кадзитæ цардысты.
Тыхы фырт куы уыди уыдонмæ фысыммæ.
Бауади кадзитæм Тыхы фырт, уæдæ цы!
Бауади 'мæ дзуры кадзиты мыккагмæ:
«Ахæм æрбацæуы, ахæм лæг  мæ фæстæ,
æмæ йын тыхгæнæг тых никуы ссардзæни.
Цы йын бакæнæм, уый хинæй æрмæстдæр!»
Кадзиты фыд мыккаг уæд ауынаффæ кæнынц.
æмæ, дын, куы скъахынц, куы, зæгъы, æмзондæй
Хæмыцы фыртæн уæрм йе'рбацæуæны,
Иæ бынæй йæ сæрмæ хъæр нæ хъуыст, ахæм уæрм
Ноджы йын йæ уæлæ байтыдтой гауызтæ,
Гауызтæ иæ уæлæ, хин æмæ кæлæнæн.
æрбацæуы Батрадз, Хæмыцы   болат фырт.
Кадзитæ куы дзурынц афтæ кæрæдзимæ:
«Нæ иутæ æрхæссæнт хъæдтæ 'мæ къуыдыртæ,
Уæрммæ сæ куыд калæм, уæрммæ, йæ уæлæ!
Не’ннæтæ ацæуæнт тагъддæр йæ размæ
æмæ йыл хинæй сæхи бафæдзæхсæнт».
Куыд загьтой кадзитæ, афтæ бакодтой:
Сæ нутæ æрхастой хъæдтæ æмæ къуыдыртæ,
Се ‘ннæтæ йæ размæ рацыдысты; дзурынц:
«Мах стæм раст адæм, ницы гæнæг стæм,
Дæ фæндагыл дын байтыдтам гауызтæ,
æмæ нæм æгас цу, æгас, нæ буц уазæг!»
Батрадз ныфсджынæй фæцæуы кадзитæм.
æдæрсгæ фæцæуы, даргъ къахдзæфтæгæнгæ
Фæдæуы гауызтыл; йæ быны ныххаудтой.
Ныххаудта, уæдæ цы, уæрмы йæхæдæг дæр.
Кадзитæ — фыд мыккаг — куы ныццин кæнынц уæд:
«Гъе ныр дæ куы ссардтам дæ раны, багъæц, ба!»
Халын ыл байдыдтой, хъæд уа 'мæ къуыдыр уа.
Хæмыцы болат фырт бавдæлы, ба, зæгъы,
æмæ сæвæры йæ цирхъ йæ сæрыл.
Хъæдтæ 'мæ къуыдыртæ хауынц йæ уæлæ,
Дыг кæнынц, лыстæг лыг, схъиуынц дыууæ 'рдæм
æмæ йæ бынмæ згъæлынц дæлæмæ.
Афтæмæй лыггæгггæй дзаг кæны арф уæрм.
Батрадз дæр сæ уæлæ цæуы хæрдмæ-хæрдмæ.
æмæ схæццæ ис арф уæрмæн йæ сæрмæ.
Арф уæрмæн йæ сæрмæ схæццæ ис, уæдæ цы!
æмæ фæхъæр кодта кадзитыл æваст:
— Багъæцут, фæхизын, фæхизын, фыд  мыккаг!
Кæдæм мын лидздзыстут, кæм мæрдтæм цæудзыстут!
Кадзитæ йæ хъæрæй куы фæсуртæ вæййынц,
Куы фæсуртæ вæййынц Батрадзы хъæрæй уым.
Уæрмæй фæгæпп ласта Хæмыцы болат фырт,
æсыджы фæмидæг, кадзиты мæсыджы,
Тыхы фыртыл фембæлд, Тыхы сау фыртыл.
Де знагыл уый ми куы 'рцæуид дæуæн дæр! —
Цирхъæй йæ расæрфта Хæмыцы болат фырт;
Йе'мбисмæ афасти, зæххыл æрфæлдæхти,
æмæ фæфардæг ис Барастыры размæ.
