logo

М О Я    О С Е Т И Я



СОСЛАН КОСЕРЫ КУЫД РАКУЫРДТА


 

Уæд та, дын, иу изæр дурæйгуырд Сослан
Нарты хъæууынгты уæлæмæ фæцæуы,
Фæцæуы æмæ иу тигъмæ схæццæ ис.
Тигъыл лæууыдйс фæсивæды къорд,
Сосланы нæ уынынц, афтæмæй, дын, зæгъы,
Дзурынц сæхи мидæг: «Сослан цæй Сослан у,
Мæнæ махты руаджы куы нæ уаид, уæд!»
Цæуы та дарддæр дурæйгуырд Сослан
Æмæ схæццæ ис уынджы дыккаг тигъмæ.
Уым дæр та лæууы фæсивæды къорд;           
Дзурынц уыдон дæр: «Сослан цæй Сослан у,
Мæнæ махты руаджы куы нæ уаид, уæд!»
Цæуы та дарддæр дурæйгуырд Сослан
Æмæ схæццæ ис æртыккаг тигъмæ.
Уым дæр та лæууы фæсивæды къорд;
Дзурынц та уыдон дæр: «Сослан цæй Сослан у,
Мæнæ махты руаджы куы нæ уаид, уæд!»
«Афтæ кæм дзурынц адон мæн тыххæй,
Уымæ гæсгæ сæ нæй æнæ бавзаргæ!»
Дзуры йæхи нымæр дурæйгуырд Сослан,
Æмæ фæсивæды æрбамбырд кодта.
— Гъе, мардзæ, фæсивæд! — дзуры сæм афтæ,—
Уарбийы 'фсæдтæ Хызыны 'фцæгыл
Фæцæуынц æмæ сын сæ ис, сæ хæзна
Æнæ байсгæ нæй! Райсом боныцъæхæй
Æд фæндаггаг æмæ æд хæцæнгæрзтæ
Рæвдзæй куыд рацæуат уе'гас дæр, афтæ! —
Сразы сты фæсивæд, уæдæ цы уыдаид!
Сæхи арæвдз кодтой æмæ æрæмбырд сты
Цы афонмæ загътой, уыцы афонмæ.
Сослан сæ разæй, уыдон йæ фæстæ,
Афтæмæй фæцæуынц Хызыны æфцæгмæ.
Схæццæ сты, зæгъы, Хызыны æфцæгмæ.
Уырдыгæй зындысты Уарбийы æфсæдтæ:
Комы æрбацæуынц гыбар-гыбургæнгæ.
Нарты фæсивæдæй Уарбийы 'фсæдтæм
Хызыны æфцæгæй чи акæсы, уый та
æфсæдты уындæй фæтæрсы æмæ
Фæстæмæ ралидзы йæ фæрныг хæдзармæ.
Сослан фæстæмæ фæкаст фæсивæдмæ,—
Иу дæр дзы нал аззад, иууыл фæлыгъдысты.
«Гъе уæу-уæй! Куыйтæ, уæдæ иу æхсæв
Хъæбæр куы дзырдтат, уæд ныр цы фестут?»
Дзуры йæхи нымæр нæрæмон Сослан.
Цы гæнæн ма йын уыд, йæхæдæг иунæгæй
Уарбийы 'фсадимæ хæцынтæ байдыдта,
Хæцынтæ байдыдта, бирæ дзы фæцагъта,
Байста сын, зæгъы, сæ ис, сæ хæзна
æмæ сæ æрхаста йемæ Нарты хъæумæ.
Кæсы, æмæ хъæуы змæлæг нæ зыны.
Дис кæны Сослан: «Ай цы диссаг у,
Нарты адæмæй иу куы нæ зыны:
Ам сæ куы ныууагътон дзæбæх, сæрæгасæй,
Уæд ныр цы фесты, кæдæм фæцыдысты».
Уалынмæ иу ног чындз донмæ рацæуы,
æмæ йæ фæрсы дурæйгуырд Сослан:
— Мæ хъæу, мæ дзыллæ цы фесты, хорз чындз? —
Чындз æм ницы дзуры, — уайсадгæ йæм кодта.
— Хуыцауы хатыр, зæххы хатыр бакæн,
Ныууадз де 'фсæрмытæ, фæлæ ма мын зæгъ:
Нæ адæм цы фесты? — дзуры йæм Сослан.
æмæ йын уæд ног чындз афтæ куы зæгъы:
«Косер-рæсугъд сбадтис йæ тæхгæ мæсыджы
æмæ ныллæууыди арвæй зæххы 'хсæн.
