logo

М О Я    О С Е Т И Я



БАТРАДЗ СОСЛАНЫ КУЫД ФЕРВÆЗЫН КОДТА


Иуахæмы, зæгъы, иуахæмы, уæдæ,
Кадзиты Сатана йæ лæппуйæн арæзта
Кæхц æмæ рарвыста кадзиты чызджытæн
Сæ тæккæ рæсугъдты æмæ сын загъта:
«Фæцæут, мæ хуртæ, нарты Сатанамæ,
Нарты 'Сатанамæ кæхцгур фæцæут.
Лæвæрттæ уын, зæгъы, фæкæндзæн, лæвæрттæ,
Æмæ-иу афоныл фæстæмæ раздæхут!»
Араст, дын, кодтой кадзиты чызджытæ
Нарты Сатанамæ, уæдæ цы уыдаид!
Сусдурæй гуырд Сослан фыдуаг кæм нæ уыди!
Фембæлди фæндагыл кадзиты чызджытыл
Æмæ сын, зæгъы, фыд митæ фæкодта.
Чызджытæ фæстæмæ, мæстæйдзаг, æнкъардæй,
Ныздæхтысты уайтагъд сæхи Сатанамæ.
Сатана сæ фæрсы, кадзиты Сатана:
«Цы баистут, уæдæ, куыд у, цæй уæ хъуыддаг?»
Æмæ йæм дзурынц кадзиты чызджытæ:
«Фыдвæд фæхæссæнт,  фыдамонд   фæхæссæнт —
Кæхц кæмæн кæныс, уыцы лæппу дæр,
Кæхцгур кæмæ 'рвыстай, уыцы Сатана дæр:
Сослан ныл фембæлдй, фæндагыл цæугæйæ,
Æмæ нын фыд митæ фæкодта, фыд митæ»...
Фæдзырдта кадзиты фæстæмæкъахджынтæм:
«Ацæут, — Сослан кæмдæрдиддæр ис, —
Ссарут мын æй тагъд æмæ йæ æркæнут,
æвæстиатæй йæ æркæнут мæнмæ!»
Сосланæн цуанæй кæм уыд фæцухгæнæн!
æрцахстой йæ кæмдæр цуаны цæугæйæ
Кадзиты фыд мыккаг æмæ йæ æркодтой;
Йемæ ма уыд ноджы иу мæгуыр лæджы фырт.
Кадзиты Сатана сæ дыууæйы дæр
Къулыл байтыгъта сæхи дарæстæй.
Нал зыны æмæ нал Сослан сæ хæдзармæ.
Сыстадысты, зæгъы, чысылæй, æстырæй
æртæ Нарты адæм æмæ фæцагуырдтой
Нæрæмон Сосланы цæуæнты — хæтæнты
Иу иннабонæй иннæ иннабонмæ.
Никуыдæр йæ мард, никуыдæр йе стæгдар!
Хæмыцы фырт Батрадз уыди кæмдæр балцы.
æртæ Нарты бадынц æнкъардæй 'ртæ раны,
Катай куы кæнынц æрхæндæг зæрдæйæ:
«О, нæ дарæг Сослан, нæ уромæг Сослан!
Кæм нын фесæфтæ, чемæ ма цæрдзыстæм!

