logo

М О Я    О С Е Т И Я



СОСЛАН – ТЫХАГУР


Иуахæмы та нарты фæсивæд
Сæ Хъазæн фæзы æрæмбырд æсты,
Æрæмбырд æсты 'мæ стыр симд самадтой.
Симынц зыхъ симдæй нарты фæсивæд;
Зæххыл куы фæсимдтой, уæд та сарæзтой
Кæрæдзи уæхсчытыл æттæгуæлæ симд.
Хорз куыннæ симдтой нарты скуыхт фæсивæд,
Фæлæ сæ уæддæр Сосланæй хуыздæр
Ничи арæхстис, ничи кафынмæ.
Зæххыл куыд арæхстис, уымæй хуыздæр та
Уæхсчытыл симдта дурæйгуырд Сослан.
«Цæйут, ныр та, уæдæ, нæ фæттæ бавзарæм»,
Хорз куы фæсимдтой, уый фæстæ, зæгъынц,
Нарты фæсивæд мысан æрæвæрдтой
Æмæ йæ, зæгьы, æхсынтæ байдыдтой.
Нарты фæсивæдæй цæуылнæ уыдаид
Рæстдзæвин лæппутæ, фатæй дæсны 'хсджытæ,
Фæлæ дзы уæддæр Сосланы хуызæн
Иу дæр нæ фескуыхтис: уыцы иу ран-иу
Æмбæлди йæ фат алы æхстæн дæр.
Фæттæй кæм æхстой, уымæй чысыл фалдæр
Фурды хæрз былыл хъом ривæд кодтой.
«Æххæст ма бавзарæм нæ тых, нæ хъару дæр, —
Зæгьынц та фæсивæд.— Цомут фурды былмæ».
Бацыдысты, зæгъы, нарты фæсивæд
Стыр фурды былмæ сæ тых æвзарынмæ.
Сæ тых та, зæгъы, афтæ куы 'взæрстой:
Хъомы рæгъауæй-иу æнæхост уæныг
Рæгъауæй уайтагьд фæхицæн кодтой!
Исчи-иу ныххæцьщ нарты фæсивæдæй
æнæхост уæныгæн йæ къуыбыр сыкъатыл
æмæ-иу æй, фехста фурдæн йæ сæрты,
Кæмæн бахауид иннæ фарсмæ, зæгьгæ.
Уыцы 'взæрст фæкодтой фæсивæд радыгай,
Фæлæ дзы иуæн дæр йæ бон нæ бацис
Фурды фаллаг фарсмæ уæныджы фехсын:
Фурды бæстастæу-иу йæ тъæпп фæцыдис.
Уæд, зæгъы, Сослан рæгьауы æхсæн
Амæй æстырдæр уæныг нæй, зæгьгæ,
Ахæммæ бацыд æмæ раласта.
Ныххæцыд уæныгæн йæ дыууæ сыкъайыл
æмæ йæ фехста фурдæн йæ сæрты.
Фехста йæ æмæ дынджыр уæныгæн
Фурды фаллаг фарс йæ тъæпп фæцыдис.
Басаста, уæдæ цы, нарты фæсивæды
Нарты Хъазæн фæзы дурæйгуырд Сослан.
Уæлдай æскуыхтыл йæхи банымадта
Фæсивæды æхсæн, уæдæ цы уыдаид.
æмæ дзы адæм дæр æппæлын байдыдтой,
«Сосланæй тыхджындæр ничи уыдзæн», зæгьгæ.
«Ам, Нарты бæсты, нарты адæмæй
Мæ тых, мæ хъару кæимæ бавзарон,
Ахæм лæг нал ис,—дзуры йæхицæн
Дурæйгуырд Сослан,— фæлæ баздæхон
æмæ тыхагур ахæтон бæсттыл».
Р1æхи барæвдз кодта алцы 'ппæтæй дæр
æмæ иу райсом арастис тыхагур.
Цæуынтæ байдыдта дурæйгуырд Сослан
æмæ цас фæцыди—чи зоны, фæлæ
Иуафон бафтыдис иу стыр фурды былмæ.
«Ацы фурды былты мæхи саразон,—
Кæд, æппын фæстаг, искæуыл фембæлин».
æмæ араст ис уыцы фурды былтыл.
Дон-дон дæлæмæ цæуынтæ байдыдта.
Цас фæцыд, чи зоны, фæлæ, дын, иу бон
Кæсы æмæ дæлæ иу кæсагахсæг, —
Йе 'нгуыры хъæд уыдис æнæхъæн бæлас,
Йæ æнгуырыл та уытъыры бæсты
Фысы мард ауыгъд уыд, æнæхъæн фысы мард.
— Байрай, кæсагахсæг! — Сослан æм дзуры.
«Чи дæ? Кæцæй фæдæ?» фæрсы кæсагахсæг.
— æз,— загъта Сослан,— тыхагур рацыдтæн,
æмæ куыд кæсын, афтæмæй, цыма,
Дæуæй тыхджындæрыл нал сæмбæлдзынæн,—
æз ницы, фæлæ цу, — загъта кæсагахсæг,—
Ам дон-дон дæлæмæ, æмæ чысыл дæлдæр
Мæ хисдæр æфсымæр кæсаг ахсдзтни,—
Уыимæ бавзар дæ тых, дæ хъару».
Араст ис Сослан дон-дон дæлæмæ.
æмæ ныххæццæ ис иу кæсагахсæгмæ.
Уый æнгуыры хъæд та — стырдæр бæласæй,
Йæ æнгуырыл та уытъыры бæсты
Хъуджы мард ауыгъд, æнæхъæн хъуджы мард.
— Байрай, кæсагахсæг!—дзуры йæм Сослан.
«æгас цу, уазæг! — зæгъы кæсагахсæг.—
Чи дæ? Цавæр дæ? Кæцы 'рдæм цæуыс?»
—  æз дæн, мæхицæй тыхджындæр чи уа,
Ахæм агурæг,—дзуапп радта Сослан. —

æмæ куыд уынын, афтæмæй, цыма,
Дæуæй тыхджындæрыл нал сæмбæлдзынæн.—
«æз ницы, фæлæ цу, дæлæ дæлдæр ныууай,
Уым иу ран фурды был мæ хисдæр æфсымæр
Кæсаг ахсдзæнис,— уый мæнæй тыхджындæр,
Уыимæ бавзар дæ тых, дæ хъару»,
Зæгъы та уый дæр нарты Сосланæн.
