logo

М О Я    О С Е Т И Я



БАТРАДЗ  ЙÆ  ФЫДЫ  ТУГ КУЫД  РАЙСТА


 

Æхсæртæггатæ  æрæмбырд  æсты
Æмæ Хæмыцы мард бавæрдтой кадимæ.
Хæмыцæн йæ фырт — болатриу Батрадз —
Сæхимæ нæ уыди уыцы рæстæджы —
Балцы та фæцыди кæдæмдæр, дард бæстæм.
Уæд æхсæртæггатæ бауынаффæ кæнынц:
«Фехъусын кæнæм болатриу Батрадзæн,
Дæ фыд кæйдæр къухæй мæрдтæм бацыд,  зæгъгæ».
Фæлæ нæ зыдтой, цы бæсты ис, уый.
Æмæ бавдæлынц æмæ арвитынц
Изæры Ирдгæйы Райсомы Ирдгæмæ,
Æмæ йын афтæ куы бафæдзæхсынц:
«Тагьд атæх, æрзил ды арвыл, зæххыл,
Æссар Батрадзы æмæ йын зæгъ афтæ:
«Дæ фыд Хæмыцы дын чидæр амардта».
Кæд бадгæ кæна —тагьд сыстæд уæлæмæ,
Кæд лæугæ кæна—мауал-иу сбадæд!»
Изæры Ирдгæ уыцы ныстуан Райсомы
Ирдгæйыл сæмбæлын кодта. Райсомы
Ирдгæ алы ран азылди:
Æрзылди арвыл дæр, æрзылди зæххыл дæр.
Фембæлди Батрадзыл, Хæмыцы 'ндон фыртыл,
Æмæ йын фыццаг, нарты 'гъдаумæ гæсгæ,
Тæфæрфæс ракодта, стæй йын уæд загъта:
«Нарты хисдæртæ мæ абон сæудары
Хъæргæнæг рарвыстой, хъæргæнæг дæумæ:
Дæ болатрихи фыд, нарты хорз Хæмыц
Фыдгулы къухæй мæрдтæм бацыди».
Йæ арцыл æрынцад Хæмыцы болат фырт
æмæ ныккуьщга, ныгъе-гъе кодта,
æмæ æркалдта йе 'ндон цæстытæй
Уæззау цæсты сыгтæ, зды цæсты сыгтæ.
Йæ зæрдæйы æлхынцъ кæуынæй куы суагьта,
Уæд уайтагьд фæраст ис сæхимæ Батрадз.
æрхæццæ ис æмæ фæреы Сатанайы:
— Мæ фыды мын, æна, чи фыдгул амардта? —
«Ничи йæ амардта, ме 'нæныййаргæ фырт,
Дæ фыд йæхи низæй бацыди мæрдтæм.
Уый'йæ хæс бафыста, йæ хуыцауы хæс,
Фæлæ мын дæхæдæг, мæ болатриу хъæбул,
æгайтма дæ хæдзар сæрæгасæй ссардтай».
Сатана зыдта, болатриу-Батрадз
Стыр фыдбылызтæ кæй скæндзæни, уый;
Стæй ноджы тарсти, йæхиуыл дæр, мийаг,
Исты фыдбылыз куы 'рцæуа, уымæй
æмæ йын уый тыххæй йæ фыды марджыты
æсхъæр кæныы вæнд нæ кодта Сатана.
Батрадз бамбæрста Сатанайы хъуыддаг
æмæ йæм дзуры фæлмæн хъæлæсæй:
—Цæкуытæ хæрын мæм æрцыд, æна! —
«Цæкуыты кой дæр кæныс, мæ хъæбул!»
Загьта Сатана æмæ, цингæнгæ,
Къæй уæларт бавæрдта; цæкуытæ акодта,
æрыдзаг дзы кодта иу дынджыр хъæдын къус,
æмæ йæ бадардта болатриу Батрадзмæ,
«Уый дын цæкуытæ, айс, ахæр!» зæгъгæ.
—Хъæдынкъухæй мæ хъомыл кодтай, æна? -
Дзуры Сатанамæ Хæмыцы фырт Батрадз.
Сатана фембæрста Батрадзы ныхас,  
Къусæй йæ. армы дзаг цæкуытæ фелвæста,
Судзгæ цæкуытæ, æмæ сæ бадардта
Болатриу Батрадзмæ, уæдæ цы уыдаид!
æмæ, дын, болатриу йæ мады къух рацахста
æмæ йæ нылхъывта судзгæ цæкуытимæ.
æмæ куы дзуры нарты Сатанамæ:
—Тагъд мын зæгъ, æна, мæ фыды марæджы!—
Гæнæн ын нал уыди нарты Сатанайæн —
Нал баурæдта йæ къухы судзаг рыст,
æмæ куы зæгъы Батрадзæн афтæ:
«Дæ фыдыл дын нарт æмвæнд æскодтой,
æмвæнд æскодтой æмæ йæ амардтой.
Йæ марея^ та у уæлæ Сайнæг-æлдар,
Уымæн уыд хæрзгæнæг зæронд Бурæфæрныг.
Йæ дзауматæ та йын байуæрстой æртæйæ:
Йæ кард ис, мæ хур, Сайнæг-æлдармæ,
Йæ тинты кæрц ис Бурæфæрныгмæ,
Йе 'ртæ 'фсургъы та — нарты Сосланмæ».
Уыцы ныхæстæ куы фехъуыста Батрадз,
Уæд феуæгъд кодта Сатанайы къух.