Адæм ацыдысты æмæ йæм кæсынц.
Косер дзырд радта нарты фæсивæдæн:
«Кæй фат мæм схауа, уый у мæ мойаг».
æмæ фæсивæд æхсынц сæ фæттæ».
Уæдæ йæм искæй фат раздæр куы схауа,
Зæгъгæ, дын, Сослан адæм кæм уыдысты,
Уым балæууыдис. Кæсы, æмæ уæртæ
Нарты фæсивæд 'хсынц сæ цыргъвындз фæттæ
Арвæй зæххы'хсæн Косеры мæсыгмæ.
Сослан дæр бауадис, уæлгоммæ 'рхуыссыдис:
Фелвæста йæ фат æмæ йæ фехста.
Фат фæтахтис æмæ Косер-рæсугъдæн
Йæ цæугæ мæсыджы дуары тарвæзтæй
Уæлладжы ныссагъдис. Дыккаг фат фехста.
Уый дæр та фæцыдис уæлæмæ, мæсыгмæ,
æмæ ныссагъдис рудзынджы тарвазы.
Базырзыр кодта, уæдæ цы уыдаид,
Косер-рæсугъдæн йæ цæугæ мæсыг.
Уæд, зæгъы, Косер фæттæм куы равналы
æмæ сæ куы байсы: «Мæ хур акæнæд,—
Адон дыууæ дæр иу лæджы фæттæ сты.
Адон кзей фæттæ сты, гъе уый — мæ мойаг»,
Загъта рæсугъд Косер, æмæ йæ мæсыг
æруагьта зæхмæ, дзыллæйы размæ.
«Адон кæй фæттæ сты, гъе уый — мæ мойаг;
Хæстæг мæм рацæуæд!» дзуры Косёр-рæсугъд.
Сослан фыр цинæй мæсыджы смидæг ис.
«Фæлæу, æрра Сослан.— дзуры йæм Косер,—
Мæсыджы хъуыддагæн ницы бамбардзынæ:
Йе куыд æсуадзгæ у, йе куыд æруадзгæ у,
Уый нæ базондзынæ æмæ дæ фæхæсдзæн».
Нæрæмон Сослан, дын, кæм байхъуыстаид!
Уæд Косер фæмæсты æмæ фыддæрадæн
Мæсыг хæрдмæ суагъта, йæхæдæг та йæхи
Зæххы фæурæдта. Фæтæхы Сослан.
Уый афтæ æнхъæлдта, Косер дæр йемæ ис,
Къуымты йæ агуры, фæлæ цы ссардтаид!
«æнхъæлдæн æмæ мæ фæсайдта Косер!»
Загъта йæхицæн Сослан мæстыйæ.
Уалынмæ, мæсыг дæр арвы хæдбынмæ
Куы схæццæ вæййы æмæ уым куы 'рлæууы.
Уæд, зæгъы, Сослан уыцы мæстыйæ
Цæугæ мæсыгæй йæхи куы расхойы,
æмæ йæхи 'мбæрц зæхх куы ныттоны,
Афтæмæй фæвæййы раст авд дæлзæхы,
æмæ куы бафты уым дæлимонтæм;
Дæлимонтæ йыл цин кæнын куы сисынц;
Дзæбæхдзинадæй сæм цыдæриддæр ис,
Уый йын куы дæттынц хæрд æмæ нозтæй,
Уæддæр бонæй-бонмæ æнкъарддæр куы кæны,
Куы ницæмæй рухс кæны Сосланы зæрдæ.
«Гъе, нæ хорз уазæг,—дзуры уæд иу хатт
Нарты Сосланмæ хæйрæджыты 'лдар,—
Дзæбæхдзинадæй нæм цыдæриддæр ис,
Уый дын куы дæттæм, уæддæр бонæй-бонмæ
æнкъарддæр куы кæныс, уæд цæмæн афтæ у?»
— æз ахæм лæг дæн,—зæгъы йын Сослан, —
æмæ æппынæдзух йе цуан ма кæнон,
Йе хæцгæ ма кæнон, уæд цæрын нæ зонын.—
Уалынмæ, зæгъц, фæдисхъæр куы фæцыд:
«Хæйрæджыты рæгъау фæтардæуы, æмæ
Лæг чи у, уый тагъддæр рацæуæд», зæгъгæ.