Уый фæстæ кадзитæм бавнæлдта болатриу,
Цæгъдын сæ байдыдта; бынцагъд сын ныккодта.
Нарты буц чызджыты, нарты нымд чындзыты
Йемæ ракодта, уæдæ цы уыдаид! —
æмæ æрцыди Нарты уæзæгмæ.
Чызджыты, чындзыты сæхимæ фервыста,
Йæхæдæг фæстæмæ уæларвмæ сфардæг ис
æмæ та уым йæхи бааууон кодта.

 Нарты кадджытæ — ирон адæмы культурон хæзна
 Ацæмæз æмæ Насран– Æлдар
 Ацæмæз æмæ Агуындæ-рæсугъд
 Сырдоны райгуырд
 Нарты Балц
 Фæндыр куыд фæзынд
 Сырдон Нарты куыд асайдта
 Сырдон Уæйгуыты куыд фæсайдта
 Сырдон йæ мæрдтæн хист куыд кодта
 Дæ тын дæ къух ссардта
 Сырдоны Тохъылы æргæвст
 Сырдоны  мард
 Æхсар æмæ Æхсæртæджы райгуырд
 Нарты Фæткъуы
 Дзерассæ-рæсугъд
 Æхсар æмæ Æхсæртæджы мæлæт
 Уырызмæг æмæ Хæмыцы райгуырд
 Уырызмæг æмæ  Хæмыц Уæрхæджы куыд  ссардтой
 Сатанайы райгуырд
 Сатана  Уырызмæджы ус куыд сси
 Уырызмæг Сатанайы йæ цæгатмæ куыд æрвыста
 Уырызмæджы æнæном лæппу
 Уырызмæг æмæ Сохъыр Уæйыг
 Уырызмæджы фæстаг балц
 Бæгæны  куыд  фæзынди
 Сосланы райгуырд æмæ  байсæрын
 Дауджыты   лæвæрттæ   Сосланæн
 Сослан – Тыхагур
 Сырдон Сосланимæ цæмæн фезнаг ис
 Сослан Бедухайы куыд æрхаста
 Сослан Сатанайы зындоны цадæй куыд фервæзын кодта
 Сослан Косеры куыд ракуырдта
 Сослан мæрдты бæсты
 Сосланы мæлæт
 Хæмыц ус куыд ракуырдта
 Батрадзы райгуырд
 Батрадзы денджызæй  куыд расайдтой
 Батрадзы  хъæзтытæ  сывæллонæй
 Хæмыцы  фырт  Батрадз  æмæ Деденæджы  фырт  Арæхдзау
 Нарты Батрадз æмæ Хъулонзачъе Уæйыг
 Батрадз йæхи куыд байсæрын кодта
 Батрадз  Уырызмæджы  куыд фервæзын кодта
 Батрадз æмæ Тыхы Фырт Мукар
 Батрадз æмæ Сохъыр Уæйыг Æфсæроны фырт Алæф
 Батрадз æмæ Сохъыр   Уæйыг Æфсæрон
 Батрадз Нарты Гуыппырсарты куыд фервæзын кодта
 Батрадз Сосланы куыд фервæзын кодта
 Батрадз æмæ æлдар
 Батрадз æмæ нарты Уацамонгæ
 Нарты симд
 Батрадз Нарты Дзуары куыд фæнадта
 Нарты æмбырд
 Хæмыцы мæлæт
 Батрадз  йæ  фыды туг куыд райста
 Батрадзы мæлæт
 Нарты  Сау Рувасдзарм
 Æхсæртæггаты æмæ Борæты хæст
 Нарт æмæ Уæйыджы стæг
 Айсана
 Сатанайы лæппу
 Уæрхтæнæджы фырт  Нæртон  Сыбæлц
 Бедзенæджы фырт чысыл Арæхдзау
 Сæууай
 Уастырджи æмæ Нæртон æнæфындз Мæргъуыдз
 Нарты сæфт
 Дзырдуат

Нартские сказания на русском языке