Рауадис кæртмæ æмæ Дур-дурайыл—
Хæмыцы дугъоныл саргъ куы баппæрста
æмæ йыл куы абадт æмæ куы рараст ис.
Уæд æм Сатана фæсте радзуры:
«Кæдæм цæуыс, лæппу, кæдæм араст кодтай?»
— Сайнæг-æлдармæ, мæ фыды туг исынмæ,—
Дзуапп ын радта болатриу Батрадз.
«Уæдæ ма иу чысыл фездæх фæстæмæ!»
Фездæхтис Батрадз, æмæ йæм Сатана,
Зонынджын Сатана, уæд афтæ дзуры:
«Сайнæг-æлдар, мæ хур, æнцон амаргæ нæу —
Уымæн йæ мæлæт у æрмæст йæхи кардæй.
æмæ кæд иугæр афтæ сфæнд кодтай,
Гъе уæд мæм æрбайхъус, ме 'нæныййаргæ фырт.   
Сайнæг-æлдар, зæгъы, алы бон сæударæй
Йе 'фсургъты раласы, йе 'ртæ сау æфсургъы,
Иу сатæг суаДонмæ, дондарæн ранмæ.
æмæ-иу æм раст гъе уыцы афон бацу.
Куыддæр ыл сæмбæлай, афтæ-иу ын зæгъ:
«Дæ райсом хорз уа, уæртæ зæронд лæг!»
Уый дын зæгъдзæни: «æгас   цæуай, лæппу!
Уа раджы дæ хуыцау кæцæй æрбахаста?
Ардæм, мæ бæстæм, сырд куы нæ цæуы,
Маргь æм куы нæ тæхы, уæд куыд æрбафтыдтæ?»
Ды-иу ын афтæ зæгъ: «Цы кæнон, зæронд лæг!
Лæппуйы сонт зæрдæ хивæнд у, æрра у:
Куырд Куырдалæгон мын, уæларв, кард аразы;
æвзалы ссардтон, æфсæйнаг дæр — афтæ,
æмæ бафарстон нæ зæронд адæмы:
«Хуыздæр кард кæмæ ис, хуыздæр кард арвы бын,
Кæй карды хуызæн кард саразын кæнон?»
æмæ мын загътой фенаг зæронд адæм:
«Хуыздæр кард ис уалæ Сайнæг-æлдармæ,—
Уый кардæн æмбал а дунейыл нæй —
æмæ кæд иугæр кард аразын кæныс,
Уæд æй, гъа, уый нывыл саразын кæн æрмæст».
«Уал мын баззайа уæд сæ бинонтæй,
Мæ карды хуызæн цал карды саразой!»
Зæгъгæ, дын зæгъдзæни уæд Сайнæг-æлдар.
Стæй, гье, уæд йæ кард сласдзæн йæ кæрддзæмæй,
Хуртæ дзы кæсдзæни, мæйтæ дзы зындзæни,
Зæхх дзы йæхи уындзæни, ахæм диссаджы кард —
æмæ дæм æй дæттдзæн йæ фындзы 'рдыгæй,
Цæмæй дæ амара, уый тыххæй, мæ хур.
Фæдæ-иу дæ бæхыл фæстæмæ рахæц ды,
Цыма карды 'рттывдæй тæрсгæ кæны, уыйау.
Уый дæм уæд дзурдзæни: «Уæ, дзæбæх лæппу!
æнхъæлдæн, дæ бæх кардæй тæрсгæ кæны?»
Уæд-иу ын ды та афтæ зæгъ фæстæмæ:
«Зæрдæцъæх дзы у, зæрдæцъæх, зæронд лæг,
Фæлæ мæм æй авæр йæ фистоны 'рдыгæй!»
Дзæбæх-иу æм, мæ хур, уæд æркæстытæ кæн:
Къæртт хауд уыдзæн йæ тæккæ астæуæй.
æмæ-иу афтæ зæгь: «Гъæй-йæй-йæй, æвгъау уыд
Ахæм диссаджы кард къæбæлдзыг кæнынæн!»  
Уый дын зæгъдзæни: «Цъæх хæрæджы тъæнгтæ
Куы фæхæрид, уастæн, нарты Хæмьщ мæрдты! —
Уый дзы куы мардтон, уæд йæ хъох дæндагыл,
Архъызы дæндагыл, фæкъæртт ис мæ кард».
Йæ бæрзæйæ дарддæр Сайнæг-æлдарæн
Кард никуы кæрды йæ буарæй æппындæр.
Дæхи-иу акæн уæд ракæс-бакæс гæнæг,
æмæ-иу афæрс Сайнæг-æлдары:
«Зæронд лæг, хур та уæм кæцы'рдыгæй скæсы? —
æнахуыр бæстæ у, æмæ йæ нæ хатын».
æмæ Сайнæг-æлдар фæзилдзæн иуы'рдæм,
«Уæлæ уырдыгæй», зæгъгæ, дын зæгъдзæни.
Иуы'рдæм куы фæзила,—дæ хъару'мæ дæхæдæг! —
Ныцъыкк-иу ын лас, гъе уæд йæ бæрзæй.