Хæйрæджыты 'лдар дзуры йæ адæммæ:
«Дзындз-аласа йын раласут, уазæгæн,
æмæ йæ бавзарæм, кæддæра, куыд дзуры,
æцæг ахæм лæг у йæхи йын ауадзут,
Йемæ уæ фæдисы мачи ацæуæд!»
Абадтис Сослан Дзыцдз-аласайыл
æмæ ацыдис фæдисы иунæгæй.
æсхæцыдис æмæ хæйрæджыты рæгъау
æд хуыснæджытæ фæстæмæ 'рбатардта.
«Амæн ардыгæй ауадзæн нал ис,
Ай хуызæн тыхджын лæг нæхи бæсты нæй»,
Зæгъы Сосланæй хæйрæджыты 'лдар.
æмæ йæм ракодта йе'ртæ уарзон чызджы.
«Ме 'ртæ чызджы дын дæттын бинонтæн,—
Дзуры Сосланмæ хæйрæджыты 'лдар, —
Конд æмæ уындæй сæм нæй фау æрхæссæн,
Ахæм рæсугъдтæ никуы  ссардзынæ.
Дæ цæрæнбонтæ дæ зæрдæйы фæндиаг
Семæ æрвитдзынæ хъæлдзæг, амондджынæй».
Бирæ сæм фæкастис дурæйгуырд Сослан...
Куыннæ федтаид фыдуынд чызджытæ,
Фæлæ никуы федта йæ цардцæрæнбонты
Уыцы 'ртæ чызгæй фыдконд, фыдуынддæртæ.
æмæ уæддæр загъта æлдары цæстмæ:
—  Нæй фау æрхæссæн уындæй дæ чызджытæм,
Бирæ сæ бауарзтон, уæ, мæ хорз æлдар,
Фæлæ мын Нарты æртæ усы ис.
Нæ фидауынц уыдон сæ кæрæдзиимæ:
æппынæдзухæй кæнынц загъд-замана.
Нæ фидаудзысты дæ буц чызджытимæ,
æцæ дæ чызджытæ фенамонд уыдзысты. —
«Уæд та дæ цы ис, цы хæзна хъæуы?»
Фæрсы та æлдар нарты Сосланы.
— Ницы мæ хъæуы хæзнайы мыккагæй,
Ницы уæ курын, сæмбæлын мæ кæнут
æрмæст мæ дзыллæйыл, — зæгъы йын Сослан.
«Ацæут, уæдæ, æмæ йын рахæссут
Зæронд дзабыртæ, нæ нæм ныллæудзæнис»,
Дзуры йæ кусджытæм хæйрæджыты 'лдар.
Ауадысты æмæ уайтагъд æрбадавтой
Нарты Сосланæн дзабыры зæрæдтæ.
—  Ацы дзабыртæ дæ къæхтыл бакъуыр
æмæ скув хуыцаумæ: «Уæ, хуыцæутты хуыцау,
Курын дæ æмæ мæ нæ дуармæ фестын кæн!»
Сослан дзабыртæ йæ къæхтыл бакъуырдта;
Скуывта хуыцаумæ æмæ уадидæгæн
Фестади уæлæуыл, сæ тæккæ дуармæ.
Сатана йæ, зæгъы, куы ауыдта, уæд ыл
Ныццинтæ кодта: «Дæ рынтæ бахæрон,
Ме'нæныййаргæ фырт, æгайтма фæзындтæ!»
Косер куы базыдта, Сослан фæзынди,
Уæд хъуыды кæны: «Цымæ ма мыл Сослан
Фыццаджы хуызæн иузæрдион у,
Бафæлварон æй, — æндæр гæнæн нæй».
Сбадт та йæ мæсыджы бæсты рæсугьд Косер
æмæ та сдзæхст ласта арвæй зæхх' астæумæ.
— Ме'нæныййарæг мад, ныр цы бакæнон? —
Дзуры нарты Сослан дæсны Сатанамæ.—
Уыцы чызджы тыххæй авд дæлзæх куы фæдæн,
Уæд ныр афтæ сбадон, афтæ йæ ныууадзон?! —
«Уымæн дын, мæ хур, уынаффæ скæндзынæн, —
Зæгъы йын Сатана. — æз фестын кæндзынæн
Дæу зилгæ=яымгæ, æмæ йæм афтæмæй,
æсфардæг уыдзынæ арвæй зæххы 'хсæнмæ».
