logo

М О Я    О С Е Т И Я



СОСЛАНЫ МÆЛÆТ


Æрхаста Сослан йæхицæн усæн
Авд уæйыджы хъан — Хуры чызг Ацырухсы,
æмæ цæрынтæ-хæрынтæ байдыдтой:
Бонтæ сыл уади, азтæ сыл цыди.
Нарты Сослан-иу цуаны арæх уыд,
Хæтæнты хатти, цæуæнты цыди,
Афтæмæй æрвыста йæ рæстæг, й'афон.
Иуахæмы та нарты фæсивæдæй.
Дыууадæсимæ куы ныффæнд кæны
Цуаны фæцæуын Зилахары быдырмæ.
Цуаиы ацæуынц æмæ æрцаразынц
Быдыры бæстастæу сæхицæн мусонг,
Сæхæдæг цуан кæнынц, уæдæ цы уыдаид.
Фæцуан-иу кодтой райсомæй сихормæ,
Стæй-иу æрцыдысты фæстæмæ мусонгмæ.
Сæ мусонджы-иу сæ фæллад суагътой,
Стæй та-иу изæрæй цуаны ацыдысты.
Иу бон куы уыди, уæд та райсомæй
Цуаны ацыдысты æмæ та сихорыл
Фæстæмæ фæлмæстæй мусонгмæ 'рцыдысты.
Нæ фæллад суадзæм, зæгьгæ, цуанонтæ
Æркъултæ кодтой. Фæлæ нарты Сослан
Фæллад нæ зыдта, æмæ, цалынмæ
Ме 'мбæлттæ хуыссой, уалынмæ искуыты
Куы разилин, зæгьгæ, рацыдис мусонгæй,
Адардис æмæ иу комы бацыди;
Комы цæуы æмæ иу цадмæ бафтыд.
«Ай хуызæн æнтæфы ацы цады былмæ
Куыд ницы 'рбацæуы, куыд æнæзмæлæг у?
Хъуыды кæны æмæ æрбадтис цады был.
Бады Сослан æмæ фæлгæсы алы 'рдæм.
Уалынмæ цадмæ иу хъуаз æрбацæуы,
Иу хъуаз æрбацæуы цады дон нуазынмæ.
Афтæ рæсугъд уыдис уыцы хъуаз æмæ йын
Конд æмæ уындæй æмбал нæ уыди,—
Йæ дæллаг хъуырæй æрттывта Бонвæрнон.
Нæрæмон Сослан æм фат фæцарæзта,
«Гъа ныр æй фехсон» куыд загъта, афтæ хъуаз
Чызг фестадис æмæ дзуры Сосланмæ:
«æгас æрцæуай, дурæйгуырд Сослан!»
—  Хорз амонд дæ хай, —дзуапп радта Сослан.
«Сослан, æз уæларвæй дæу феныны тыххæй
Куы 'рцæуын æмæ дыл куы никуы æмбæлын.
Фенхъæлмæ дæм кастæн ацал-ауал азы,
Ныр мæ дæхицæн ахон бинонтæн».
—  Ам дзæгъæл чызгæй кæй арон, уыдоны
Иуыл мæхицæн бинонтæн куы хонон,
Уæд Нарты хъæуы дæр куы нæ бацæудзысты, —
Зæгъы рæсугъд чызгæн дурæйгуырд Сослан.
«Уæ, ма кæн,  Сослан,   фæсмон фæкæндзынæ, —
Дзуры та йæм чызг. Фæлтау мæ ахон!»
—  Чызгай, дæ хуызæн цады бадæг дзæргьæй
Сослан кæй уына, уыдоны иууыл
Бинонтæн куы хона, уæд йæ цъæх æндон
æфсæйнаг куы суыдзæн, — загьта йын Сослан.
Чызг æваст йæ цæнгтæ фæйнæрдæм фæкодта,
Фестад ыл базыртæ, ныппæрпæр кодта
æмæ атахтис. Сослан дæр ма йæм
Бæргæ фæлæбурдта, фæлæ ницы уал.
Тæхгæ-тæхын ма чызг иу дзырд фæкодта:
«æз Балсæджы чызг дæн; ныр дæм бæрæг уыдзæн!»