Афтæ куы бакæнай, уæд дæ къухы бафтдзæн,

На уæд æндæр амал никуы ссардзынæ, мæ хур,

Ды Сайнæг-æлдарæн йæ амарынæн».
Араст ис;, уæдæ цы, Батрадз йæ фæндагыл.
Цæуы, цæуы, æмæ иу афон куы уыди,
Уæд бахæццæ ис Сайнæджы бæстæм.
Кæсы, 'мæ сæударæй суадонмæ раласы
Зæронд Сайнæг-æлдар йе 'ртæ сау æфсургъы.
Батрадз æм йæхи бахæстæг кодта,
æмæ йæм уагыл бадзырдта 'взыгъдæй:
— Дæ райсом хорз уа, уартæ зæронд лæг!—
Уый дæр ын зæгъы: «æгас цуай, лæппу!
У а раджы дæ хуыцау кæцæй æрбахаста?
Ардæм, мæ бæстæм, сырд куы нæ цæуы,
Маргъ æм куы нæ тæхы, уæд куыд æрбафтыдтæ?»
Батрадз ын зæгъы: — Цы кæнон, зæронд лæг!

Лæппуйы сонт зæрдæ хивæнд у, æрра у:

Куырд Куырдалæгон мын, уæларв, кард аразы;

Æвзалы ссардтон, æфсæйнаг дæр — афтæ,

Æмæ бафарстон нæ зæронд адæмы: «Хуыздæр кард кæмæ ис, хуыздæр кард арвы бын,

Кæй карды хуызæн кард саразын кæнон?» æмæ мын загътой фенаг зæронд адæм:

«Хуыздæр кард ис уалæ Сайнæг-æлдармæ,—

Уый кардæн æмбал а дунейыл нæй, æмæ кæд иугæр кард аразын кæныс,

Уæд æй, лье, уый нывыл саразын кæн æрмæст».

Æмæ дæ ныр курын —дæ кард мын фенын кæ.—
«Уал мын баззайа уæд сæ бинонтæй,
Мæ карды хуызæггæ цал карды саразой!»
Зæгъгæ, дын, бакодта зæронд Сайнæг-æлдар,
Æмæ, дын, йæ кард сласта йæ кæрддзæмæй —
Хуртæ дзы каста, мæйтæ дзы зынди,
Зæхх дзы йæхи уыдта, ахæм диссаджы кард.
Æмæ йæ сдардта уыцы хуызæнæй
Хæмыцы фыртмæ йæ фындзы "рдыгæй.
Йæ бæхы рохтыл æрбахæцыд Батрадз,
Æмæ, дын, бæх йæхи фæстæмæ аласта,
Цыма кардæй фæтарст, растæндæр уый хуызæн.
Æмæ Сайнæг-æлдар Батрадзмæ дзуры:
«Æнхъæлдæн, дæ бæх кардæй тæрсгæ кæны?»
—       Зæрдæцъæх дзы у, зæрдæцъæх, хорз лæг, —
Зæгьгæ, зæгъы Батрадз Сайнæг-æлдарæн.
æмæ Сайнæг-æлдар слæвæрдта йæ кард
Болат Батрадзмæ йæ фындзы 'рдыгæй.
Батрадз, дын, йæхи дискæнæг скодта,—
Карды коммæ 'ркасти, уæдæ цы уыдаид!
—       Гъæй-йæй-йæй! æвгъау уыд, æвгъау, зæронд лæг,
Ахæм диссаджы кард къæбæлдзыг кæнынæн! —
Зæгъгæ, дын, фæкодта Хæмыцы фырт Батрадз.
«Хæрæджы тъæнгтæ, цъæх хæрæджы тъæнгтæ
Куы фæхæрид, уастæн, нарты Хæмыц мæрдты —
Уый дзы куы мардтон, уæд йæ хъох дæндашл,
Архъызы дæндагыл фæкъæртт ис мæ кард!»
Сонт æрбамæсты болатриу Батрадз, —
æгæр тагъд дæр ма Сайнæджы афарста:
—Зæронд лæг, хур та уæм кæцы'рдыгæй скæсы?—
æнахуыр бæстæ у æмæ йæ нæ хатын.—
æмæ Сайнæг-æлдар иуы'рдæм фæзылди,
«Уалæ, гье, уырдыгæй», зæгъгæ, йын амоны.
æмæ куыддæр йæ сæр иуы'рдæм фæзылдта,
Афтæ йын Батрадз дæр йæ бæрзæй ныцъыкк ласта,
æмæ, де знаг афтæ! сæр зæхмæ 'ртылди.
æмæ йæхицæн хъуыды кæны Батрадз:
«Сайнæггæлдары амардтон, зæгъгæ,
Ууыл нарты адæм нæ баууæнддзысты».
Æмæ ралыг кодта мардæн йæ рахиз цонг,
Æмæ йæ Нартмæ рахаста йемæ.
Æрцыд. Бахъæр кодта нарты Сатанамæ:
— Мæ фыды туг райстон, мæ фыды туг,
æна! Гъе ныр æрынцой у, дæ барæсчъи суадз! —
æмæ йын йæ размæ Сайнæг-æлдары цонг
Базыввытт ласта болатриу Батрадз.
Уæд æм Сатана афтæ куы дзуры:
«Кæйдæр хъомгæсы цонг ныллыг кодтай кæмдæр,
Уый йеттæмæ, мæ хур, зæронд Сайнæг-æлдар
Дæ къухы уа 'нцонты нæ бафтыдаид!
Кæд дæ дзырд æцæг уа, уæд райсом дымгæ
Сызгъæрин хил хæсдзæн, бындзыггай, кæмтты
Æмæ тугсæлфынæг кæндзæни ноджы».
Райсомæй Сатана фестади раджы,
Разгъордта, бауади ныллæг бауайæнты
Æмæ афæлгæсыд бæрзонд фæлгæсæнæй:
Дымгæ сызгъæрин хил бындзыггай хæссы,
Тугсæлфынæг кæны кæмтты æмæ хъæдты —
Уый Сайнæг-æлдарыл йæ бирæ устытæ
Сæ сæры хъуынтæ бындзыггай рæдувынц,
æмæ уый хæссы райсомы дымгæ;
Ноджы йыл, зæгьы, тонынц сæ рустæ,
æмæ уыдон тугæй тугсæлфынæг кæны!
æрбаздæхт хæдзармæ нарты Сатана
æмæ дзуры афтæ йæ болатриу лæппумæ:
«Мæ фæллой дын, мæ хур, хæлар æрбауæд!—
æцæг у дæ'дзырд: дæ фыды туг райстай.
Фæлæ ахæм лæджы, ме схæсгæ хъæбул,
Мæрдтæм уæнгцухæй не 'мбæлы барвитын.
Уый дын йæхæдæг дæр дæ зæронд фыды
Куы нæ барвыста уæнгцухæй мæрдтæм.
Ацу, фæцу 'мæ йынйæ цонг фæхæццæ кæн!»
æмæ куы дæтты Сатана Батрадзмæ
Сайнæг-æлдары цонг зæлдаджы тыхтæй.
Батрадз цонг райста, йæ бæхыл абадти
æмæ араст кодта Сайнæджы бæстæм.
Хъæугæрон æрлæууыд, йæ бæхæй æрхызти,
Й' арц зæххы 'рсагъта, йæ бæх ыл бабаста,
Йæхæдæг ацыди Сайнæджы хæдзармæ.
Уым мæрддзыгой адæм æмбырдæй лæууыдысты,
Æмæ марды цонгæй мардæгьдаугæнгæ

