Лæппу денджызы бын рæзынтæ байдайы,
Рæзынтæ байдайы доны бын лæппу.
Æртæ азмæ, зæгъы, цас рæзы адæймаг,
Уый бæрц-иу сырæзти æрмæст дæр иу мæймæ.
Доны бынмæ йыл нарт ном дæр сæвæрдтой—
Хæмыцы фырт Батрадз, зæгьгæ, йæ рахуыдтой.
Зымæг-иу хъазынмæ нарты сывæллæттæ
Де'нджызы ихмæ арæх цыдысты,
Батрадз-иу бавдæлд уæд, æмæ-иу йæ сæрæй
Денджызы их стыдта, денджызы их, зæгъынц.
Сывæллæттимæ-иу хъулæй фæхъазыди
Æмæ сын-иу ал'хатт сæ хъултæ амбылдта.
Уæд та, иуахæмы, нарты лæппутæн
Фыд æмбылд ныккæны, фыд æмбылд, Батрадз
Лæппутæ куы 'рцæуынц нарты стыр Ныхасмæ
Æмæ уым æнкъардæй, мæстджынæй куы бадынц.
«Цæуыл æнкъард æстут?» зæгъгæ, сæ бафарстой.
«Куыннæ уæм, куы, æнкъард: денджызæй рацæуы
Иу нæ карæн лæппу, иу не 'нгæстæ лæппу
Æмæ нын нæ хъултæ алы хатт амбулы»,
Афтæ куы радзурынц нарты сывæллæттæ.
Зонынджын Сатана уайтагъд дæр базыдта,
Уый Батрадз кæй у, Хæмыцы фырт Батрадз!
Нарт зилын байдайынц, тæрхæттæ байдайынц:
«Цæмæй йæ расайæм, куыдæй йæ расайæм
Хæмыцы фырты денджызæй æттæмæ?»
Никуы 'мæ ницы — амал нæ арынц:
Фурдæй æттæмæ нæ цæуы Батрадз.
Фæстагмæ бафæрсынц зондджын Сатанайы:
«Цы бакæнæм, уæдæ, цы 'фсонæй расайæм
Уыцы лæппуйы денджызæй æттæмæ?»
Æмæ Сатана афтæ зæгъы нартæн:
— Бавналут, мæ хуртæ, æмæ нæ зæронды
Денджызы хæд былмæ ахонут райсом.
Йæ сæр-иу ын донæй уым æсхуылыдз кæнут
æмæ йын æй дасут цыргъ сæрдасæнæй.
Лæппу йæм кæсынмæ фурдæй рацæудзæн:
Уый никуыма федта сæр дасгæ ныры онг,
Æмæ йæм уæ ми кæсдзæни диссаг.
Уæд-иу æм адзурут: «Кæд дæ фæнды, лæппу,—
Рацу уæд, дæуæн дæр адасæм дæ сæр!»
æсразы уыдзæни лæппу уæ ныхасыл,
æмæ-иу ын тагъд-тагъд адасут йæ сæр,
Сæры хъуынтæ та-иу денджызы бакалут.
Нал бацæудзæни донмæ æввахс дæр.—
Дыккаг бон ракодтой, уæдæ цы уыдаид!
Зæронд Уырызмæджы денджызы хæд былмæ,
æрбадын æй кодтой цъæх дойнаг дурыл;
Денджызы донæй йын йæ сæр æрæхсадтой,
æмæ йæ райдыдтой дасын, Уырызмæджы.
Бйрæ нæма рацыд, афтæ денджызы дон
Базмæлыд, банкъуысти йæ дон денджызæн,
Былмæ йæ уылæнтæ рагьгай æрбацæуынц,
Сыстад тыхджын дымгæ денджызы алы ран.
Нарт, дын, фæджих æсты, ай циу, цы 'рцыд, зæгъгæ.
Кæсынц, æмæ фурдæй иу лæппу рацæуы,
Йæ къухты рахæссы дыууæ стыр сау галы,
Хæрдмæ сæ сæппары стæй сæ рацахсы.
Кæй зæгъын æй хъæуы — уайтагъддæр базыдтой
Нарты Хæмыцы фырт хæрадзаст Батрадзы.
Рахызти лæппу денджызы былмæ.
Галтæ йæ дæлæртты, афтæмæй æрбацыд
Нартæм хæстæг-хæстæг æмæ сæм ныккасти.
Сæ цурты азилы, сæ фæрсты 'рбазилы,
Сæццæ каст ныккæны Уырыамæджы сæрмæ.