Чызг атахт æмæ сæхимæ схæццæ ис,
Йæ фыд Балсæгæн йæ хъаст ракодта:
«Сослан мæ схуыдта цады бадæг дзæргъ».
Балсæг, зæгъы, уæд йæ цалхы рарвиты:
«Цæугæ, æмæ амар нарты Сосланы».
Араст Балсæджы цалх Сосланы марынмæ,
Йæ хъæр, йæ гуыргуырæй- бæстæтæ арауынц,
Балсæг ныхъæр кодта нарты Сосланмæ:
«Фæкæс ма дæхимæ гъе ныр, нæртон гуырд!»
—  æмæ мæ цæвынмæ цæмæй хъавыс, Балсæг?
Цæмæй мæ марыс? — Сослан æм хъæр кæны.
«Цæвæн дзаума дæм   фæцæуы,   нæртон гуырд».
—  Цы йæм бадарон? — Сослан та йæм дзуры,
«Дæ ных æм бадар, дæ ных,, нæртон гуырд».
Болат Сослан æм йæ ных куы сарæзта,
Йæ ных куы сарæзта дыууæ 'рфыджы астæу.
Балсæджы цалх дæр, дын, уæд гуыргуыргæнгæ,
Йæхи куы рауадзы æмæ Сосланы ных
Йæ тых йæ бонæй куы ныццæлхъ ласы;
Куы ныццæлхъ ласы, фæлæ фæстæмæ
Куы фесхъиуы, зæгъынц. Сосланы болат ных
Чысыл цъæррæмыхст дæр куы нæ фæвæййы.
Сослан ма цалхмæ бæргæ фæлæбурдта,
Фæлæ йын нæ бантыст цалхы рацахсын.
Балсæг та йæм, зæгьы, дыккаг хъæр ныккодта:
«Фæцæуы та дæм!» — Цы йæм бадарон? —
Хъæр æм кæны Сослан мæстæймарæгау.
«Дæ риу æм бадар!» дзуры йæм Балсæг.
Гуыргуыргæнгæ та Балсæджы цалх йæхй
Сосланыл рауагъта. Нарты Сослан дæр æм
Йæ риу куы сарæзта, йæ болат риу, зæгъы.
Иыццæлхъ кодта цалх Сосланы болат риу.
Цырд æм фæлæууыд Сослан дæр ацы хатт,
æмæ, цалх фæстæмæ куы фæцæй схъиудта,
Уæд æм фæлæбурдта æмæ йæ рацахста;
Йæ быны йæ 'ркодта æмæ йын, зæгъы,
Йæ дынджыр фæрчытæй дыууæ æрбасаста.
Ныллæгъстæ йын кодта гъе уæд Балсæджы цалх:
«Сослан, курын дæ, мæ уд мын ма аскъуын,
æмæ æз мæхи ардыгæй фæстæмæ
«Балсæджы цалх» нал, — «Сосланы цалх» хондзынæн».
— Нæ, фæсайдзынæ мæ! — зæгъы йын Сослан.
«Хуыцауæй дын ард хæрын, куыд «Балсæджы цалх».
Мæхи нал схондзынæн абонæй фæстæмæ,
Фæлæ хондзынæн мæхи «Сосланы цалх».
Баууæндыдис ыл Сослан дæр, уæдæ цы! —
Йæ бынæй йæ суагьта, афтæ фæуæд, зæгъгæ.
æмæ рацыдйс мусонгмæ йе 'мбæлттæм.
Балсæджы цалх дæр, дын, фæраст йæ хæдзармæ.
Фæцæуы æмæ йыл фæндагыл фембæлди
Нарты фыдбылыз Гæтæджы фырт Сырдон..
«Уæ, Балсæджы цалх, дæ фæндаг мын раст уа!»
«Нал дæн «Балсæджы цалх», хон мæ «Сосланы цалх»,
Нæ уæд мæ амардзæн дурæйгуырд Сослан».
«Гъе, Балсæджы цалх, фесæфай фæлтау!
Дæ бирæ тыхтæ цæуыл фесæфтысты!