Батрадз бацыди с'астæуты хæдзармæ,

Æмæ æрæвæрдта цонг мардæн йæ риуыл,
Æмæ бадзырдта марды'рдæм афтæ:
— Дæ сыджыты хай дыл фæрайæд, гъе, ныр,—
Æмæ дæ тæригъæд мæнæн мацы кæнæд!
Мæ фыд дæ къухæй Мæрдты Бæстæм бацыд,
Æмæ дæ æз дæр ныр мæ хæс райстон —
Æз азымджын нæ дæн — мæнæ дæ къабаз! —
Хъусæг адæм, зæгьы, фыццаг джихау фесты,
Стæй уæд джискъус кæнын райдыдтой химидæг:
«Саг фæрæтмæ 'рцыди! — Цы ма йæм кæсæм?»
Æмæ се 'хсæнæй иу зæронд лæг рахызти
Æмæ сæ бафарста сабырæй афтæ:
«Уæд йæ бæх та кæм ис, йæ бæх, хорз адæм?»
«Уартæ нæ хъæугæрон й'арц зæххы ныссагъта
 æмæ йæ ууыл бабаста», дзуапп радтой зæрондæн.
«Ацæут, мæ хуртæ,— дзуры уæд зæронд лæг,—
Ацæут æмæ йын й' арц зæххæй сласут,
Стæй йын уæд йæ бæх фæласут исчердæм».
Ацыдысты адæм, къордæй, лæгæвзæрстæй,
Архайынц арцыл, æмæ сын нæ комы.
æрбацыдысты æмæ зæронд лæгмæ дзурынц:
«Зæххæй нын сласын нæ комы йæ арц».
«Уæдæ йæ арц сласын кæмæн нæ фæразут,
Уый куыд амардзыстут, — зæгъы сын зæронд лæг. —
Ныууадзут, мæ хуртæ,—уæхи уын фæцæгъдцзæн.
Уый, æвæццæгæн, хуымæтæджы гуырд нæу!»
Ныууагътой сæ хъуыды, уæдæ цы уыдаид!
Йе'гъдау бакодта Хæмыцы фырт Батрадз.
Раздæхти. Хъæугæрон арц зæххæй фелвæста,
Йæ бæхыл абадти 'мæ рацыд уырдыгæй.
 *  *  *   *
Цæуы 'мæ йæ фæндаг Борæтыл ракодта,
Бæх Бурæфæрныджы 'нгом кæртмæ батардта.
Уайтагъд æрфистæг ис æмæ бахъæр кодта:
— О, Бурæфæрныг, æттæмæ ма ракæс,—
Мæнæ дæм уазæг æрфысым кодта! —
Бурæфæрныг ракаст æмæ куы базыдта,
Батрадз у, зæгъгæ, уый, уæд, дын, æвиппайды
Йæ уæззау цирхъмæ ма фæлæбура, ма!
Фæлæ уый цалынмæ йæ фæтæн цирхъ ласта,
Уалынмæ йæ Батрадз фæрсмæ рариуыгъта,
æмæ йæ сæр зæххы стæлфыд, уæдæ цы!
Йæ бæхыл абадти болатриу Батрадз
æмæ, дын, уæд йæхи лидзæг акодта,
Цæмæй йæ расурой фæдисонты сырдæй
Бурæфæрныгæн йæ авд фырты, уый тыххæй.
æмæ йæ уæд, æцæг, сурынтæ куы сисынц,
Сурынтæ, зæгьы, авд æфсымæры.
æмæ даргъ фæндагыл куы аиугай сты,
Уæд сæм Хæмыцы фырт фæстæмæ фездæхти
æмæ дзы йæ размæ чи куыд хæццæ кодта,
Афтæ сæ мардта авд æфсымæры.
æмæ сæ ныццагъта авдæй дæр уыцы ран,
Уый фæстæ та сын сæ сæртæ ракодта,
æмæ сæ нывæрдта йæ дынджыр рифтæгты,
Афтæмæй фæстæмæ раздæхти Борæтæм
æмæ бахъæр кодта мидæмæ, хæдзармæ:
— Мæнæ уын у' авд лæджы фæткъуытæ 'рбарвыстои,
æттæмæ ракæсут! — æмæ ракастысты
Бурæфæрныджы ус æмæ ноджы й' авд чындзы.
æмæ сын, зæгьы, уæд Хæмыцы болат фырт
Авд сæры къуыдыры сæ размæ бакалдта.
Куыннæ ныккуыдтаид Бурæфæрныджы ус,
Йæ бирæ дардокытæй чи бавдæлон ис, уый?
Куыннае. куыдтаиккой й' авд чындзы дæр, уæдæ,
æмбойны идæдзæй чи аззади, уыдон?
Фыдæлгьыст кæнын, дын, куы сисынц Батрадзы.