Уæд бæсты хин æмæ зæххы кæлæн Сатана
Нарты Сосланы куы фестын кæны
Тыхджын зилгæ дымгæ, æмæ, гъайда-мардзæ! —
Зилгæ 'мæ здухгæ, фудтытæ кæнгæ,
Фæцæуы уæлæмæ дурæйлуырд Сослан.
Мæсыг кæм лæууыд, уырдæм куы схæццæ ис,
Гъе уæд рудзынгæй мæсыджы фæмидæг ис,
Уыцы ран дымгæ нал — Сослан та фестадис.
— Гъæ, мæнæ налат, ардыгæй та ма мын
Кæдæм ирвæздзынæ? — дзуры Косермæ.
«æмæ æз цы кодтон? Аххосджын, Сослан,
Ды дæхæдæг уыдтæ! Ардæм дæр æссыдтæн
Цæмæй базонон, фыццагау ма мыл
Иузæрдион дæ, æви нæ дæ, уый».
Бафидыдтой уым, тæхгæ мæсыджы,
Нарты Сослан æмæ бæсты рæсугъд Косер.
Мæсыг баздыхтой æмæ йæ æруагьтой.

 Нарты кадджытæ — ирон адæмы культурон хæзна
 Ацæмæз æмæ Насран– Æлдар
 Ацæмæз æмæ Агуындæ-рæсугъд
 Сырдоны райгуырд
 Нарты Балц
 Фæндыр куыд фæзынд
 Сырдон Нарты куыд асайдта
 Сырдон Уæйгуыты куыд фæсайдта
 Сырдон йæ мæрдтæн хист куыд кодта
 Дæ тын дæ къух ссардта
 Сырдоны Тохъылы æргæвст
 Сырдоны  мард
 Æхсар æмæ Æхсæртæджы райгуырд
 Нарты Фæткъуы
 Дзерассæ-рæсугъд
 Æхсар æмæ Æхсæртæджы мæлæт
 Уырызмæг æмæ Хæмыцы райгуырд
 Уырызмæг æмæ  Хæмыц Уæрхæджы куыд  ссардтой
 Сатанайы райгуырд
 Сатана  Уырызмæджы ус куыд сси
 Уырызмæг Сатанайы йæ цæгатмæ куыд æрвыста
 Уырызмæджы æнæном лæппу
 Уырызмæг æмæ Сохъыр Уæйыг
 Уырызмæджы фæстаг балц
 Бæгæны  куыд  фæзынди
 Сосланы райгуырд æмæ  байсæрын
 Дауджыты   лæвæрттæ   Сосланæн
 Сослан – Тыхагур
 Сырдон Сосланимæ цæмæн фезнаг ис
 Сослан Бедухайы куыд æрхаста
 Сослан Сатанайы зындоны цадæй куыд фервæзын кодта
 Сослан Косеры куыд ракуырдта
 Сослан мæрдты бæсты
 Сосланы мæлæт
 Хæмыц ус куыд ракуырдта
 Батрадзы райгуырд
 Батрадзы денджызæй  куыд расайдтой
 Батрадзы  хъæзтытæ  сывæллонæй
 Хæмыцы  фырт  Батрадз  æмæ Деденæджы  фырт  Арæхдзау
 Нарты Батрадз æмæ Хъулонзачъе Уæйыг
 Батрадз йæхи куыд байсæрын кодта
 Батрадз  Уырызмæджы  куыд фервæзын кодта
 Батрадз æмæ Тыхы Фырт Мукар
 Батрадз æмæ Сохъыр Уæйыг Æфсæроны фырт Алæф
 Батрадз æмæ Сохъыр   Уæйыг Æфсæрон
 Батрадз Нарты Гуыппырсарты куыд фервæзын кодта
 Батрадз Сосланы куыд фервæзын кодта
 Батрадз æмæ æлдар
 Батрадз æмæ нарты Уацамонгæ
 Нарты симд
 Батрадз Нарты Дзуары куыд фæнадта
 Нарты æмбырд
 Хæмыцы мæлæт
 Батрадз  йæ  фыды туг куыд райста
 Батрадзы мæлæт
 Нарты  Сау Рувасдзарм
 Æхсæртæггаты æмæ Борæты хæст
 Нарт æмæ Уæйыджы стæг
 Айсана
 Сатанайы лæппу
 Уæрхтæнæджы фырт  Нæртон  Сыбæлц
 Бедзенæджы фырт чысыл Арæхдзау
 Сæууай
 Уастырджи æмæ Нæртон æнæфындз Мæргъуыдз
 Нарты сæфт
 Дзырдуат

Нартские сказания на русском языке