Араст та ис, зæгъы, нарты скуыхт Сослан
Дон-дон дæлæмæ, уæдæ цы уыдаид.
Цас ауад, чи зоны, фæлæ ныхæццæ ис
Кæсагахсæгмæ. Кæсы йæм Сослан.
Иуыл диссаг та ацы æфсымæр уыд:
Йæ 'нгуыры хъæд уыдис тархъæды бæласæй,
Йæ æнгуырыл та уытъыры бæсты
Галы мард конд уыдис, æнæхъæн галы мард.
— Байрай, кæсагахсæг!— дзуры йæм Сослан.
«æгас цу, æгас! Кæцæй фæдæ, хорз лæг?»
Фæрсы кæсагахсæг нарты Сосланы.
—  æз тыхагур дæн; æмæ мæхицæй
Тыхджындæр чи уа, ахæмы агурын,—
Загъта йын Сослан.—æмæ куыд кæсын,
Афтæмæй, цыма, дæуæй тыхджындæрыл
Нал сæмбæлдзынæн æппæт бæстæты дæр.—
«Ацу уал нæхимæ, изæры фендзыстæм!»
Загьта кæсагахсæг нарты Сосланæн,
æмæ йын сæхимæ фæндаг бацамыдта.
Араст ис Сослан дон-дон дæлæмæ
æмæ ныххæццæ ис иу стыр хæдзармæ.
«Ай сыгъдæгæй дæр уыдоны хæдзар у»
Зæгъы йæхи нымæр дурæйгуырд Сослан.
Бацыдис, æмæ дзы бады иу зæронд ус.
— Дæ бон мын хорз уа, уæ, мæ мады хай! —
Бадзуры Сослан уыцы зæронд усмæ.
«Мæ мады хай», зæгъгæ, мын куы нæ загътаис,
Уæд дæ айсæрстаин мæ дæндæгты згæтæ, —
Загъта зæронд ус.— Фæлæ ныр дæхи
Мæ уазæг бакодтай æмæ æгас фæхæт!
Кæцæй цæуыс æмæ цы агурæг дæ?»
—  æз Нарты бæстæй дæн, — зæгъы, йын  Сослан,
Мæнæй тыхджындæр нæ бæсты нæ разынд,
æмæ уый зæрдæйæ тыхагур рацыдтæн —
Мæ тых бавзарон æндæр бæсты, зæгъгæ. —
 «Гъе-гъи, нæртон лæг, кой дæр æй мауалскæн,—
Загъта йын зæронд ус.— Ме'ртæ фырты сты
Кæсагахсынмæ, æмæ сæ изæры
Ардæм хъæудзæни, æмæ дæ куыддæр
Ам æрбаййафой, афтæ дæ стæгдар дæр
Нал баззайдзæни—бахæрдзысты дæ.
Фæлтау уал ныртæккæ мæнæ исты ахæр,
æсуадз уал дæ фæллад, стæй дын фервæзынæн
Уæд исты мадзал æфтдзæни мæ къухы».
Фынг ын æрæвæрдта, куыд æмбæлы, афтæ,
Фæлæ ма Сослан цы æнæбары хордтаид!
Хæрд куыддæр фæци, афтæ йæ зæронд ус
Йæ сасиры бын амбæхста арынджы.
Нарты Сослан ма бæргæ фæлвæрдта
Сасир сисыныл æмæ рахизыныл,
Фæлæ йæ змæлын дæр нæ бафæрæзта.
Изæры 'рцыдысты æртæ æфсымæры,
æрцыдысты æмæ дзурынц сæ мадмæ:
— Иу хæххон дзигло куы рарвыстам абон —
æрдав-ма ный æй, æмæ дзы асхъауæм
Ацы 'ххормагæй чысыл нæ дæндæгтæ,
Рагæй нал фестæм дзиглойы хъæстæ».
«Мæнæ уал исты ахæрут, мæ хуртæ,
Уыцы дзигло дæр уын нæ аирвæздзæни:
Сасиры бын уал æй æркодтон уæртæ,
Раттдзынæн уын æй сæумæ аходæнæн!»
Дзуры йæ фырттæм кæсагахсджыты мад,
æмæ сын æхсæвæр ахæрын кодта,
Стæй сын уæд загъта: «æсхуыссут, мæ хуртæ!»
Лæппутæ куыддæр æрфынæйтæ сты,
Афтæ мад бавдæлди æмæ Сосланы
Сасирьг бынæй сабыргай райста,
Райста æмæ йæ дуармæ рахаста,
Уым æй фæндагыл куы бафтыдта 'мæ йæм
Афтæ куы дзуры: «Цу, æмæ ма кæд
Дæ къæхты фæрцы дзæбæхæй аирвæзай,
Кæннод дын, лæппу, фервæзæн нал ис!»
æхсæв бонмæ, зæгъы, уайынтæ байдыдта,
Уайынтæ байдыдта дурæйгуырд Сослан.
Уалынмæ, зæгъы, æртæ 'фсымæры дæр
Куы 'рыхъал вæййынц æмæ куы базонынц,
Дзигло кæй алыгъд, фыдæнхъæл кæй фесты, —
æмæ йæ фæсте сурынтæ куы сисынц.
Лидзы нарты Сослан, уæдæ цы уыдаид,
Лидзы æмæ ма фæкæс-фæкæс кæны.-
Иу хатт куыд фæкаст, афтæ, дый, ауыдта:
æртæ 'фсымæры йæ фæсте 'рбасурынц.
Йæ уадыл бафтыдта дурæйгуырд Сослан
æмæ баййæфта иу ран иу бæлццоны.
Бæлццон уыд иудзонгон, иуцæстон уæйыг.
— У-у, æз де уазæг мæрдты дæр æмæ
Ам, уæлæуыл, дæр,—дзуры йæм Сослан.—
Уæртæ мæ æрбасурынц æртæ æфсымæры,
Куы мæ 'рбаййафой, уæд ме сæфт æрцыдис. —
«Хуыцауы уазæг у, —дзуры йæм уæйыг. —
Цы дын мæ бон уа, уый дын кæндзынæн!»
Уæйыг Сосланы йæ дзыхы баппæрста,
æмæ йæ бамбæхста йæ комы къулы.
Уалынмæ, зæгъы, æртæ æфсымæры
Иудзонгон уæйыгмæ куы 'рбахæццæ вæййынц.