Фæмæсты сæм вæййы болатриу Батрадз,
æфсинæй—чындзæй сæ йæ фыццаг куы райсы
æмæ сæ куы 'ркæны Сау денджызы былмæ.
Уым, дын, сындз ныккæрды, най æфтыд æй бакæны,
Най ифтыгъд скæны æфсины, чындзыты;
Бонизæрмæ сæ бынтон бæгьæввадæй
Сындзытыл фескъæры, сындзытыл, куы зæгъынц,
æмæ сæ къæхты туг кæлын куы байдыдта,
Уæд сæ ауагъта сæ афтид хæдзармæ.
æрбацыд сæхимæ æмæ йæ хъуыддæгтæ
Нарты Сатанайæн радзырдта кæронмæ,
Радзырдта кæронмæ зондджын Сатанайæн.
Цас рацыдаид, чй йын цы зоны,—
Фæлæ та узел иу бон болатриу Батрадз,
Дзуры Сатанамæ: — Абон мын Сосланмæ
æдзæугæ нæй, æна, хъуамæ базонон,
Кæм æсты, цы раны мæ фыды æфсургътæ! —
Нарты болат Сослан, сусдурæй гуырд Сослан
Уыцы рæстæджы уыд Сухы быдыры —
Хызта дзы, зæгъы, Хæмыцы æфсургъты,
Хæмыцы æфсургъты—йе'ртæ уадсуры.
æмæ дзы ацæуæг нæ уагьта, ацæуæг.
Зонынджын Сатана дзуры Батрадзмæ:
«Ацу, фæлæ-иу æй маргæ ма акæн —
Уе стыр мыккагæн дурæйгуырд Сослан
Йæ тæккæ хуыздæр, йæ уарзондæр куы у!»
Ацыди болатриу æмæ ныххæццæ ис
Сухы тыгъд быдырмæ, уæдæ цы уыдаид!
Сослан Батрадзы дардмæ куы ауьгдта,
Уæд ыл фæхъæр кодта: «æз ам цъиуатæхæг
Куы нæ ма рауагътон, уæд ды кæдæм цæуыс?»
Батрадз æм, зæгъы,. куы ницы сдзырдта,
Афтæмæй хæцынтæ райдыдтой, хæцынтæ:
æхсынц æндон фатæй, æмæ, зæгъы, фæлтæ
Фæстæмæ схъиуынц, фæстæмæ, тæккæ дæр,
æмæ кæрæдзи цъæлтæ — муртæ кæнынц.
Уæд кæрæдзимæ бахæстæг вæййынц,
Цирхъытæ сласынц, цъыччытæ байдайынц,
Фæлæ цирхъытæ цæхæртæ акалынц,
Арвы цæхæртау, æндæр лыг нæ кæнынц.
Нытъыстой цирхъытæ, сæ нæртон цирхъытæ,
æмæ баздæхтысты хъæбысæй хæцынмæ.
Хæцынц, æмæ Батрадз рабынæй кодта
Нарты цæхæрцæст нæрæмон Сосланы.
Сласта йæ фæтæн цирхъ Хæмыцы фырт Батрадз
æмæ йæ 'рдардта Сосланы хурхмæ.
Фæлæ æвиппайды Сатанайы фæдзæхст
Фæхъуыды кодта æмæ дзуры Сосланмæ:
— Цæй, цы дын кæнон—сомы мын  бакодта
Ме'нæныййарæг мад нарты Сатана.
Ма-иу æй амар, нæхицæй у, зæгъгæ„
æмæ дын барст фæуæд, æндæра дын дæ сæр
Бæргæ слыг кодтаин мæ фæтæн цирхъæй.—
Уæд æм Сослан бахудт æмæ йæм дзуры:
«æгайтма нæ мыккаджы ахæм гуырд рацыди!
æгайтма нæм рацыд ахæм тыхджын гуырд!
Ныр мæ куы амарай, уæд дæр ницы кæны!»
Кæм ма амардтаид Батрадз Сосланы! —
Йæ бынæй йæ суагьта, уæдæ цы уыдаид!..
Бацыдысты иумæ Сосланы лæгдонмæ,
Уым æрбадтысты, хорз фæминас кодтой,
Стæй уæд Сослан Батрадзмæ дзуры:
«Гъе ныр мæнæ акæн дæ фыды 'фсургъты!»
Батрадз раласта йæ фыды 'фсургъты.
Сослан дæр рацыди уырдыгæй йемæ,
æмæ стыр Нартмæ 'рбафардæг æсты.
Иуахæмы та нарты Бащрадзæн
Йæ зæрдыл æрлæууыд йæ фыд —
Хæмыцы мард. æрæмбырд кæны нарты адæмы
æмæ сын, зæгъы, афтæ куы дзуры:
— æн'аххос не стут мæ фыды марды,