Уæд та ма де стæгдар куы 'рхæццæ уыдаид
Нарты сыджытмæ, нарты уæлмæрдтæм!»
Уалынмæ 'рхæццæ ис Батрадз йæ дард балцæй,
Уæлæсыхмæ бацыд, Уæллаг Нартмæ, зæгъы.
Бадынц Уæллаг Нарт æнкъард, æрхæндæгæй.
Дзуры сæм болатриу:—Уе 'зæр хорз, Уæллаг Нарт!—
Зæхмæ кæсынц адæм, Уæллаг Нарты адæм,
æмæ дзы сыбыртт никæмæй хауы.
Рараст ис уырдыгæй Хæмыцы фырт Батрадз
æмæ æрцыди Астæуккаг Нартмæ.
—  Уе 'зæр хорз, — зæгъгæ, та уыдонмæ дæр дзуры.
æмæ уыдонæй дæр ничи ницы сдзырдта.
Дæлæсыхмæ 'рдыди, Дæллаг Нартмæ, зæгъы.
Сæргуыбырæй бадынц Ныхасы Дæллаг Нарт,
Хисдæрæй, кæсдæрæи— иууыл кæсынц зæхмæ.
—  Уе'зæр хорз, ДæллагНарт!—Батрадз сæм æсдзыр;
Уыдонæй дæр та йæм ничи ницы дзуры.
Уæд, дын, араст ис Хæмыцы болат фырт
æмæ бацыди нарты Сатанамæ
æмæ йæ фæрсы, уæдæ цы уыдаид:
—  Дæ хуыцауы тыххæй, нæ хъæуыл цы 'рцыди?
Нартыл æрзылдтæн, не 'ртæ сыхыл дæр,    
«Уе 'зæр хорз», зæгъгæ, загътон алкæмæы дæр,
æмæ мын æппындæр ницы æгъдау радтой,
Фæстæмæ дзы ныхас   никæмæй æсхауди?! —
æмæ йæм дзуры нарты Сатана:
«Цы кæнæм, мæ лæппу,—Сослан нын фесæфти.
Сыстадысты адæм, æртæ Нарты адæм,—
Цæуынхъом дзы чи у, йæ къахыл цæуынхъом,
Уыдонæй фæсте ничиу.ал баззади —
Зилынц, агурынц ныр къуырийы дæргъы —
Никуы дæр йæ мард ис, никуы дæр йе стæгдар».
Нал хæдзармæ бацыд, нал кæрдзын бахордта
Хæмыцы фырт Батрадз, афтæмæй араст ис,
Афтæмæй араст ис Сосланы агурæг.
Хуры чызг та йын уыдис кæнгæ хо,
æмæ йæхицæн загъта Хæмыцы фырт:
«Цон æмæ мæ хойы, ме 'рдхорды бафæрсон,
Кæд, мийаг, исты базыдта Сосланæн».
æмæ араст ис, сфардæг уæларвмæ..
Хуры чызг æм рауад, худæндзаст, хъæлдзæгæй
æмæ йæм Батрадз кæсы æнкъардæй.
Хуры чызг фæджих ис æмæ йæм дзуры:
«Ме 'рдхорд æфсымæр, нæ чысылæй нырмæ
Мах стæм кæрæдзийæн æфсымæр æмæ хо,
æмæ дæ æнкъардæй, гъе нырау  æнкъардæй
Куы никуы ма федтон, уæд дыл цы фыд æрцыд?»
æмæ йын куы зæгьы Хæмыцы фырт Батрадз:
— Цы ма кæнон, мæ хо: Сослан нын фесæфти.
æртæ Нарты йæ ныр къуыри агурынц—
Никуы дæр йæ' мард ис, никуы дæр йæ хауæн.—
Хуры чызг ныххудтис æмæ йæм куы дзуры:
«Сосланы диссæгтæм чи нæ касти, Батрадз! —
Кадзитæ йæ 'рцахстой, кадзиты фыд мыккаг,
Иу лæппу дæр йемæ, иу мæгуыр лæджы фырт,
æмæ сæ Сатана, кадзиты Сатана,     
Байтыгъта къулыл, йæ уаты къулыл».
Иæ былтæ ахсыдта Хæмьщы фырт Батрадз.
«Хæрзбон» загъта чызгæн, фæстæмæ фездæхти
æмæ араст ис кадзитæм, уæдæ цы!
Фæндагыл фембæлди мæгуыр зæронд лæгыл.
æмæ йæм дзуры фæлмæн хъæлæсæй:
—  О, дæ фæндаг раст, дæ фæндаг, зæронд лæг!—
«О, дæ хъуыддаг раст, Хæмыцы фырт Батрадз»,
Дзуапп ын радта мæгуыр зæронд лæг.
—  Цы агурыс, хорз лæг?—фæрсы йæ болатриу.
«Иу лæппу мын уыди арвæй зæххы 'хсæн,
æмæ мын фесæфти, æмæ уый агурын.
Цы хъæд нæ баскæрстон, цы дон нæ баскæрстон
Хохæй, быдырæй — ахæм мын нал баззад —
Никуы дæр йе стæгдар, никуы дæр йæ хауæн».
—  æз та, уæдæ, хорз лæг, Сосланы агурын.
Ма уал фыдæбон кæн — æз сæ ссардтон,
æмæ дыл дæ лæппу райсом æмбæлдзæни—
Сослан цы ран ис, дæ лæппу дæр уым ис. —
Зæгъы зæронд лæгæн Хæмыцы фырт Батрадз.
Араст ис дарддæр Батрадз, уæдæ цы!
æмæ ныххæццæ ис кадзиты хъæумæ.
Сатанамæ бацыд, кадзиты Сатанамæ
æмæ йæм дзуры:—«Ме 'фсымæр Сосланы
Тагьд куы нæ ссарай, уæд додой дæ къона! —
Цы гæнæн ма уыди кадзиты фыдсылæн,
æмæ Батрадзмæ дзуры, тæрсгæ-ризгæ:
 «Уæртæ уаты къулыл тыгъдæй лæууы Сослан!»
æргъæу уатмæ бауад болатриу Батрадз,
Уаты къулыл тыгъдæй куы федта Сосланы,
Уæд доны разылдта йæ дынджыр цæстытæ.
—  Ардæм дæ цуаны цы фыдбылыз æрхаста? —
Сосланы мæстыйæ фæрсы болатриу. —
Лæппуйы тыххæй дын барст фæуæд ацы хатт,
æндæра дæ къулыл тыгъдæй ныууагътаин.—
Рафтыдта къулæй дыууæ лæджы дæр —
Нарты Сослан æмæ мæгуыр лæджы фырты.     
Йæхæдæг азылдис кадзиты хъæуыл
æмæ кадзитæн сухы цагъд ныккодта.
Чызг уацайрагæй, лæппу уацайрагæй,
æнæуый фæллойæ — цыдæриддæр ссардта—
Уыдон йæ фыццаг æскодта Батрадз,
Афтæмæй рараст ис сæхимæ, уæдæ цы!
Фæндагыл фембæлди мæгуыр зæронд лæгыл,
Йæ фырты йын радта бирæ лæвæрттимæ.
æрхæццæ ис Нартмæ. æртæ Нарты дæр
Цин куыннæ фæкодтой Сосланы фæзындыл.
Цыдæриддæр фæллойæ рахаста кадзитæй,
Цыдæриддæр ракодта чызг, лæппу уацайраг,—
Уыдон байуæрста нарты мæгуыртæн.