«Нæ дзигло цы фæци, уый нын зæгъ ныртæккæ!
«æз ницы федтон, — дзуры сæм уæйыг,—
Сымахмæ мæ не 'вдæлы, ма мæ уромут!»
«Ратт нын нæ дзигло, кæннод дын дæхи дæр
Ардыгæй æвыдæй нал ауадздзыстæм»,
Дзурынц та уæйыгмæ æртæ æфсымæры.
«Уæ фæндагыл цæут, æндæра мæнæй
Фос нæ фæкæндзыстут!» зæгъы сын иудзонгон.
æртæ 'фсымæры сæхи ныццавтой
Иудзонгон æмæ иуцæстон уæйыгыл.
«Уæдæ уæ тæригьæд уæхи уæд!» зæгъгæ,
Уæйыг фæлæбурдта æртæ 'фсымæрмæ,
Рацахста сæ 'мæ сæ йæ быны равæрдта,
Йæхæдæг Сосланы йæ дзыхæй раппæрста
æмæ йæм дзуры: «Марадз-ма мæнæ
Мæ агъдыл иу æрду, æмæ йæ ратон, —
æз сæ: ныббæттон иумæ уыцы 'рдуйæ».
Сослан ныххæцыди уæд уыцы æрдуйыл,
Иæ тых, йæ бонæй йæ райваз-байваз кæны,
Фæлæ йын нæ комы æрду ратонын.
Йæ астæуыл æй бæндæнау æртухы,
Афтæмæй дæр ыл ахæстытæ кæны,
Уæддæр нæ фæразы æрду ратонын.
«Кардæй йæ алыг кæн!» дзуры йæм уæйыг.
Сослан йæ иу къухæй æрдуйыл хæцы,
Йе'ннæ къухæй та йе стыр цирхъ фелвасы
æмæ дзы цонгуæзæй æрдуйы 'рриуыгъы,—
Цирхъы ком ацис йæ цæгаты хуызæн,
Фæлæ дын, — бæгуы! — æрду нæ лыг кæны.
Уæд иудзонгон уæйыг æртæ æфсымæры
æрæууæрста 'мæ сæ æрбатымбыл кодта
æмæ сыл æрынцад йæ уæраджы сæрæй,
Иæхæдæг равнæлдта йæ къухæй фæстæрдæм,
æрду ратыдта æмæ дзы уайтагъд
æртæ 'фсымæры иумæ æрбаста,—
Змæлгæ дæр нал кодтой, афтæ æрсабыр сты.
Сæ бон куы базыдтой æртæ 'фсымæры,
Уæд лæгъстæ кæнын байдыдтой уæйыгæн:
«Суæгъд нæ кæн 'мæ нæ ауадз нæ хæдзармæ,
Ницыуал нæ хъæуы, ницыуал дæ агурæм».
Сæ баст сын райхæлдта иудзонгон уæйыг,
Кæдæм уæ фæнды, уырдæм цæут, зæгъгæ.
Сослан æмæ уæйыг цæуынц сæ фæндагыл,
Цæуынц, цæуынц æмæ иу хатт куы уыдис,
Уæд иудзонгон уæйыг фæрсы Сосланы:
«Чи дæ, кæцон дæ, кæмыты хаттæ,
Балцы цы   агуырдтай уыцы иунæгæй?» —
æз дæн нарты Сослан. Тыхагур рацыдтæн, —
Зæгъы нарты Сослан иудзонгон уæйыгæн.—
Иу бон нæ фæсивæд æрæмбырд æсты
Иу фурды былмæ сæ тых æвзарынмæ.
Хъомæй раластам иу æнæхост уæныг
æмæ йæ æвзæрстам фурдьц сæрты 'хсыныл.
Уыцы 'взæрст фæкодтой сæ тых фæсивæд,
Фæлæ дзы иуæн дæр йæ бон нæ бацис
Фурды фаллаг фарсмæ уæныджы фехсын.
æрмæст мæнæн бантыст фурдæн йæ иу былæй
Йæ иннæ былмæ уыцы уæныг фехсын.
Мæ зæрдæ мæхиуыл куыннæ фæдардтаин! —
æмæ уый адыл тыхагур рацыдтæн.
Цы раны бафтыдтæн — федтай дæхæдæг.
Арфæйаг мын дæ, дæ руаджы фервæзтæн,
æндæр нарты зæххыл нал сæмбæлдаин. —
«Уæ, нарты Сослан, уæдæ мах бæсты
Мæй кæуыл рацæуы, ахæм сабитæ дæр
æхсынц фурды сæрты уæныг нæ, фæлæ
Цыфæнды стыр гал дæр, æмæ уæд дæр не стæм
Сымах хуызæн ныфсхаст,—загъта йын уæйыг.—
æз дын æрхæсдзывæн иу ахæм æмбисонд:
Мах уыдыстæм авд æфсымæры.
æфсымæртæн уыдтæн æз сæ тæккæ кæсдæр,
Нæ фыд дæр ма   уыдис раст саджы хуызæн лæг.
Иуахæмы, дын, стæры ацыдыстæм;
Иу бон ныл фæссихор цъæх мигъ æрбадтис
æмæ райдыдта сæлфынæг хæссын,
Стæи уæд фæстагмæ уарын   рацыди;
Мах астæй æд бæхтæ бынат агурæм;
Кæсæм, æмæ уæртæ иу ран иу лæгæт;
Бацыдыстæм дзы, нæхи дзы æруагътам.
Чысыл фæстæдæр, дын, уæртæ иу фийау
Йæ фос æрбаскъæры нæ лæгæты рæзты.
Фыдæбойнаг фæуæд!— нæл сæгъ фездæхтис
Лæгæтмæ æмæ йыл йæхи хафын систа;
Лæгæт базмæлыдис,' бадзойдзой кодта,
Авдæны хуызæн дыууæ'рдæм æссис—
Нæ лæгæт кæд уыдис бæхы сæры стæг!
Фийау «дзæгъæс-дзæгъæс» кæны йæ сæгъæн,
Фæлæ сæгъ, бæгуы, читт дæр нæ кæны.
Фийау фæмæсты ис, йæхи йыл раскъæрдта,
Сæгъ лидзæг фæцис, фæлæ фийау йæ лæдзæг
Бæхы цæсты хуынчъы фæсагъта фыр мæстæй,
Сæры кæхц фелвæста æмæ йæ фехста;
Сæры кæхц фæтахтис æмæ уыцы сæгъæн
Сæмбæлд йæ сыкъатыл. æмæ ныппырх ис.
