logo

М О Я    О С Е Т И Я



БАТРАДЗ  УЫРЫЗМÆДЖЫ  КУЫД ФЕРВÆЗЫН КОДТА


Иуахæмы та æхсæртæггатæн
Сæ гуыппырсартæ фæцыдысты балцы.
Фæцыдысты дардмæ кæдæмдæр — хæтæны.
Хъæуы ма сæ баззад æрмæстдæр Уырызмæг,
Сæ цытджын хисдæр, урсзачъе зæронд лæг.
Æрæгмæ здæхтысты гуыппыртæ фæстæмæ.
Адæм уæд хъус-хъусы дзурынц кæрæдзийæн:
«Кæмдæр сыл сæмбæлди сæхицæй тыхджындæр,
Æмæ, æвæццæгæн, быны-бындзагьд фесты!»
Борæтæ цин кодтой. Загътой сæхицæн:
«Æхсæртæггатæй змæлæг дæр нал ис,
Сæ фæллой лæууы хæссыны фыдæй.
Дæлæ ма дзы ис æрмæстдæр иу зæронд,
Цæйтæ 'мæ бавдæлæм, æмæ йæ ныммарæм
Æмæ æввонг фæллой нæхицæн рахæссæм!»
Æрæмбырд æсты уæд иу бон Борæтæ
Æмæ бакодтой ахæм уынаффæ:
«æстыр куывд æскæнæм, æрхонæм зæронды,
Баназын ын кæнæм æмæ йæ амарæм
Æмæ сын сæ фæллой нæхи бакæнæм!»
Бавнæлдтой Борæтæ хæрд, нуæзт кæнынмæ,
æмæ сцæттæ ис сæ куывд, уæдæ цы!
æрæмбырд æсты се стыр хæдзары,
Се  стыр хæдзары — се 'рдамонгæйы,
æмæ сæ хисдæр дзуры Борæтæн:
«Хонæг чи бацæудзæн, хонæг, Уырызмæгмæ,
Чи уæ сарæхсдзæн йемæ ныхас кæнын?»
Сырдон-иу хорз дæр кæм нæ уыди хаттгай! —
Фестади уæлæмæ, бадзырдта хисдæрмæ:
«æз уын фæцæудзынæн хонæг, Уырызмæгмæ!»
Бацыди Сырдон зæронд Уырызмæгмæ,
Йæ разы абадти æмæ йæм дзуры:
«Борæтæ куывд кæнынц сæ дынджыр хæдзары
æмæ дæ Уырызмæг, хонынц сæ куывдмæ.
Кæд дæ фæнды — рацу, кæд нæ—ма рацу!»
«Уый та дын, Сырдон, чердыгон ныхас у —
Ахæм хуынд дæр ма искуы чындæуыди?»
Зæгъы дисгæнгæ зæронд Уырызмæг.
«Чындæуыди», зæгъгæ, фæкодта Гæтæджы фырт.
«Ацу, уæдæ, Сырдон, ракæн сын арфæтæ
æмæ зæгъ Борæтæн, дæ рарвитджытæн:
Абон, зæгъ, рынчын дæн, æмæ куывдмæ цæуын,
Уым уагыл фæбадын мæ бон нæ бауыдзæн».
Сырдон дæр фестади, фетте ис хæдзарæй.
Уырызмæг уæд дзуры нарты Сатанамæ:
«Базæронд дæн, не 'фсин, базæронд, æмæ мын
Мæ зæронд сæрæн нарт кад нал кæнынц,
Уый йеттæмæ уый та цы 'рдыгон хуынд у:

«Кæд дæ фæнды — рацу, кæд нæ — ма раду!»
«æцæг базæронд дæ, мæ сæры хицау!
Дзурæджы дзырд мын æмбаргæ дæр нал кæныс —
Уый дæуыл Борæтæ щыдæр фыдвæнд кæнынц,
æмæ дын æй Сырдон æмбарын кодта»,
Зæгъы Уырызмæгæн зонынджын Сатана.
Гæтæджы гæды фырт Борæтæн куы загьта,
Не 'рбацæудзæн, зæгъгæ, Уырызмæг уæ куывдмæ
Уæд бакатай кодтой, дзурынц сæхицæн:
«Бавдæлæм æмæ йæм ног чындзы барвитæм,—
Кæд ма зæрондæн йæ уд йæ мидæг ис,
Уæд ын æдзæугæ нæ уыдзæн нæ куывдмæ!»
Арвыстой ног чындзы хонæг Уырызмæгмæ.