Де стыр кад æмæ цыт цæуыл фесæфтысты!»
Мæстæй йæ мары Гæтæджы фырт Сырдон.
«Ма мын кæн, Сырдон, ахæм ныхæстæ,
æз æрдхорд лæг дæн», зæгъы Балсæджы цалх.
«Дæ кæсдæр æнгуылдзæй туг рауадз æмæ
Уымæй ссæудзæнис дæ сомы, дæ ард. —
Дзуры йын Сырдон. — Сосланæн йæ.адзал
æрмæст дæр дæуæй у, æмæ ма йыл дæхи
Иу æскъæрд акæн, амардзынæ йæ!»
«Фыдæбоны лæг у, дурæйгуырд Сослан,
Куы ма мыл фæхæст уа, уæд мæ дæндагæй
Уæддæр бахæрдзæн. æз Сосланимæ
Ницы бакæндзынæн», загъта Балсæджы цалх.
«Бавдæл, æмæ ссу Куырдалæгонмæ,
Саразын ын кæн болатæй фæрчытæ,
Стæй æрцу æмæ нарты Сосланæн,
Хуысгæ куыд кæна, афтæмæй атул
Йæ уæраджы сæртыл, йæ адзал уыдонæй у».
Фæсаст Балсæджы цалх Сырдоны ныхæстæй.
«æмæ йæ хуысгæйæ кæм æссардзынæн,
æмбæлгæ дæр ма йыл кæд фæкæндзынæн?»
Фæрсы Балсæджы цалх нарты фыдбылызы.
«Алы бон дæр Сослан цуан кæнынмæ вæййы,
Йæ бынат та у Зилахары быдыр.
Уым ын и с мусонг конд. Алы сихорыл ын
Уыцы мусонджы æнæ хуысгæ нæй;
Йемæ ма чи уа — ис ын æмбæлттæ дæр —
Сеппæтыл дæр-иу ратул æмхуызонæй.
Цы хъауджыдæр дын у, уæддæр нарты Сослаг
Уыдонимæ уыдзæн», зæгьы йын Сырдон.
Араст Балсæджы цалх Куырдалæгонмæ,
Бацыди йæм, зæгъы, æмæ йæхицæн
Саразын кодта болат фæрчытæ.
. Сослан дæр алы бон цуаны рацæуы
Нарты фæсивæдæй дыууадæсимæ.
Иу бон улæфтафон йæ цуанон æмбæлттæм
Афтæ бадзуры: —Ацæут мусонгмæ,
Уæ фæллад суадзут; æз та ма иу чысыл
Искуыты разилон, тагьд уæм фæзындзынæн. —
Ацыдысты, дын, уæд дыууадæс цуаноны
æмæ сæ мусонджы æрхуыссыдысты —
æхсæзæй мусонгæн йæ иуы'рдыгæй фарс,
æхсæзæй мусонгæн йе'ннæ'рдыгæй фарс:
— Сæртæ фæйнæрдæм, къæхтæ кæрæдзимæ.
Балсæджы цалх уæд ныггуыргуыр кæны:
«Сар мын дæ сæр кæны, дурæйгуырд Сослан!»
Зæгъгæ, мусонгыл йæхи рауадзы
æмæ цуанæттæн дыууадæсæй дæр
Сæ зæнгтæ æваст атæхын кодта.
Дыууадæсæй дæр куы фæмард вæййынц,
Куы фæмард вæййынц Сосланы 'мбæлттæ.
Саджы мард йе'ккой, афтæмæй, зæгъы,
Уалынмæ Сослан дæр куы 'рбахæццæ вæййы
— æттæмæ ма мæм цырддæр ракæсут! —
Сослан йе'мбæлттæм бæргæ бадзуры,
Фæлæ йæм æттæмæ кæсæг куы нæ ис.
Сослан æрæппары саджы мард йе 'ккойæ
æмæ йе'мбæлттæм мусонгмæ бацæуы.
Хорзау нал фæцис дурæйгуырд Сослан:
Кæсы: йе'мбæлттæн дыууадæсæй дæр
Сæ зæнгтæ къуырд куы сты, мардæй куы лæууынц.