Мах дæр, дын, уырдыгæй, бæхæй уа, лæгæй,—
Фæхæлиу æстæм, уæдæ цы уыдаид.
Фийау нæм фездæхтис: мæ фыд фæмард ис,
Мард фесты уыцы ран ме 'хсæз æфсымæры,
Мæнæн дæр мæнæ мæ къабаз атыдта,
æстæй мæ ныууагъта —йæ фосмæ фæци.
Мæ цæст та æсхаудта лæдзæджы бырынкъæй,
Сæры кæхцы йæ куы фæцавта, уæд.
Уый та дын, Сослан, мæхи æмбисæндтæ.
Уырдыгæй фæстæмæ æз никуы уал загътон:
«Тыхагур фæцæуон, тыхагур ахæтон!»
æстæй мæ чи уарзы, мæхæдæг кæй уарзын,
Уыдонæн фæдзæхстон æмæ сын фæдзæхсын:
Тыхагур ма цæут, фос дзы не ссардзыстут.
Ацу, мæ хур, ды дæр, æмæ иу мауал зæгъ,
Мæхицæй тыхджындæр никуы уыдзæн, зæгъгæ».
Иудзонгон уæйыг сæ хъæумæ ацыди,
Нарты Сослан дæр рараст кодта æмæ
æрцыди Нартмæ, уæдæ цы уыдаид!

Йæ бæхыл абадтис æмæ фæраст ис
Тыхджын Мукарайæн й'адзал кæмæй уыдис,
Уыцы сæрдасæн æрбахæссон, зæгъгæ.
Куы бахæццæ вæййы хæдзары къæсæрмæ,
Уæд хъуыды кæны Сослан йæхи нымæр:
«Уый нæ уыдзæнис хуымæтæг сæрдасæн,
Цыдæр хин мын хъавы уыцы сæрдасæнæй».
Сослан фелвæста дынджыр хъæды лыггаг,
æмæ афтæмæй фæцæуы хæдзармæ.
Куыддæр, дын, Сослан къæсæрыл фæцæйхызт,
Гъе афтæ сæрдасæн уæлæ уæлкъæсæрæй
Ратæррæст ласта 'мæ хъæды лыггаджы
Цæхкæрмæ фæкодта раст дыууæ дихы,
Йæхæдæг, зæгъы, зæххы абадтис.
Систа сæрдасæн æмæ йæ йемæ
Рахаста æмæ фæстæмæ рараст ис.
Куы 'рбахæццæ ис Мукарайы цурмæ,
Уæд æм бадзуры Тары фырт Мукара:
«Гъæй, дæ бон ныккалай, кæлæнгæнæджы фырт,
æнхъæлдæн æмæ та уымæй дæр фервæзтæ!»
Нарты Сослан æм хæстæг бацыди
æмæ йæм дзуры:—Дæуæн дæ тых куыд у,
Афтæ ма дæ зонд дæр куы уыдаид, уæд дын
Зæххыл тыхгæнæг тых не ссардтаид.—
«Иу дзырды бар ма дæ курын фæстагмæ,—
Зæгъы йын Мукара.— Зондджын дæ, Сослан,
Фæлæ тых хъуаг дæ; мæн куы амарай,
Уæд-иу мын æслас мæнæ мæ астæумагъз,
æмæ-иу уымæй дæхицæн рон æскæн,
æмæ уæд мæ хъару дæу уыдзæн иууылдæр».
Сослан сæрдасæны ихыл ауагъта:
Сæрдасæн фезмæлыд, уæдæ цы уыдаид,
æмæ Мукарайæн йæ сæр акъуырдта.
Йæ сæр куы фæхицæн тыхджын Мукарайæн,
Уæд ын Сослан дæр йæ астæумагъзыл
Галтæ сифтыгъта æмæ йын æй сласта.
Сласта йæ æмæ йæ, ныр йæ астæуыл
Абæдта, зæгъгæ, уæд ахъуыды кодта:
Ахæм тыхджын лæгæн йæ астæумагъз дæр
Хуымæтæджы магъз нæ уыдзæнис, зæгъгæ;
Афæлварон уал æй æндæр истæуыл.
Ахаста астæумагъз Сослан стыр тар хъæдмæ,
Иу тæрс бæласыл æй роиау æрбабаста,
Тæрс бæлас цæхкæрмæ фæлыг хырхæй лыгау;
æрбабаста та йæ дыккаг бæласыл дæр,—
Ахауын та кодта дыккаг бæласы дæр.
Афтæ аст бæласы ахауын кодта
Раст хырхæй лыгау Мукарайы астæумагъз.
Фарæстæм бæласы нал алыг кодта,
æрмæст ма йын йæ цъар чысыл фæнос кодта.
Тых дзы куы нæ уал уыд, уыцы астæумагъзы,
Уæд æй СосЛан дæр æрбаста й'астæуыл.
Нарты Сослан та бады йæ мусонджы,
Зарджытæ кæны йæхицæн хъæлдзæгæй,
Йæ фос дæр хизынц, уæдæ цы уыдаид,
Кæнынц фырæфсæстæй дæлгæмттæ-уæлгæмттæ.
Цас рацыдаид, чи звны, фæлæ та
Иу бон кæсы æмæ дардæй æрбазындис
Арвæй зæххы 'хсæн иу æстыр сау æндæрг.
Йæ зæрдæ фехсайдта нарты Сосланæн, —
Хорзы нысан кæй нæу, уый бæргæ базоны.
Куыд хæстæгдæр цæуы, афтæ стырæй-стырдæр
Кæны сау æндæрг. Уалынмæ 'рбаввахс ис.
æмæ æндæрг нæ,— барæг куы разынди.
«Уый Бибыц уыдзæни, Тары дыккаг фырт,—
Хъуыды кæны Сослан æмæ тæрсын байдыдта.—
Сæ иуæй фервæзтæн, фæлæ ма амæн та
Цы кæнон — нæ зонын?» Барæг æрбахæццæ.
æрвнæрæгау та уый дæр фæхъæр кодта
Нарты Сосланыл: «Чи куыдз, чи хæрæг дæ,
Махæн нæ зæххæн мæлдзыг куы нæ уæнды
Йæ уæлæ алæсын, маргъ куы нæ уæнды
Йæ сæрты атæхын, уæд ды цæй домбай дæ,
Куыд æрыскъæрдтай ды ардæм дæ фос?»