Араст, дын, ис ног чындз. Бацыди. Бахоста
æхсæртæггаты зæронд хæдзарæн
Йæ бæзджын тулдз дуар, æфсæрмæй судзгæйæ.
Ракаст æм Сатана, æмæ йæм чындз дзуры:
«Махонтæ куывд кæнынц сæ зæронд хæдзары
æмæ рарвыстой мæн хонæг уæ лæгмæ!»
Сатана баздæхти æмæ Уырызмæгæн
Рафæзмыдта ныхас, нæуæг чындзы ныхас.
Ныккатай кодта зæронд Уырызмæг,
Бæргæ ма ныттылдта йæ фæлтæрд урс сæр,
Фæлæ ма цы, а! Цы гæнæн ма йын уыд! —
Хуыцау ма ныббарæд йæ рарвитджытæн!
Ацу, мæ хур, не 'фсин, æмæ йын зæгъ афтæ:
«Нартмæ фыдæй фыртмæ нæ фехъуыстæуыди,
æмæ нæуæг чындзæн искуы нæртон лæгæй
Исчи йæ ныхасыл дыууæ загьта, зæгъгæ.
Кæм ма фехалдзынæн æз дæр мæ зæрондæй
Разагъды нартæн сæ нæртон æгъдау?!»
Ацæуæд, ныртæккæ æмбæлдзынæн æз дæр.—
Сатана рацыди; йæ зæронды дзырдтæ
Рафæзмыдта чындзæн, кæрæй-кæронмæ.
Чындз ацыд. Сатана баздæхти фæстæмæ
æмæ Уырызмæгмæ дзуры, зонынджын:
«Тæрсгæ мын ма кæ, тæрсгæ, мæ зæронд!
Мæнæ дын кæлмæрзæн, зæлдаг кæлмæргзæн,
Демæ йæ ахæсс Борæты куывдмæ.
А ныр тыхсын, зæгъгæ, афтæ куы зæгъай,
Уæд-иу æй æрæппар дæ къæхты бынмæ,
æмæ дын исты хос уыдзæни, мæ зæронд.
Ноджы дын мæнæ, кæс, мæ хур, хæтæл;
Дæ роны йæ бафснай, дæ кæрцы роны;
æркур-иу дæхицæн фист гобан бадынæн;
Нозт-иу уадз хæтæлы, хæтæл дар гобанмæ;
Нозт уырдæм цæудзæни æмæ дзы хъардзæни!»
Куыннæ байхъуыстаид Уырызмæг йе 'фсинмæ!
Аиста кæлмæрзæн, аиста хæтæл дæр;
Сыстад йæ бандонæй, пылыстæг бандонæй,
Йæ уæнтыл æркодта йæ дынджыр тинты кæрц;
Бацыди, къулæй йæ фæтæн цирхъ райста,
æмæ-йæ мидæгæй, кæрцы мидæгæй,
Дыууæ сины астæу йæ роны нытъыста,
Афтæмæй сындæггай араст ис куывдмæ.
Бахæццæ ис æмæ хæдзармæ бахызти.
Бадынц цæлхæмбырдæй Борæтæ куывды.
Хисдæрæй, кæсдæрæй сыстадысты иууыл.
— О, фарн уæ хæдзары, 'мæ уæ куывд барст уæд,—
Загъта Борæтæн зæронд Уырызмæг.
«æгас нæм фæцæуай, æгас, Уырызмæг!»
Мæнгард цин ыл кæнынц Борæтæ 'мхуызонæй.
æрбадын кодтой уæле Уырызмæджы,
Авд рæгьы хæд сæр, кувæг, рæгъгæнæгæн.
Райдыдта, уæдæ цы, Борæтæн се стыр куызд.
Рæгъæн нуазæн дæттынц Уырызмæгмæ,
Алы сидтыл дæр— æвдгай нуазæнтæ.
Цас æй фæфæнды, уый ас дзы аназы,
Иннæ йæ хæтæлы ауадзы аивæй.
Хæтæлæй гобанмæ æркæлы нуазинаг,
æмæ уым ахъары гобаны фисты.
Сырдон арвы кæлæн, зæххы хин кæм нæ уыц!—
Базыдта йуафон Уырызмæджы хъуьщдаг
æмæ йæ Борæтæн амбарын кодта.
«Цæй, ныр баназæм бæхдаыны нуазæнтæ!»
Радзырдтой хисдæртæ, Борæты хисдæртæ.
Хисдæрæй, кæсдæрæй сыстадысты адæм,
Бæргæ ма ныттылдта йæ урс сæр Уырызмæг,
Фæлæ цы кодтаид, цы 'фсон ма ссардтаид!