—  Гъе, — загъта Сослан, — хуыцау мæ куыд федта!
Ай Балсæджы цалх уыд, æндæр мын ничи уыд. —
æттæмæ рауадис. Уæлæ Балсæджы цалх
Фæлидзы быдырты. Сослан æй асырдта.
Тыгъд быдырты йæ расур-басур систа.
—  Бауром æй, быдыр! — хъæр кæны Сослан.
Ницы баурæдта быдыр, æмæ йæ
Сослан ралгъыста: — Авд азæй фылдæр дæм
æнæ базилгæйæ панда ма уал уæд! —
Лидзы Балсæджы цалх; балыгъди хохмæ.
—  Бауром æй, хох! Балсæджы цалх мын
Ме'мбæлтты ныццагъта,—дзуры йæм Сослан.
Хох дæр та, зæгъы, ницы баурæдта.
-— Уæдæ зæйбынтæ, хуырызгъæлæнтæ у! —
Ралгъыста хохы дурæйгуырд Сослан.
Лидзы Балсæджы цалх Сосланы разæй.
Балыгъдис хъæдмæ, фæлидзы фæрвбыны.
—  Дæ хорзæхæй, фæрв, ме знаджы ма ауадз!—
Дзуры та Сослан фæрв бæласмæ дæр.
Фæрв бæлас дæр та ницы баурæдта.
—  Хъæды фыддæр фæ у! — зæгъы йын Сослан,—
Ахорæнæн дын дæ цъар куыд стигъой,
Дæхæдæг та-иу хуыскъ куыд кæнай, афтæ. —
Лидзы Балсæджы цалх, фæкæс-фæкæс гæнгæ,
Лидзы 'мæ бахæццæ иу сусхъæд бæласмæ.
—  Гъæйтт, сусхъæд бæлас' — дзуры йæм Сослан. —
Ме знаджы ма мын уæд та ды бауром! —
«Ставд бæргæ ныддæн, — зæгъы сусхъæд бæлас,
Фæлæ йæ уромын мæиæн мæ бон нæу —
æгæр фæлмæн дæн, ацъæл мæ кæндзæн».
—  Дæуыл дæр, уæдæ, ме'лгъыст æрцæуæд, —
Зæгъы сусхъæдæн дурæйгуырд Сослан. —
Кал рæсутъд дидинæг, дыргъ дыл иу ма зайæд:
Адæм дæ агурæнт дæ цъары тыххæй! —
Лидзы Балсæджы цалх, лидзы 'мæ баирвæзт
Иу фатхъæдбынмæ. — Ма ауадз, фатхъæд,
Фæу'ром мын æй!—дзуры йæм Сослан.
Нæ йæ баурæдта фатхъæд бæлас дæр.
—  Арты судзынæн дæ адæм цы агурой,
Хуыцау дын уый зæгъæд!—Сослан æй  ралгъыста.
Балсæджы цалх та дарддæр фæлидзы.
Сослан йæ фæдыл уайы гуырæй-гуырмæ.
Лидзы цалх æмæ тæрсхъæды бамидæг.
—  У, мардзæ, тæрсхъæд, ме знаг фæлидзы,
Бауром мын æй!—дзуры йæм Сослан.
«æниу ма дын ноджы фыддæртæ куы фенин:
Мæ иу  бæлас-иу хъæуваг уыдаид,
Фæлæ мыл нæ уагътай уидаг æмæ къалиу».
—  Хуыцау дæ адæмæн æнцонгуыст фæкæнæд,—
Загъта тæрсхъæдæн дурæйгуырд Сослан.
Лидзы Балсæджы цалх. Тулдзбынмæ бахæццæ
—  Тулдз, ме знаджы мын ды уæддæр бауром! —
Дзуры та Сослан тулдз бæласмæ дæр.

Тулдз бæлас дæр та ницы баурæдта.
Загъта Сосланæн: «Фаттæн мæ мæ цъуппæй
Мæ уидæгты онг.ды куы лыгтæ кодтай»..
—  Дæ уæлæ, уæдæ, гыркъотæ зайæд,
Хæрынæн ма бæззæнт! — загъта йын Сослан.