—  æз цæй домбай дæн, дæ рынтæ бахæрон!
æз дæн æрмæстдæр нарты Сосланы 'ххуырст.
Стыр Нарты бæстыл фыд-зымæг æркодта,
Залты мит ныууарыд Нарты хизæн фæзты;
Сæ бирæ фосæн нал уыд бахæринаг
æмæ сæ, Сослан хизынмæ рарвыста
Мæнæн ацы бæстæм. Куы нæ ракуымдтаин,
Уæд мæ амардтаид нарты болат Сослан;
Ды дæр мæ амар, мæнæн цы уæлдай у!
æмæ, Сослан зæгъдзæн: «Мæхимæ нæ уæнды,
Фæлæ мын ме 'ххуырсты амардта», зæгъгæ. —
Сосланы ныхæстæм Бибыц фæсабыр ис,
Фæсабыр ис æмæ дзуры Сосланмæ:
«Зæгъ-ма мын, æххуырст, ме 'фсымæр
Мукара Ауылты не 'рбацыд, нæ йæ федтай, мийаг?»
—  Куыд нæ йæ федтон, — дзуапп радта Сослан.
«Уæдæ цы фæци?» фæрсы та йæ Бибыц.
—  æрбацыдис æмæ мæ нал уагъта де 'фсымæр:
Бацамон мын, зæгъы, Сосланы хъæзтытæ.
æз ын сæ фæдзырдтон, фæцамыдтон сæ.
Сосланы хъæзтытæй иу хъазт фæзмгæйæ,
Йæ сæрыл их систа дæ тыхджын æфсымæр
æмæ йæ ахаста уæлæ Нарты хъæумæ. —
«Дæ хуыцауы тыххæй мæнæн дæр бацамон
Нарты Сосланæн йæ диссаг хъæзтытæй,—
Нарты Сосланы кой мах рагæй хъусæм».
—  Уыйас дæр фæлвар Сосланы хъæзтытæй,
Сæ бацамонын дын мæ быгъдуан фæуæд,—
Загъта нарты Сослан Тары фырт Бибыцæн.
«Цæй-ма, радзур мын», нал лæууы Бибыц.
—  Сосланы фосимæ ис дыууæ цъæх фыры,
Уыцы дыууæ фырæн сæ астæу æрлæууы,
Йæ сæр сæм бадары йæ зæрдæдзæбæхæн:
Дыууæ фыры йæ се стыр сыкъатæй
Цæвынтæ байдайынц, цæвын, дыууæ 'рдыгæй,
æмæ, фæстагмæ, куы бафæллайынц,
Уæд нарты Сослан йæ цæсгом æрсæрфы
æмæ фæкæны: «Оф, оф, æрцардтæн!» —
«Кæм дын сты, уæдæ, уыцы дыууæ фыры?»
Фæрсы та Бибыц нарты Сосланы.
—  Цом, бацамонон дын уыцы дыууæ фыры, —
Загъта йын Сослан æмæ йæ бакодта
Дыууæ цъæх фырмæ. Фырытæ дæр, зæгъы,
Ахæмтæ уыдысты, раст галты йæстæ!
Тары фырт Бибыц сæ астæу æрлæууыд
æмæ сæм йæ сæр цæвынмæ бадардта.
Хæцынтæ байдыдтой дыууæ стыр цъæх фыры:
Фæйнæрдæм фæцæуынц æмæ дыууæ 'рдыгæй
Сæ тых, сæ бонæй Тары фырт Бибыцæн
Йæ сæр ныггуыпп ласынц. Афтæ йæ фæхостой
Суанг изæры онг. Изæры, фырытæ
Куы бафæлладысты, уæд Бибыц загъта:
«Ай æцæг хорз хъазт куы у», æмæ «оф-сф»,
Зæгтьгæ, йæ цæсгом асæрфта. Асæрфта йæ цæсгом
æмæ та фæрсы нарты Сосланы:
«Уæдæ ма æндæр цы хъазтæй фæхъазы?» —
Нарты Сослан ма афтæ дæр фæхъазы:
Фидар æрсадзы хохрæбын æрцытæ,
Йæхæдæг æссæуы уыцы хохы сæрмæ
æмæ уырдыгæй айнæгыл ракафы,
Ракафы, йæхи ныззыввытт кæны
æмæ æрцытæм йæ сæр æрхæссы,
æмæ йæ сæрæй ныллæууы æрцытыл.—
«Кæс-ма-иу, уæдæ, мæнмæ дæр ныртæккæ,—
Загъта Бибыц, æмæ бæрзонд хохы рæбын
Фидар æрсагъта æстыр цъæх æрцытæ.
Йæхæдæг æссыди бæрзонд хохы сæрмæ
æмæ уырдыгæй айнæгыл ракафыд,
Айнæгæй йæхи ныззыввытт кодта,
Йæ сæр æрхаста комкоммæ æрцытæм,
æрцытыл йæ сæрæй хъен ныллæууыди
æмæ йæ къæхтæй æрæмдзæгъд кодта.
«Цæй, куыд дæм фæкасти мæ хъазт та, уæдæ? —
Дзуры Сосланмæ Тары фырт Бибыц.—
Сослан ма мæнæй бирæ хуыздæр хъазы?» —
О, мæ хур акæнай, уый хъаруйæн та
Кæрон кæм ис, кæ! — зæгъы нарты Сослан. —
Дыууадæс цæдæй æрбаласын кæны
Цъæх дойнаг дуртæ, сæдæ цæдæй та
Суг æрласын кæны, стæй дуртыл бандзары
æмæ сæм сæдæ куынцæй дымын байдайы.
Дуртæ куы стæвд вæййынц куынцгомы цæхæры,
Уæд ын сæ йæ дзыхмæ 'ппарын байдайынц,
Уый сæ аныхъуыры, æстæй сæ фæстæмæ
Раппары уазалæй, рату сæ кæны.—
«Бафæлварæм та уыцы хъазт дæр, уæдæ»,
Загъта Тары фырт нарты Сосланæн.
Аифтыгътой, зæгъы, нарты къобор галты
æмæ дойнаг дуртæ дыууадæс цæдæй
æрæфтауц кодтой денджызы былмæ,
Сæдæ цæдæй та сæм суг æрбаластой.