Йæ галтæ æрхауынц æмæ та сæ' фелвасы,
Йæ дæлæртты сæ тынг æрбалхъивы,
æмæ та ныккæсы сæрдасджытæм джихæй.
Фæдзырдтой уæд нарт цымыдис лæппумæ:
«Кæд дæ фæнды, лæппу, уæд рацу — дæуæн дæр,
Мæнæ, кæс, афтæ дæ сæр адасæм!»
Бахудти фыр цинæй Батрадз йæ мидбылты,
Йæ галты нынтъыхта фæстæмæ денджызмæ,
æрбадти цъæх дурыл: йæ сæр ын ахсадтой
Нарты фæсивæд æмæ йын æй дасынц,
Фесты. Бакалдтой сæры хъуьгатæ доны.
Ратымбыл æсты. Сæхимæ рацæуынц.
Батрадз дæр сæ фæдыл рацæуы, сæ фæдыл;
æрхæццæ ис Нартмæ, йæ фыды уæзæгмæ,
Йæ фыды уæзæгыл ныр æрынцади.
Нарты Сатана йæм мады цæстæй ракаст,
Мады цæстæй, мады, Сатана Батрадзмæ;
Къуыппных, хæрадзаст, болатриу лæппумæ.
Хæмыцы иунæг болатриу лæппумæ.
Нарты кадджытæ — ирон адæмы культурон хæзна
Ацæмæз æмæ Насран– Æлдар
Ацæмæз æмæ Агуындæ-рæсугъд
Сырдоны райгуырд
Нарты Балц
Фæндыр куыд фæзынд
Сырдон Нарты куыд асайдта
Сырдон Уæйгуыты куыд фæсайдта
Сырдон йæ мæрдтæн хист куыд кодта
Дæ тын дæ къух ссардта
Сырдоны Тохъылы æргæвст
Сырдоны мард
Æхсар æмæ Æхсæртæджы райгуырд
Нарты Фæткъуы
Дзерассæ-рæсугъд
Æхсар æмæ Æхсæртæджы мæлæт
Уырызмæг æмæ Хæмыцы райгуырд
Уырызмæг æмæ Хæмыц Уæрхæджы куыд ссардтой
Сатанайы райгуырд
Сатана Уырызмæджы ус куыд сси
Уырызмæг Сатанайы йæ цæгатмæ куыд æрвыста
Уырызмæджы æнæном лæппу
Уырызмæг æмæ Сохъыр Уæйыг
Уырызмæджы фæстаг балц
Бæгæны куыд фæзынди
Сосланы райгуырд æмæ байсæрын
Дауджыты лæвæрттæ Сосланæн
Сослан – Тыхагур
Сырдон Сосланимæ цæмæн фезнаг ис
Сослан Бедухайы куыд æрхаста
Сослан Сатанайы зындоны цадæй куыд фервæзын кодта
Сослан Косеры куыд ракуырдта
Сослан мæрдты бæсты
Сосланы мæлæт
Хæмыц ус куыд ракуырдта
Батрадзы райгуырд
Батрадзы денджызæй куыд расайдтой
Батрадзы хъæзтытæ сывæллонæй
Хæмыцы фырт Батрадз æмæ Деденæджы фырт Арæхдзау
Нарты Батрадз æмæ Хъулонзачъе Уæйыг
Батрадз йæхи куыд байсæрын кодта
Батрадз Уырызмæджы куыд фервæзын кодта
Батрадз æмæ Тыхы Фырт Мукар
Батрадз æмæ Сохъыр Уæйыг Æфсæроны фырт Алæф
Батрадз æмæ Сохъыр Уæйыг Æфсæрон
Батрадз Нарты Гуыппырсарты куыд фервæзын кодта
Батрадз Сосланы куыд фервæзын кодта
Батрадз æмæ æлдар
Батрадз æмæ нарты Уацамонгæ
Нарты симд
Батрадз Нарты Дзуары куыд фæнадта
Нарты æмбырд
Хæмыцы мæлæт
Батрадз йæ фыды туг куыд райста
Батрадзы мæлæт
Нарты Сау Рувасдзарм
Æхсæртæггаты æмæ Борæты хæст
Нарт æмæ Уæйыджы стæг
Айсана
Сатанайы лæппу
Уæрхтæнæджы фырт Нæртон Сыбæлц
Бедзенæджы фырт чысыл Арæхдзау
Сæууай
Уастырджи æмæ Нæртон æнæфындз Мæргъуыдз
Нарты сæфт
Дзырдуат