Мæ мады дæр мын сымах фæсырдтат,
æмæ мын бафидут, æнæ уæлдай дзырдæй,
Мæ фыды туг æмæ мæ мады æфхæрд! —
Нарт катай байдыдтой, цы бакæнæм, зæгъгæ.
Сырдон, зæгъы, нартæн фыдбылыз кæм нæ уыд!
Бавдæлы 'мæ сын афтæ куы зæгъы:
«Ацæут Батрадзмæ æмæ йын зæгьут:
«Мах аххосджын не стæм дæ фыды марды,
Фæлæ демæ хæцын нæ бон нæ бауыдзæн,
æмæ дæхи дзых фæуæд дæ тæрхон—
Цы нæ агурай, уый бакæндзыстæм».
Барвыстой — уæдæ цы! — нарт Хæмыцы фыртмæ:
«Мах аххосджын не стæм дæ фыды марды,
Фæлæ демæ хæцын нæ бон нæ бауыдзæн,
æмæ дæхи дзых фæуæд дæ тæрхон —
Цы нæ агурай, уый бакæндзыстæм».
æмæ сæм рарвыста Хæмыцы фырт Батрадз:
— Хæдзар мын нæй, æмæ хæдзар аразын,
æмæ кæд иугæр мæ дзых мæ тæрхон у,
Уæд уæ æз бирæ нæ бацагурдзынæн:
Залгъæдæй-иу мын цæджындзæгтæ æрласут,
Ехсыхъæдæй мын — аххæрæггæгтæ,
æхснарцъыйæ та — уæладзæйнæгтæ.—
Нарт уый куы фехъуыстой, уæд цинæй мардысты,
Хæрз уæлæнгæйтты ирвæзæм, зæгъгæ!
Фæхæлæф кодтой æмæ уадидæгæн
Хæдзарæн цæдæй хъæдмæ фæцыдысты.
Разил-базил кæнынц сау хъæды мидæг,
Фæлæ кæм арынц залгъæдæй цæджындзаг,
Кæнæ ехсыхъæдæй аххæрæгæн бæзгæ,
Йе æхснарцъыйæ — уæладзæнæн бæзгæ,
æгæр-истæмæй дзы лæдзæггатыл дæр
Нæ фæхæст æсты æгас нарты адæм.
Уæнтæхъилæй, зæгъы, æмæ сæргуыбырæй
æрыздæхтысты хъæдæй фæстæмæ.
æрæмбырд æсты се стыр Ныхасы
æмæ куы загътой болат Батрадзæн:
«Фæцыдыстæм хъæдмæ, фæхаттыстæм дзы
æмæ никуы ссардтам залгъæдæй цæджындзаг,
Ехсыхъæдæй та аххæрæггæгтæ,
æмæ æхснарцъыйæ уæладзæнæн бæзгæ.
Фæлæ нын хуыцау дæ хорзæх раттæд,
æмæ та нын ззапь, болатриу Батрадз,
Де 'фхæрды ныхмæ дын цы бакæнæм, уый».
æмæ та сæм дзуры Хæмыцы фырт Батрадз:
—       Ацæут, уæдæ, æмæ мын байдзаг кæнут
Мæ фыды цылыхъ Уас-къуыппы бæрзондыл
Хуысар хъуымацы сыгъдонæй райсом! —
Нарт сæ сæртæ 'руалътой, фæлæ сæ цы бон уыд, —
Сæ ног чындзытæну сæ чындздзон чызджытæн
Сæ дари дзаума æрæмбырд кодтой,
Ахастой сæ, зæгъы, Уас-къуыппы бæрзондмæ
æмæ сæ гъе уым судзын байдыдтой.
Уæд болатриу Батрадз хуыцаумæ скуывта:
—       Хуыцауты хуыцау, о, мæхи хуыцау,
Уæдæ зилгæ дымгæ, тухгæ у ад рауадз! —
æмæ зилгæ дымгæ, тухгæ уад рацыди,
æмæ, зæгъы, сыгъдон фæйнæрдæм фæхаста —
Бирæ нæ, фæлæ дзы æшуырстуаны дзаг дæр
Куы нæ уал бафтыди нартæн сæ къухы.
æрæмбырд та сты нарт се стыр Ныхасы
æмæ та дзурынц болатриу Батрадзмæ:
«Нæ ног чындзыты, нæ чындздзон чызджыты
 Бæгънæгæй ныууагътам дæ дзырдмæ гæсгæ:
Хуысар хъуымацæй уыдоныл дзаумайæ
Цыдæриддæр уыди, ууыл зынг бафтыдтам,
Фæлæ зилгæ дымгæ, тухгæ уад рацыди
æмæ сыгъдшæй ницыуал ныууагъта.
Хуыцæутты хуыцау нын дæ хорзæх раттæд,
æмæ нын зæгъ бæлвырд, Хæмыцы болат фырт,