 Нарты кадджытæ — ирон адæмы культурон хæзна
 Ацæмæз æмæ Насран– Æлдар
 Ацæмæз æмæ Агуындæ-рæсугъд
 Сырдоны райгуырд
 Нарты Балц
 Фæндыр куыд фæзынд
 Сырдон Нарты куыд асайдта
 Сырдон Уæйгуыты куыд фæсайдта
 Сырдон йæ мæрдтæн хист куыд кодта
 Дæ тын дæ къух ссардта
 Сырдоны Тохъылы æргæвст
 Сырдоны  мард
 Æхсар æмæ Æхсæртæджы райгуырд
 Нарты Фæткъуы
 Дзерассæ-рæсугъд
 Æхсар æмæ Æхсæртæджы мæлæт
 Уырызмæг æмæ Хæмыцы райгуырд
 Уырызмæг æмæ  Хæмыц Уæрхæджы куыд  ссардтой
 Сатанайы райгуырд
 Сатана  Уырызмæджы ус куыд сси
 Уырызмæг Сатанайы йæ цæгатмæ куыд æрвыста
 Уырызмæджы æнæном лæппу
 Уырызмæг æмæ Сохъыр Уæйыг
 Уырызмæджы фæстаг балц
 Бæгæны  куыд  фæзынди
 Сосланы райгуырд æмæ  байсæрын
 Дауджыты   лæвæрттæ   Сосланæн
 Сослан – Тыхагур
 Сырдон Сосланимæ цæмæн фезнаг ис
 Сослан Бедухайы куыд æрхаста
 Сослан Сатанайы зындоны цадæй куыд фервæзын кодта
 Сослан Косеры куыд ракуырдта
 Сослан мæрдты бæсты
 Сосланы мæлæт
 Хæмыц ус куыд ракуырдта
 Батрадзы райгуырд
 Батрадзы денджызæй  куыд расайдтой
 Батрадзы  хъæзтытæ  сывæллонæй
 Хæмыцы  фырт  Батрадз  æмæ Деденæджы  фырт  Арæхдзау
 Нарты Батрадз æмæ Хъулонзачъе Уæйыг
 Батрадз йæхи куыд байсæрын кодта
 Батрадз  Уырызмæджы  куыд фервæзын кодта
 Батрадз æмæ Тыхы Фырт Мукар
 Батрадз æмæ Сохъыр Уæйыг Æфсæроны фырт Алæф
 Батрадз æмæ Сохъыр   Уæйыг Æфсæрон
 Батрадз Нарты Гуыппырсарты куыд фервæзын кодта
 Батрадз Сосланы куыд фервæзын кодта
 Батрадз æмæ æлдар
 Батрадз æмæ нарты Уацамонгæ
 Нарты симд
 Батрадз Нарты Дзуары куыд фæнадта
 Нарты æмбырд
 Хæмыцы мæлæт
 Батрадз  йæ  фыды туг куыд райста
 Батрадзы мæлæт
 Нарты  Сау Рувасдзарм
 Æхсæртæггаты æмæ Борæты хæст
 Нарт æмæ Уæйыджы стæг
 Айсана
 Сатанайы лæппу
 Уæрхтæнæджы фырт  Нæртон  Сыбæлц
 Бедзенæджы фырт чысыл Арæхдзау
 Сæууай
 Уастырджи æмæ Нæртон æнæфындз Мæргъуыдз
 Нарты сæфт
 Дзырдуат

Нартские сказания на русском языке