Лидзы Балсæджы цалх. Бæрзбынмæ бафтыдис.
Нарты Сослан та бæрзмæ дæр дзуры:
—  Гъæтт, бæрз, ма ауадз, ме знаг фæлидзы! —
 «Дæуæн знаг чи у, уый знаг у мæнæн дæр»,
Загъта бæрз Сосланæн, æмæ æруагъта
Йæ лыстæг къæбæлдзыг æрттиваг къалиутæ
Балсæджы цалхæн йæ тæккæ размæ,
Фæлæ не сси йæ бон цалхы бауромын.
—  Бæлæсты хуыздæрыл нымад фæ у, бæрз!
Дæ уисы дын адæм, физонæг кæнгæйæ,
Уæхстæн куыд агурой!—загъта йын Сослан,
æмæ та фæсуры Балсæджы цалхы.
Лидзы Балсæджы цалх. Хъæдбынты уайы.
æхсæры къутæрмæ фæхæццæ кæны.
æхсæры къутæрыл хуымæллæп æстыхстис.
—  Гъе, уæртæ, хуымæллæг, бауром мын æй!
Уый мæ туджджын у: нарты фæсивæдæй
Дыууадæс амардта, — дзуры йæм Сослан.
Хуымæллæг рауагъта йæ мæцыкъортæ,
Балсæджы цалхыл æрбатыхстытæ  сты
æмæ йæ иу чысыл уым фæурæдтой,
Нарты Сослан æй æхстбæрцмæ баййæфта.
Иу æхст'æй фæкодта йæ болатфындз фатæй
æмæ йын йæ иу фарк æрбамуртæ кодта.
Дыккаг æхст та йæ фæкодта æмæ йын
Йæ дыккаг фарк базгъæлæнтæ кодта.
Стæй бауадис уæд Балсæджы цалхмæ,
æмæ йыл æрхæцыд. Раарфæ кодта
æхсæры къутæр æмæ хуымæллæгæн:
—  æхсæры къутæр, ахæм дыргъ дыл уæд,
æмæ дæ адæм дæ дыргъы тыххæй
Дардмæ куыд агурой, адджын сын куыд уай!
Хуымæллæг, дæу та адæм куыд агурой
Нуæзтыл кæнынмæ, хъæлдзæг сæ куыд дарай,
Уый иу хуыцау зæгьæд! — дзуры сæм Сослан.
Стæй йæ цирхъ фелвæста; æркъуыхтæ кæнон
Балсæджы цалхы, зæгьгæ, куыд загъта,
Афтæ та йæм цалх уæлæмæ дзуры:
«Мæ уд де уазæг, цы мын зæгьай, Сослан,
Уый бакæндзынæн, æрмæст мæ ма амар!»
—  Фæсайдзынæ та мæ, — зæгъы йын Сослан, —
Мæнгард разындтæ, æууæндæн дыл' нæй! —
Балсæджы цалх та дзырд радта Сосланæн.
—  Хорз, уæдæ, — зæгъы йын дурæйгуырд  Сослан.—
Дæ бинонтæй мын дыууадæсы амар
æмæ дæ уадзын уæд удæгасæй. —
Балсæджы цалх, зæгъы, йæхи бинонтæй
Растдæр дыууадæс кæй амардзæнис,           
Ууыл ард бахордта. Баууæндыдис та йыл
Нарты Сослан дæр æмæ йæ ауагъта.
Балсæджы цалх, зæгъы, æнкъард, сæргуыбырæй
Фæцæуы сæхимæ, цы гæнæн ма йын уыд!
Гæды Сырдон дæр та хъуыддаг куы базоны,
Балсæджы цалхæн кæй нæ бантыстис
Сосланы амарын, куы базоны, зæгъынц,  
Сырдон уæд бацæуы зæронд лæджы хуызы
æмæ афтæмæй Балсæджы цалхæн
Иу ран йæ размæ барæй куы фæвæййы.
«Уæ, Бæлсæджы цалх, дæ фæндаг мын раст уа! —
Афтæ йæм дзуры.—Цы кæныс, цæй æнкъард дæ?»