Де'фхæрды ныхмæ нæ цы агурыс, уый!»
æмæ сæм дзуры Хæмыцы фырт Батрадз:
— Ницы бакæндзынæн æз уемæ цæрынæн,
Фæлæ мæ цæмæй рагацау фервæзат,
Уый тыххæй бавдæлут æмæ мæ басудзут
Сындзын арты, тагьд, уый уын мæ тæрхон! —
æмæ сындзы мыккаг никуыуал ныууагътой,
Рагь дзы самадтой, зынг ыл бафтыдтой.
Батрадз сындзытыл хæлиу бадт скодта.
Нарт мæлынц цинæй, ныр басудздзæни,
æмæ дзы, фæстагмæ, фервæздзыстæм, зæгъгæ.
Сындзын цъæх-цъæхид арт гуылфæнтæ кæны,
Галæвзæгты хуызæн Батрадзыл згъоры.
æмæ сырх зынг сси Хæмыцы болат фырт.
Уыцы гæпп аласы æмæ нарты суадонæн,
Дон кæцæй хастой, уыцы суадонæн
Йæ тæккæ гуырæны уæлгоммæ ныххуыссыд.
Дон байсыст, уæдæ цы, иунæг æртах дæр дзы
Нал цыди, нал, зæгъынц, нарты Дзыхы дрнæй, —
Нарт æрцыдысты дойныйæ мæлынмæ.
Уæд сывæллæтты æмæ зæрæдты
Курæг æрвыстой Батрадзмæ нарт'адæм.
Уыдон æфсæрмæй сын сæ дон рауагъта,
Фæлæ та сæм уæддæр бартхъирæн кодта.
æмæ та катайы бацыдысты нарт,
Уæдæ ма нæ сæрæн цы хос кæнæм, зæггьгæ.
æмæ, зæгьы, Сырдон, — арвы хин, зæххы кæлæн, —
Рагæй фæстæмæ фыдбылыз кæм нæ уыд
Нарты мыккагæн! Дзуры уæд нартмæ:
«Уæ, æз уæ бæргæ фервæзын кæнин,
Фæлæ та уын бæсты нæ бацæудзæни
Мæ дзæбæхдзинад, фыдæбоны нарт:
Уарæн бон та мын уæ хъомрæгъæуттæн
Дæттдзыстут сымах сæ уæзвад уæнгуытæ,
Сæ дыгæрдгуытæ, сæ Тæмæх рæгьтæ,
Уæ фосы дзугтæн та сæ мæллæг далыстæ».
æмæ нарт æмдзыхæй ныххор-хор кодтой:
«Хуыцау нын, Сырдон, дæ хорзæх раттæд,
æмæ нæ истæмæй фервæзын кæн, уæдæ,
Уый йеттæмæ нæ цыдæриддæр курай,
Уымæй дын «нæ», зæгъгæ, ницæмæй зæгьдзыстæм».
Ацыди Сырдон Батрадзы размæ
æмæ фæндагыл афтæ хъуыды кæны:
«Ныр æм разæй цæуоц, æмæ мæ разыбадæг
Куы фæхона, мийаг, æмæ мæ ку' амара;
Фæсте йæм цæуов, æмæ мæ сурæг    
Куы фенхъæла, мийаг, æмæ уæддæр афтæ.
Уалынмæ бавдæлди, æмæ йын йæ фæндаг
Разæргæвст æркодта æмæ йæ лæдзæгæй
Йæ сæрыл балæууыд æмæ хъæрæй
Дзуры Кæуынхъæлæсæй нарты гæды Сырдон:
«æфсымæргонд мын бæргæ уыд Хæмыц,
Йæ марджыты дæр ын бæргæ хорз зонын,
Фæлæ, гъа, цы кæнон, мæ бон сын цы у?!» —
Чи мын амардта, зæронд лæг, мæ фыды? —
Зæгъгæ, йæ тагъдгомау афарста Батрадз.
«Цы дын æй æмбæхсон, — дæ фыд Хæмыцы дын
Амардтой, мæ хур, дауджыты ардыдæй.
Ныртæккæ дæр та Уарппы-фидары
æмбырдæй бадынц зæдтæ 'мæ дауджытæ,
æмæ тæрхон кæнынц Хæмыцы раст удæн».
Уæд Батрадз нарты æрбамбырд кодта,
æмæ сæм дзуры: — Фатыл мæ бабæттут
æмæ мæ фехсут Уарппы-фидармæ.
Куыд сын загъта нартæн, афтæ бакодтой.
Батрадз Уарппы-фидар йе 'мбæрц батыдта,
Йæ цирхъ фелвæста æмæ ралæууыди
Зæдтæ 'мæ дауджытыл æмæ сæ фæкодта
Цонгсæстытæ 'мæ базырсæстытæ,
Гæзæмæтæ ма' дзы тыхæй аирвæзти.