Йæ сæрмæ «нæ» зæгъын не схаста зæронд лæг.
Сыстади, нуазы, нуазы æвдгæйттæ,
Алы рæгъыл дæр—æвдгай нуазæны.
Хæтæлмæ уадзын нал æфты йæ къухы
æмæ, дын, цудынтæ байдайы Уырызмæг.
«Гъе, гъе, мæ хуртæ, æрхæстæг кæны
Нæ зæронд галæн йе 'ргæвдын афон!»
Радзырдта кæсдæртæм Борæты хисдæр,
Борæты хисдæр — зæронд Бурæфæрныг.
Бамбæрста Уырызмæг, — æрхæццæ кæны
Йæ царды кæрон, йе 'гады мæлæт.
Зæлдаг кæлмæрзæн æрæппæрста зæхмæ,
Кæлмæрзæн февзæрди нарты Сатанамæ,
Бамбæрста зонынджын Уырызмæджы хъуыддаг.
æртæ мыдамæсты ракодта тагъд-тагъд,
Райста сæ йемæ, ронджы дурынимæ,
Кувæн къуыппмæ рауад, æмæ уым æскуывта:
«О, хуыцауты  хуыцау, о, мæхи хуыцау!
Кæд мæ истæмæн æсфæлдыстай зæххыл,
Уæд ме 'нæныййаргæ фырт болатриу Батрадз
Донбеттыртæм бады, доны Донбеттыртæм,
æмæ ам цы фесты, уый мын ратт абон!»
Куывды хæ уæлвæд Хæмыцы фырт Батрадз
Ратæррæст кодта фурдæй, уæдæ цы!
æмæ Сатанайæн йæ уæлхъус алæууыд.
— Цы 'рцыди, æна? — фæрсы Сатанайы.
«Далæ дын Борæтæ æгады мардæй
Дæ фыды 'фсымæры марынц, мæ къона!»
Зæгьы Сатана йæ болатриу фыртæн.
—  Кæм ис, чердыгæй ис? — фæрсы йæ Батрадз.
«Каем ис, куы зæгъай, уæд далæ Борæтæ
Сæ зæронд хæдзары куывд кæнынц, æмæ уым!»
Батрадз азгъордта æмæ бахæццæ ис,
æмæ бахъæр кодта хæдзары къæсæрæй.
æмæ йæ хъæрæй Борæты хæдзарæн,—
Астфисынон æмæ цыппаркъулонæн —
Йæ аххæрджытæ æсдзортт-дзортт кодтой,
æмæ царæй зæхмæ сæгтæ 'ркалдысты.
Куывды чи бадти, уыдонæй бирæтæ
Фæуадзгуытæ сты сæ мидбынæтты.
— Гъæйтт, зæронд! Мард дæ, æви маæгас дæ? —
Бахъæр кодта Батрадз зæронд Уырызмæгмæ.
Куыннæ фæфидар ис Уырызмæджы зæрдæ:
Батрадз кæй фæзынд, уый уайтагъд бамбæрста,
Фыр цинæй дзурын дæр йæ къухы нал æфтыд,
Фæлæ ма амæлттæй радзырдта уæддæр:
«Мард бæргæ нæ'дæн, мæрдон æгас ма дæн».
Бахъæр æм кодта фæстæмæ болатриу:
— Рындзыл бадыс æви сургæ ракæндзынæ?—
«Сурын мæ бон нал у, фæлæ ма дын рындзыл
Абаддзынæн, мæ хур!» дзуапп радта зæронд.
Уыйадыл къæсæрмæ рауади Уырызмæг,
Фелвæста йæ синтæй йæ болат фæтæн цирхъ,
æмæ йæ тарвазæй иннæ тарвазмæ
Хидæвæрд акодта, афтæмæй алæууыд.
Гæтæджы гæды фырт хин-кæлæн кæм нæ уыд!
Хъуыддаг та бамбæрста уайтагъд дæр, хъуыддаг!
Ердойыл уæлæмæ цъиуау æстахти
æмæ сæрсудзаджы балæууыд сæхимæ.
Февнæлдта Батрадз хæдзары цæджындзмæ,
Ратыдта йæ æмæ — дæ балгъитæг афтæ! —
æстыггай ахаста, æстыггай, уæдæ цы,
Борæты мыккаджы сæ зæронд хæдзары.
Кæй дзы нырриуыгъы, уый атæбæкк вæййы;
æттæмæ дзы чи лыгъд, уыдрн та 'мбæлдысты
Уырызмæджы цирхъыл, æмæ сæ гуыртæ
æттæмæ хаудысты, сæ сæртæ — мидæмæ.