Бандзæрстой сугтыл æмæ сæм сæдæ куынцæй
Дымын байдыдтой. Дуртæ фаг куы стæвд сты,
Уæд Тары фырт Бибыц тæвд дурты байдыдта
Йæ дзыхмæ æппарын, аныхъуырдта сæ
Стæй-иу сæ фæстæмæ раппæрста уазалæй.
Дуртæ куы фесты, уæд ныуулæфыди
æмæ загъта Бибыц: «Ай хъазтæн бæззы,
Мæ хуылф мын чысыл батæвд, бахъарм кодтой.
Гъе, ныр мын бацамон нарты Сосланæн
Йæ тæккæ зындæр хъазт, æз уый дæр бавзарон». —
Нарты Сосланмæ ма ис иу ахæм хъазт дæр:
Ных^изы денджызы æмæ дзы слæууы,
æрмæст ма дзы йæ сæр куыд зына, афтæ.
Уæле йыл ныккалынц цъыхыры 'мæ дурæй,
Хъæды лыггагæй цы ссарынц, уыдон.
Уый фæстæ Сослан скувы хуыцаумæ:
«Уæ, хуыцæутты хуыцау! Уæ, мæхи хуыцау!
Ахæм хъызт рауадз, ахæм уазал схъызæд,
Доны цыхцырæг-иу их-цæджындз куыд кæна!»
Денджыз ныйих вæййы æмæ Сослан ихы
Йæ уæхсджытыл сисы æмæ йæ аппары.—
«æнæ бавзаргæ нæй мæнæн дæр ацы хъазт,
Кæддæра Сослаи цытæ фæразы,
Уыдон иууылдæр æз дæр бафæразин»,
Загъта Бибыц, æмæ денджызы бацыди,
 æрмæст ма дзы йæ сæр куыд зына, афтæ.
Нарты Сослан ыл калынтæ байдыдта
Цъыхыры 'мæ дурæй, хъæды лыггагæй
Цы ардта, уыдон. Уый фæстæ æскуывта:
«Уæ, хуыцæутты хуыцау! Уæ, мæхи хуыцау!
Ахæм хъызт рауадз, ахæм уазал схъызæд,
Доны цыхцьпрæг-иу их-цæджындз куыд кæна!»
Нартæн-иу сæ куывд цæуаг уыдис, зæгъынц,—
Ахæм хъызт ракодта æмæ, дын, стыр денджыз
Айнæг их фестади æд пыхс, æд дуртæ.
Иу иннабонæй иу иннабонмæ
Фæбадтис Бибыц ихы бын денджызы,
Фæбадтис, стæй йæм уæд Сослан дзуры:
—  æгъгъæд у, Бибыц, ныр ихыл æсхæц! —
Бибыц æсхæцыдис 'мæ, цыма, ницы уыд,
Уыйау их систа, иу фарс æй аппæрста,
Йæхæдæг рацыдис денджызæй хид калгæ.
«Оххай, гъе, оххай! Амæй æнцонтыл
Нал аирвæздзынæн,— хъуыды кæны Сослан,—
Фосæй, лæгæй нын нал ис æнæсæфгæ».
«Ныр ма мын, нарты 'ххуырст, бацамон æххæст
Нарты Сосланæн йæ хæтæнтæ дæр»,
Дзуры та Бибыц Сосланмæ афтæ.
—  Хорз, уый дыи мæ быгъдуан, — загъта йын Сослан —
æз мæ фос фæстæмæ Нартмæ куы скъæрон,
Уæд мæ фæдыл цу æмæ дын Сосланæн
Йæ хæтæнтæ дæр бацамондзынæн.—
Чи зоны, æмæ ма Сослан уым цас фæцис,
Фæлæ уалынмæ уалдзæг дæр ралæууыд.
Нарты Сослан дæр æсхæцыд æмæ
Нæ фосы рæгъау бæрæгæй 'рбаскъæрдта.
Нарт сæ фос куы федтой, хæрзхастæй, бæрæгæй,
Уæд ныццин кодтой, уæдæ цы уыдаид,
Сослан та сæ цæсты ноджы фæкадджындæр;
Кодтой йын арфæтæ. Сосланæн йæ зæрды
Цы тас уыд, уый та нарт цæмæй зыдтой?!
Алчи сæ йæ фос сæхимæ аскъæрдта.
Сослан дæр бацыдис сæхимæ æмæ та
Йæхи йæ бандоныл мæсты уагъд æркодта,—
Йæ бандон йæ быны ныкъæс-къæс кодта.
Зонынджын Сатана уайтагъддæр базоны,
Йæ фырт Сослан та йæ гаччы кæй нæй,
æмæ йæм дзуры: «Цы кæныс, Сослан,
Куыд мæсты бадт æркодтай? Дæ фосы рæгъау
Хæрзхастæй, бæрæгæй куы 'рбацыдысты
æмæ нарты цæсты уæлдай кадджын куы сдæ». —
Нал мæ ис фосы мæт, — зæгъы йын Сослан.—
Тары фырттимæ зондæй фæхæцыдтæн,
Хисдæр фырт Мукара, уый бæргæ амардтон,
Й’астæумагъзæй ма йын бæргæ скодтон рон дæр,
Фæлæ Бибыцыл цæмæй не сфæлвæрдтон,
Уый мын нæ баззадис, уæддæр ын мæ бон
æппын ницы бацис: ахæм у, ахæм
æмæ йын тыхгæнæг тых не ссардзæнис;
Ныр та йæ мæ фæдыл рæхджы ардæм хъæуы. —
«æппындæр дзы ма тæрс, æз дын ын, Сослан,
æсхос кæндзынæн!» зæгъы Сатана.
Цас абадтысты, чи зоны, афтæ, дын,
Тары фырт Бибыц дæр сæ дуармæ схæццæ ис,
Схæццæ ис æмæ дуарæй бахъæр кодта.
Сатана йæм рауад, «æгас цу» йын загъта,
æмæ, дын, фездæхтис уайтагъд фæстæмæ,
æз уал мæ хæдзар афснайон, зæгъгæ.
Бауади æмæ дзуры Сосланмæ:
«Ды дæхи ма равдис, мæ бар æй бауадз».
Сæ хæдзары фæсдуар уыди стыр арф уæрм,
Сосланы уырдæм ныххизын кодта,
Ныххизын   æй кодта æмæ йæм дзуры:
«Уырдыгæй-иу мæм дæ хъус дар, Сослан!»