«Цы ма кæнон, зæронд лæг, нарты Сосланæн
Дзырд загътон æмæ хъуамæ мæ бинонтæй
Дыууадæс амарон», зæгъы Балсæджы цалх.
«æмæ сæ маргæ та цæй сæрыл кæныс,
æнæ маргæ дæр сын хос куы ис, уæд.
Ды дæ бинонтæй марынмæ кæй хъавыс,
Уыдоны маргæ нæ, фæлæ сын ракæн:
Кæмæн йæ къухы ных, кæмæн йæ къахы ных,
æмæ дæ бинонтæй иу дæр нæ фæхъæудзæн.     
Д' ард нæ фехæлдзæн, уыдзæн йæ бынаты»,
Дзуры йæм Сырдон зæронд лæджы хуызы.
Ницы йæм байхъуыста, кæны йæ цыды кой.
Цæуы, æмæ та иудзæвгар куы ауад,
Уæд та гæды Сырдон, нарты фыдбылыз,
Фестад йæ размæ зæронд усы хуызы.
«Уæ, Балсæджы цалх, дæ фæндаг раст уа!
Цы кæныс, мæ бон, цæй æнкъардæй цæуыс?» —
Фæрсы та Сырдон Балсæджы цалхы.
«Цы кæнон, зæронд ус, — загъта Балсæджы  цалх, —
Цæуын мæ бинонтæм æмæ сæ хъуамæ
Дыууадæс амарон, æндар гæнæн нæй,
Сосланæн уый тыххæй æз ард бахордтон».
«æмæ сæ, мæ хур, маргæ цæмæн кæныс?
Фæлтау дæ бинонтæй марынмæ кæй хъавыс,
Уыдоиæн ракæн сæ къахы æмæ
Сæ къухы ныхтæ, æмæ се 'гас дæр
Дзæбæх уыдзысты; дæ ард дæр, уæдæ,
Нæ фехæлдзæни», зæгъы йын зæронд ус.
Нæ та йæм байхъуыста ныр дæр Балсæджы цалх,
Цæуы йæ фæндагыл æнкъард, сæргуыбырæй.
Гæды Сырдон дæр та разæй ауадис
æмæ та йыл иу ран ногæй æрбамбæлди
Фыццаг хъуынтæуадзæг лæппуйы хуызы.
«Дæ фæндаг раст уа, тыхджын Балсæджы цалх,—
Дзуры йæм лæппу, — афтæ æнкъардæй дæ
Куы никуы федтон, цы кодтай уагæры?»
«Сосланæн дзырд радтон, мæ уарзон бинонтæй
Кæй амардзынæн дыууадæсы, ууыл.
Цæуын æмæ хъуамæ мæ дзырд сæххæст кæнон»,
Загъта Балсæджы цалх сæргуыбыр, æнкъардæй.
«Цæуыл сæ марыс? Дæ ард куыннæ фесæфа,
Афтæ дæ бинонтæй кæмæн йæ къахы ных,
Кæмæн йæ къухы ных ралыг  кæн æмæ —
Дæ ард сæххæст кодтай», зæгъы йын лæппу.
Нæй, нæ та байхъуыста уæддæр Балсæджы цалх.
Фæцæуы сæхимæ æнкъард, сæргуыбырæй.
Иу чысыл куы ауад, уæд хъуыды кæны:
«Цымæ мæ уыцы лæг, уыцы зæронд ус
æмæ уыцы лæппу сæхицæн ц'агуырдтой?
Цæуылнæ сразы дæн? Цæй, нæ, фæлæ мын
æртæйæ куыд загътой, афтæ бакæнон»...
Ссыд йæ хæдзармæ, æмæ йын куыд загътой,
Афтæ: баксодга: йæ бинонтæй, зæгъы,
Йæ уарзон бинонтæй уæд дыууадæсæн
Кæмæн ракодта йæ къухы ныхтæ,
Кæмæн ракодта йæ къахы ныхтæ.,
æмæ йæ хæдзары æнцад æсбадтис.
Бонтæ, къуыритæ йыл рацыдис, зæгъы,
Балсæджы цалхæн йæ маст æссыдис.
