Уæд, дын, иуахæмы, хъуыды кæны Батрадз:
«Ньф куыд дæн, афтæмæй куы баззаион æз,
Уæд мын тыхгæнæг искуы тых ссардзæн.
Цæй, æмæ фæцæуон уæлæ уæларвмæ,
Уæлæ уæларвмæ Куырдалæгонмæ
Æмæ йын мæхи байсæрын кæнон!»
Æмæ, дын, араст ис Куырдалæгонмæ.
Æсхæццæ йæм ис æмæ йæм дзуры:
— Куырд Куырдалæгон, уæларвон дуаг!
Ды бавдæл, æмæ мæн байсæр дæ куырдадзы.—
«Ма кæ, ма, мæ хур, ма; дæ бафæндæд:
Дзæбæх лæппуйы хуызæн мæм кæсыс,
Æмæ судзынæн æгæр æвгтьау дæ!»
— Нæ, Куырдалæгон, æндæр гæнæн нæй;
Курын дæ курæгау, æмæ мæ байсæр! —
Цы ма загьтаид Куырдалæгон дæр —
Æсразы, дын, ис æмæ йæм дзуры:
«Уæдæ, мæ хур, ацу æмæ афтæ бакæ:
Иу мæйы дæргъы фæсудз æвзалы,
Мæйы дæргъы та дзæнхъатæ фæлас».
Араст, дын, кодта Хæмыцы фырт Батрадз,
Иу мæйы дæргъы фæсыгъта 'взалытæ,
Мæйы дæргъы та дзæнхъа фæласта.
Æрæфтауц сæ кодта куырдадзы цурмæ.
Уæларвон Куырдалæгон æсхæцыд Батрадзыл
Æмæ йæ куынцгомы авæрдта уæлгоммæ.
Куыфгай йыл фæкалдта хъæбæр сау æвзалы,
Цæндтæ йыл самадта дойнаг урс дзæнхъайæ,
Æмæ сыл бафтыдта Елиайы цæхæртæ.
Уый фæстæ бавдæлди, æмæ йæм сарæзта
Дыууадæсы 'рдыгæй дыууадæс куынцы,
æмæ йыл фæдымдта æгас мæйы дæргъы.
Мæй куы рацыди, уæд Куырдалæгон
æртыскæн рай ста 'мæ дзуры хинымæр:
«Афонмæ, мæгуырæг, басыгъд Хæмыцы фырт.
Цæуон æмæ йын йе стæгдар ракалон».
Бацыди куырдадзмæ йе'ртыскæнимæ.
Батрадз æм ракаст æмæ хъæрæй дзуры:
— Зынг мæм куы нæ хъары, зынг, Куырдалæгон,
Уæд мæ хъазгæ кæныс, æви цы уавæр у?
Ноджы ацы ран æнкъардæй куы мæлын —
Фæндыр мын рахæсс, фæндыр — цу, тагъддæр —
æмæ мæхицæн зарджытæ кæнон! —
Куырдалæгон ын фæндыр бахаста.
Уый фæстæ йыл ногæй æвзалы ныккалдта,
Самадта йыл ноджы дойнаг дзæнхъатæ дæр;
Къуырийы дæргъы та фæдымдта ноджы
Дыууадæс куынцæй дыууадæс æрдыгæй,
Уæддæр та ницы, никуы 'мæ ницы —
Нæ та хъары зынг Батрадзмæ æппындæр.
Дзуры Куырдалæгон болатриу лæппумæ:
«Ацу, уæдæ, Батрадз, нарты Хæмыцы фырт,
æмæ иу къорд амар залиаг кæлмытæ —
ææвзалы уыдонæй куы нæ скæнæм мах,
Уæд хуымæтæджы зынг дæу не схъарм кæндзæни!»
Ацыди, уæдæ цы, Хæмыцы фырт Батрадз
æмæ фæцагъта залиаг кæлмытæ.
æргъомæй сæ схаста Куырдалæгонмæ,
æмæ сæ иумæ басыгътой æвзалы.
Батрадз ныр куынцгоммæ бахызти йæхæдæг,
æмæ дзы айвæзта уæлгоммæ йæхи.
Дыууадæс куынцæй та дыууадæс æрдыгæй
Дымынтæ байдыдта, дымынтæ, уæдæ цы,
Ноджы Куырдалæгон къуырийы дæргъы.
Къуыри куы рацыд, уæд та Куырдалæгон
Зæгъы йæхицæн: «Цон, ныр æй фенон!»