Йæхæдæг ауадис фæстæмæ дуармæ
æмæ Бибыцы хæдзармæ 'рбакодта,
æрбадын æй кодта къæлæтджын бандоныл,
Уайтапьд дæр ын хæрд, нозт арæвдзытæ кодта,
æмæ йын дзаг фынг йæ разы авæрдта.
«Сосланы агурын, æхсызгон мæ хъæуы! —
Загъта Тары фырт,— ам ис, æви нæй?»
«Сослан дæр зындзæни, банхъæлмæ йæм кæс,
Дард балцы уыдис, нырма ныр   æрхæццæ
æмæ йыл цин кæнынц дæлæ нæ фæсивæд.
Фæлæ уал, нæ уазæг, ды исты ахæр,
Дард балцæй æрцыдтæ, фæллад уыдзынæ!»
æмæ йæм нуазæн дæтты Сатана,  
Бибыц нуазæн райста 'мæ кувы хуыцаумæ.
Уæд та йæм дзуры хинæйдзаг Сатана: 
«Оххай, хорз уазæг, хуыцаумæ куы кувыс!
Нарты фæсивæд дæ уый куы базоной, 
Уæд дæ удæгасæй нал ауадздвысты».
«Кæд афтæ у, æфсии, уæд акув дæхæдæг!»
æмæ йæ нуазæн дæтты Сатанамæ.
Нарты Сатана дæр, хинæйдзаг Сатана,
Райста йæ нуазæн, уæдæ цы уыдаид.
Нуазæн йæ къухы, афтæмæй Сатана
Дзуры Бибыцмæ: «Зæгъ мын, нæ хорз уазæг,
Кæм æсты дæ уд, дæ тых æмæ дæ ныфс?»
«æмæ дæ уыдон та цæмæн бахъуыдысты?»
Бафарста Бибыц нарты Сатанайы.
«Цæмæн афтæ зæгъыс, — дзуры йæм Сатана,—
Уыдонæн акувон, æндæр сæ цы кæнын.
Нарты куывд афтæ у, хуыцаумæ нæ кувынц».
Тары фырт Бибыц бахудт йæхи нымæр
æмæ афтæ зæгъы нарты Сатанайæн:
«Мæ уд дæр, мæ ныфс дæр æмæ мæ тых дæр
æсты дæ цуры, уыцы цæджындзы».
Бæсты хин Сатана фæуади цæджындзмæ:
Батæ йын кæны, хъæбыстæ йын кæны.
Бибыц æм кæсы æмæ йыл худы:
«Ай æдылы у, æмæ дзы ахъазон».
æмæ та дзуры нарты Сатанамæ:
«Уым цы агурынц мæ уд, мæ тых, мæ ныфс?»
«Уæдæ дын кæм æсты?» фæрсы йæ Сатана.
«Къонайы дуры», дзуапп радта Бибыц.
Сатана бауадис къонайы'дурмæ,
Ууыл дæр, цæджындзау, цинтæ кæнын систа:
Батæ йын кæны, хъæбыстæ йын кæны.
Кæсы йæм Бибыц æмæ та йыл худы:
«Уæ, уæртæ гæды сыл, дæ къонайы дуры
Иы аразы мæ уд, кæм æй агурыс?»
«Хорз уазæг, æз 'дæ зæрдиагæй фæрсын,
Акувон дын, зæгъгæ, ды та мæ, сæрæй,
Расай-басай кæныс? —дзуры тызмæгæй
Сатана Бибыцмæ. — Бар дæхи, ма сæ зæгъ!»
Баууæндыд Бибыц нарты Сатанайыл,
Баууæндыдис ыл æмæ йæм дзуры:
«Хорз, уæдæ дын сæ, æцæгæй, зæгъдзынæн:
Мæнæн мæ тых дæр, мæ ныфс, мæ уд дæр
Сты хохы фцдары Бур айнæджы сæр,—
Болат лагъзы мидæг æртæ бæлоны.
Уыдонæй сæ иу мæнæн мæ тых у,
Дыккаг мæ ныфс у, æртыккаг — мæ уд».
«æмæ сын фенæн нæй?» фæрсы йæ Сатана.
«Куыннæ сын ис фенæн, — загъта йын Бибыц.—
Мæнæ мæ карды дуарæй куы авдисай,
Уæд сæ тæккæ цурмæ рухс тæлм адардзæнис».
«Хорз, уæдæ, мæ хур, ныр сын æскувдзынæн»,
Загъта Сатана æмæ сын æскуывта,
Уый фæстæ дзуры: «Гъе ныр, нæ уазæг,
æрæвнал дæ фынгмæ, дард балцæй æрцыдтæ».
Тары фырт Бибыц хæрыныл балæууыд,
æххормаг дæр уæдæ куыннæ уыдаид!
Хинæйдзаг Сатана ронджы нуазæныл
Сусæгæй акодта карз хуыссæджы хос
æмæ йæ Бибыцæн бануазын кодта.
Хæрд куыддæр фæцис Тары фырт Бибыц,
Афтæ йыл фэезынди карз хуыссæджы хос,—
Уайтагъд æй хуыссæг ахсын байдыдта.
Сатана йын тагъд-тагъд хуыссæнуат æркодта,
æрхуыссын кодта Тары фырт Бибыцы.
Афынæй ис Бибыц, йæ хуырхуыр æссыди.
Уæд, зæгъы, бавдæлы бæстыхин Сатана,
æмæ раласы Бибыцæн йæ кард.
Ныдздзуры Сосланмæ, уæлæмæ схиз, зæгъгæ.
Схизы Сослан дæр, уæдæ цы уыдаид,
æмæ дыууæ дзер фæдуарæтте сты.
Бибыцы кард, зæгъы, хуры'рдæм адарынц,
Адарынц æмæ, дын, Бур айнæджы сæр
Лагъзы комкоммае, раст арвы ронау,
Бæрæг тæлм адары, бæрæг тæлм, уæдæ цы.
Сосланмæ, зæгъы, хъæрццыгьа куы уыдис,
æрмахуыр хъæрццыгъа, цумайы хъæрццыгъа.
æмæ йæ Сослан тæлмыл ацардауы.
æмæ йын уайтагъд дæр лагъз æрхæццæ кæны.
Бибыц ма уæддæр хуыррыттæй хуыссы.