Иуахæмы, Батрадз, хæрадзаст, болатриу,
æсхæцыди хæрдмæ астæуккаг цæджындзыл
æмæ хæдзары пар фелвæста уæлæмæ.
«Лидзæн нын фæци ныр», зæгъгæ, дын,
Борæтæ Сæ цары зыхъырмæ ныккалдтой сæхи.
Батрадз сыл уæд цар æруагъта фæстæмæ»
æмæ уым иууылдæр баззадысты сагъдæй.
Афтæмæй Борæтæ сухы цагъды фесты.
Бауади болатриу зæронд Уырызмæгмæ,
Бацыд йæ дæларм æмæ йæ дзæбæхæй
Сæмбæлын кодта йе 'фсин Сатанайыл.
Сынтæгмæ фæкодта, пылыстæг сынтæгмæ,
Зæронд Уырызмæджы зонынджын Сатана.
æмæ йæ бафснайдта, хорз æй нынныуæрст;
Батрадз та фæстæмæ афардæг ис фурдмæ,
Доны Донбеттыртæм, йе 'рвадæлтæм.

 Нарты кадджытæ — ирон адæмы культурон хæзна
 Ацæмæз æмæ Насран– Æлдар
 Ацæмæз æмæ Агуындæ-рæсугъд
 Сырдоны райгуырд
 Нарты Балц
 Фæндыр куыд фæзынд
 Сырдон Нарты куыд асайдта
 Сырдон Уæйгуыты куыд фæсайдта
 Сырдон йæ мæрдтæн хист куыд кодта
 Дæ тын дæ къух ссардта
 Сырдоны Тохъылы æргæвст
 Сырдоны  мард
 Æхсар æмæ Æхсæртæджы райгуырд
 Нарты Фæткъуы
 Дзерассæ-рæсугъд
 Æхсар æмæ Æхсæртæджы мæлæт
 Уырызмæг æмæ Хæмыцы райгуырд
 Уырызмæг æмæ  Хæмыц Уæрхæджы куыд  ссардтой
 Сатанайы райгуырд
 Сатана  Уырызмæджы ус куыд сси
 Уырызмæг Сатанайы йæ цæгатмæ куыд æрвыста
 Уырызмæджы æнæном лæппу
 Уырызмæг æмæ Сохъыр Уæйыг
 Уырызмæджы фæстаг балц
 Бæгæны  куыд  фæзынди
 Сосланы райгуырд æмæ  байсæрын
 Дауджыты   лæвæрттæ   Сосланæн
 Сослан – Тыхагур
 Сырдон Сосланимæ цæмæн фезнаг ис
 Сослан Бедухайы куыд æрхаста
 Сослан Сатанайы зындоны цадæй куыд фервæзын кодта
 Сослан Косеры куыд ракуырдта
 Сослан мæрдты бæсты
 Сосланы мæлæт
 Хæмыц ус куыд ракуырдта
 Батрадзы райгуырд
 Батрадзы денджызæй  куыд расайдтой
 Батрадзы  хъæзтытæ  сывæллонæй
 Хæмыцы  фырт  Батрадз  æмæ Деденæджы  фырт  Арæхдзау
 Нарты Батрадз æмæ Хъулонзачъе Уæйыг
 Батрадз йæхи куыд байсæрын кодта
 Батрадз  Уырызмæджы  куыд фервæзын кодта
 Батрадз æмæ Тыхы Фырт Мукар
 Батрадз æмæ Сохъыр Уæйыг Æфсæроны фырт Алæф
 Батрадз æмæ Сохъыр   Уæйыг Æфсæрон
 Батрадз Нарты Гуыппырсарты куыд фервæзын кодта
 Батрадз Сосланы куыд фервæзын кодта
 Батрадз æмæ æлдар
 Батрадз æмæ нарты Уацамонгæ
 Нарты симд
 Батрадз Нарты Дзуары куыд фæнадта
 Нарты æмбырд
 Хæмыцы мæлæт
 Батрадз  йæ  фыды туг куыд райста
 Батрадзы мæлæт
 Нарты  Сау Рувасдзарм
 Æхсæртæггаты æмæ Борæты хæст
 Нарт æмæ Уæйыджы стæг
 Айсана
 Сатанайы лæппу
 Уæрхтæнæджы фырт  Нæртон  Сыбæлц
 Бедзенæджы фырт чысыл Арæхдзау
 Сæууай
 Уастырджи æмæ Нæртон æнæфындз Мæргъуыдз
 Нарты сæфт
 Дзырдуат

Нартские сказания на русском языке