 Нарты кадджытæ — ирон адæмы культурон хæзна
 Ацæмæз æмæ Насран– Æлдар
 Ацæмæз æмæ Агуындæ-рæсугъд
 Сырдоны райгуырд
 Нарты Балц
 Фæндыр куыд фæзынд
 Сырдон Нарты куыд асайдта
 Сырдон Уæйгуыты куыд фæсайдта
 Сырдон йæ мæрдтæн хист куыд кодта
 Дæ тын дæ къух ссардта
 Сырдоны Тохъылы æргæвст
 Сырдоны  мард
 Æхсар æмæ Æхсæртæджы райгуырд
 Нарты Фæткъуы
 Дзерассæ-рæсугъд
 Æхсар æмæ Æхсæртæджы мæлæт
 Уырызмæг æмæ Хæмыцы райгуырд
 Уырызмæг æмæ  Хæмыц Уæрхæджы куыд  ссардтой
 Сатанайы райгуырд
 Сатана  Уырызмæджы ус куыд сси
 Уырызмæг Сатанайы йæ цæгатмæ куыд æрвыста
 Уырызмæджы æнæном лæппу
 Уырызмæг æмæ Сохъыр Уæйыг
 Уырызмæджы фæстаг балц
 Бæгæны  куыд  фæзынди
 Сосланы райгуырд æмæ  байсæрын
 Дауджыты   лæвæрттæ   Сосланæн
 Сослан – Тыхагур
 Сырдон Сосланимæ цæмæн фезнаг ис
 Сослан Бедухайы куыд æрхаста
 Сослан Сатанайы зындоны цадæй куыд фервæзын кодта
 Сослан Косеры куыд ракуырдта
 Сослан мæрдты бæсты
 Сосланы мæлæт
 Хæмыц ус куыд ракуырдта
 Батрадзы райгуырд
 Батрадзы денджызæй  куыд расайдтой
 Батрадзы  хъæзтытæ  сывæллонæй
 Хæмыцы  фырт  Батрадз  æмæ Деденæджы  фырт  Арæхдзау
 Нарты Батрадз æмæ Хъулонзачъе Уæйыг
 Батрадз йæхи куыд байсæрын кодта
 Батрадз  Уырызмæджы  куыд фервæзын кодта
 Батрадз æмæ Тыхы Фырт Мукар
 Батрадз æмæ Сохъыр Уæйыг Æфсæроны фырт Алæф
 Батрадз æмæ Сохъыр   Уæйыг Æфсæрон
 Батрадз Нарты Гуыппырсарты куыд фервæзын кодта
 Батрадз Сосланы куыд фервæзын кодта
 Батрадз æмæ æлдар
 Батрадз æмæ нарты Уацамонгæ
 Нарты симд
 Батрадз Нарты Дзуары куыд фæнадта
 Нарты æмбырд
 Хæмыцы мæлæт
 Батрадз  йæ  фыды туг куыд райста
 Батрадзы мæлæт
 Нарты  Сау Рувасдзарм
 Æхсæртæггаты æмæ Борæты хæст
 Нарт æмæ Уæйыджы стæг
 Айсана
 Сатанайы лæппу
 Уæрхтæнæджы фырт  Нæртон  Сыбæлц
 Бедзенæджы фырт чысыл Арæхдзау
 Сæууай
 Уастырджи æмæ Нæртон æнæфындз Мæргъуыдз
 Нарты сæфт
 Дзырдуат

Нартские сказания на русском языке