Уæд, зæгъы, Сослан дæр лагъз байгом кæны
æмæ лагъзæй сисы æртæ бæлоны.
Йæхæдæг дуарæй йæ хъæлæсы дзаг
Куы бахъæр кæны Тары фырт Бибыцмæ:
— Чи куыдз, чи' хæрæг дæ, уый мæ хæдзары
Чи цы ми кæны æнæ мæн бафæрсгæ? —
Тары фырт Бибыц фестъæлфы, фесхъиуы
æмæ йæ хуыссæны бæргæ рабады,
Фæлæ йын Сослан йæ ныфсы бæлонæн
Йæ къубал сыскъуыны æмæ йæ аппары.
Ныдздзойдзой кæны тыхджын Тары фырт
æмæ йæ цонджы'нцой йæ уатыл æрхуыссы.
Дыккаг хъæр бакæны Сослан йæ дзыхы дзаг:
—  Чи куыдз, чи хæрæг дæ, уый мæ хæдзары
Чи цы ми кæны, ратте уæд тагъддæр!—
Тары фырт Бибыц та бæрпæ фæцæй æсты,
Фæлæ йын Сослан йæ тыхы бæлонæн
Йæ къубал сыскъуыны æмæ йæ аппары.
Йæ тых асастис ныфсджын Тары фыртæн,
Бæргæ базыдта ныр, чи уыд нарты хъомгæс,
Базыдта йæ æмæ мæстæй ныккæрзыдта:
«Базыдтон дæ ныр — ды Сослан кæй дæ!
Фæлæ ма цы кæнон,— зондæй мыл фæтых дæ!
æвæццæгæн æмæ мæ хисдæр æфсымæр
Мукарайы дæр мæрдтæм ды барвыстай».
Уалынмæ та йæм Сослан æртыккаг хатт дæр
Йæ дзыхы дзаг афтæ куы бахъæр кæны:
—  Чи куыдз, чи хæрæг дæ, мæ разы 'ртæ хъæрæн
Пæрæнбонты дæр куы ничи фæлæууыд?!—
Тары фырт Бибыц ма йæ хуыссæнуаты
Бæргæ базмæлы, стынвæнд ма скæны,
Фæлæ йын Сослан йæ уды бæлонæн
Йæ къубал сыскъуыдта æмæ йæ аппæрета.
Йæхи ауагъта Тары фырт Бибыц:
Æртæ хæлиуы ма йæ дзых фæкодта,
Æмæ уый адыл мæрдтæм араст и.
Равзæрста Сослан нарты фæсивæдæн
Сæ тæккæ хуыздæртæ æмæ сæ акодта
Тары фыртты бæстæм фос фæкæнынмæ.
Нарты фæсивæд сын сæ фос куы раскъæрынц,
Куы сын рахæссынц сæ мулк, сæ исбон
æмæ куы рацæуынц Нартмæ дзагармæй.
Куы, зæгъы, байуарынц сæ фос æмæ мулк
Æртæ Нарты 'хсæн, се 'гъдаумæ гæсгæ.

 Нарты кадджытæ — ирон адæмы культурон хæзна
 Ацæмæз æмæ Насран– Æлдар
 Ацæмæз æмæ Агуындæ-рæсугъд
 Сырдоны райгуырд
 Нарты Балц
 Фæндыр куыд фæзынд
 Сырдон Нарты куыд асайдта
 Сырдон Уæйгуыты куыд фæсайдта
 Сырдон йæ мæрдтæн хист куыд кодта
 Дæ тын дæ къух ссардта
 Сырдоны Тохъылы æргæвст
 Сырдоны  мард
 Æхсар æмæ Æхсæртæджы райгуырд
 Нарты Фæткъуы
 Дзерассæ-рæсугъд
 Æхсар æмæ Æхсæртæджы мæлæт
 Уырызмæг æмæ Хæмыцы райгуырд
 Уырызмæг æмæ  Хæмыц Уæрхæджы куыд  ссардтой
 Сатанайы райгуырд
 Сатана  Уырызмæджы ус куыд сси
 Уырызмæг Сатанайы йæ цæгатмæ куыд æрвыста
 Уырызмæджы æнæном лæппу
 Уырызмæг æмæ Сохъыр Уæйыг
 Уырызмæджы фæстаг балц
 Бæгæны  куыд  фæзынди
 Сосланы райгуырд æмæ  байсæрын
 Дауджыты   лæвæрттæ   Сосланæн
 Сослан – Тыхагур
 Сырдон Сосланимæ цæмæн фезнаг ис
 Сослан Бедухайы куыд æрхаста
 Сослан Сатанайы зындоны цадæй куыд фервæзын кодта
 Сослан Косеры куыд ракуырдта
 Сослан мæрдты бæсты
 Сосланы мæлæт
 Хæмыц ус куыд ракуырдта
 Батрадзы райгуырд
 Батрадзы денджызæй  куыд расайдтой
 Батрадзы  хъæзтытæ  сывæллонæй
 Хæмыцы  фырт  Батрадз  æмæ Деденæджы  фырт  Арæхдзау
 Нарты Батрадз æмæ Хъулонзачъе Уæйыг
 Батрадз йæхи куыд байсæрын кодта
 Батрадз  Уырызмæджы  куыд фервæзын кодта
 Батрадз æмæ Тыхы Фырт Мукар
 Батрадз æмæ Сохъыр Уæйыг Æфсæроны фырт Алæф
 Батрадз æмæ Сохъыр   Уæйыг Æфсæрон
 Батрадз Нарты Гуыппырсарты куыд фервæзын кодта
 Батрадз Сосланы куыд фервæзын кодта
 Батрадз æмæ æлдар
 Батрадз æмæ нарты Уацамонгæ
 Нарты симд
 Батрадз Нарты Дзуары куыд фæнадта
 Нарты æмбырд
 Хæмыцы мæлæт
 Батрадз  йæ  фыды туг куыд райста
 Батрадзы мæлæт
 Нарты  Сау Рувасдзарм
 Æхсæртæггаты æмæ Борæты хæст
 Нарт æмæ Уæйыджы стæг
 Айсана
 Сатанайы лæппу
 Уæрхтæнæджы фырт  Нæртон  Сыбæлц
 Бедзенæджы фырт чысыл Арæхдзау
 Сæууай
 Уастырджи æмæ Нæртон æнæфындз Мæргъуыдз
 Нарты сæфт
 Дзырдуат

Нартские сказания на русском языке