Бацыд, æмæ йæм Хæмыцы фырт дзуры:
— Кæд фаг æсзынг дæн, уæд мæ ам цы дарыс?
Тагъддæр мæ, далæ, Денджызмæ аппар! —
Уæларв Куырдалæгон æртыскæн фелвæста,
Фæхæцыдис дзы Батрадзы зæнгтыл
æмæ йæ денджызмæ ныззыввытт ласта.
Батрадз æгасæй дæр цъæх æндон фестади,
æрмæст ма йæ иу тъанг баззад 'нæ сæрыдæй —
Арф-арфид денджызы дон фаг нæ разынди:
Рафыхти,, уайтагъддæр айсысти, ахуыскъ ис,
Мигъ фестад, фæцыди уæлæмæ, арвмæ,
æмæ уым тар фæлмæй хуры цæст бахкæдта.
Денджызы цæрджытæ — кæфтæ 'мæ кæсæгтæ,—
Сисджын дзыгъуыр кæфтæ, авджынцæст кæсæгтæ,
Хъылдымтæ куы систой сурыл къæдзтæ-мæдзтæй,
Сидтвос куы фесты нарты сывæллæттæн.
Рахызти Батрадз, рацыди денджызæй,
æмæ та денджыз уæд фæстæмæ айдзаг ис,
Кодта фæйлауæнтæ, йæ былтæй акалди.
Нарты кадджытæ — ирон адæмы культурон хæзна
Ацæмæз æмæ Насран– Æлдар
Ацæмæз æмæ Агуындæ-рæсугъд
Сырдоны райгуырд
Нарты Балц
Фæндыр куыд фæзынд
Сырдон Нарты куыд асайдта
Сырдон Уæйгуыты куыд фæсайдта
Сырдон йæ мæрдтæн хист куыд кодта
Дæ тын дæ къух ссардта
Сырдоны Тохъылы æргæвст
Сырдоны мард
Æхсар æмæ Æхсæртæджы райгуырд
Нарты Фæткъуы
Дзерассæ-рæсугъд
Æхсар æмæ Æхсæртæджы мæлæт
Уырызмæг æмæ Хæмыцы райгуырд
Уырызмæг æмæ Хæмыц Уæрхæджы куыд ссардтой
Сатанайы райгуырд
Сатана Уырызмæджы ус куыд сси
Уырызмæг Сатанайы йæ цæгатмæ куыд æрвыста
Уырызмæджы æнæном лæппу
Уырызмæг æмæ Сохъыр Уæйыг
Уырызмæджы фæстаг балц
Бæгæны куыд фæзынди
Сосланы райгуырд æмæ байсæрын
Дауджыты лæвæрттæ Сосланæн
Сослан – Тыхагур
Сырдон Сосланимæ цæмæн фезнаг ис
Сослан Бедухайы куыд æрхаста
Сослан Сатанайы зындоны цадæй куыд фервæзын кодта
Сослан Косеры куыд ракуырдта
Сослан мæрдты бæсты
Сосланы мæлæт
Хæмыц ус куыд ракуырдта
Батрадзы райгуырд
Батрадзы денджызæй куыд расайдтой
Батрадзы хъæзтытæ сывæллонæй
Хæмыцы фырт Батрадз æмæ Деденæджы фырт Арæхдзау
Нарты Батрадз æмæ Хъулонзачъе Уæйыг
Батрадз йæхи куыд байсæрын кодта
Батрадз Уырызмæджы куыд фервæзын кодта
Батрадз æмæ Тыхы Фырт Мукар
Батрадз æмæ Сохъыр Уæйыг Æфсæроны фырт Алæф
Батрадз æмæ Сохъыр Уæйыг Æфсæрон
Батрадз Нарты Гуыппырсарты куыд фервæзын кодта
Батрадз Сосланы куыд фервæзын кодта
Батрадз æмæ æлдар
Батрадз æмæ нарты Уацамонгæ
Нарты симд
Батрадз Нарты Дзуары куыд фæнадта
Нарты æмбырд
Хæмыцы мæлæт
Батрадз йæ фыды туг куыд райста
Батрадзы мæлæт
Нарты Сау Рувасдзарм
Æхсæртæггаты æмæ Борæты хæст
Нарт æмæ Уæйыджы стæг
Айсана
Сатанайы лæппу
Уæрхтæнæджы фырт Нæртон Сыбæлц
Бедзенæджы фырт чысыл Арæхдзау
Сæууай
Уастырджи æмæ Нæртон æнæфындз Мæргъуыдз
Нарты сæфт
Дзырдуат