Байгас та æсты йæ хъæдгæмттæ дæр.
Нарты фыдбылыз гæды Сырдон дæр та
Цæуын байдыдта Балсæджы цалхмæ:
«Гъе, мардзæ, — дзуры та Балсæджы цалхæн,—
Бавдæл æмæ ма иу æскъæрд ракæн
Сосланыл дæхи, дæ мает ын ма ныууадз!»
«Мæнæ гæды гацца, ныууадз мæ, дын, зæгъын!
Атæппæт фыдтæ дæу тыххæй бавзæрстон»,
Зæгъы Балсæджы цалх Гæтæджы фыртæн.
Кæм ныууагътаид уыцы ныхасæй
Йæ фæнд, йæ хъуыды нарты фыдбылыз
Гæтæджы фырт Сырдон! Йе'взаг та суагъта,
Йæ гæды 'взаг, зæгъы, Балсæджы цалхмæ
Афтæ 'мæ уфтæ — Сосланы амар.
æмæ та сразы ис Балсæджы цалх дæр;
Ацыди,, зæгъы, Куырдалæгонмæ,
Ацыд æмæ йын йæ саст фæрчытæ
Сыгьдæг болатæй саразын кодта.
Сослан цуан кодта Зилахары быдыры,
Цуан кодта æмæ иу бон иу сырдмæ
Куыд фæцæй хъуызыди, афтæ йыл сусæгæй
Мæнгард Балсæджы цалх йæхи рауагъта.
æмæ йын йæ зæнгтæ раст уæраджы сæртыл
Атæхын кодта, йæхæдæг æм, зæгъы,
Йæ бинонты къæхтæй, йæ бинонты къухтæй
Цы ныхтæ ракодта, уыдон бакалдта.

Стæй уæд фæстæмæ аздæхт Балсæджы, цалх
æмæ сфардæгис уæларв йæ хæдзармæ.
Нарты Сослан, зæгъы, уыцы ран ахаудис.
Кæсы Сослан, æмæ Нартмæ кæй фервита
Фæдисхъæргæиæг, нæй бæстыл иу ахæм.
Уалынмæ цæргæс йæ сæрты 'рбатæхы. —
Уæ, уæлæ цæргæс,—дзуры йæ'м Сослан,—
Нарты хъæуы мын æхсæртæггатæм
Хъæргæнæг фæ у, фæдисхъæргæнæг,
Уырызмæг æмæ мын Хæмыцмæ бадзур:
«Сослан уын мæлы Зилахары быдыры
æмæ йæ цæстытыл æрхæцæг дæр нæй».—
«Фыддæр дын куы фенин!—дзуры йæм цæргæс, —
Фæлладæй-иу искуы быдыры къуыппыл,
Йе та бæласыл. чысыл куы абадтæн,
Уæд-иу мæм, Сослан, ды дæ фат фæдардтай,—
æнæрай дзы фæуай! — æнцой мæ нæ уагьтай!»
Кæсы та, æмæ хъæрццыгъа 'рбатæхы.
Сослан та дзуры хъæрццыгъамæ дæр:
—  Уæ, уæлæ хъæрццыгъа, æхсæртæггатæм мын
Хъæргæнæг фæ у, фæдисхъæргæнæг.
Бадзур ме 'фсымæртæм: Сосланæн уын, зæгъ,
Мæнгард Балсæджы цалх сусæгæй, хъуызгæ,
Йæ уæраджы сæртæ ахауын кодта. —
«О! Куыннæ, куыннæ! Сатанайæн мæ
Йæ бирæ кæрчытæй иу цъиу рахæссын
Куы никуы бауагътай — фатæ-й мæ-иу фехстай!»
Загъта йын   хъæрццыгъа æмæ атахтис.
Сослан дæр хуыссы, уæдæ цы кодтаид.
Уалынмæ йæ сæрты, цъыбар-цъыбур гæнгæ,
Сау базыр зæрватыкк куы 'рбацæйтæхы.
—  О, уæлæ зæрватыкк! —дзуры та уымæ дæр, —
Атæх æмæ зæгъ æхсæртæггатæн:
«Балсæджы цалх уын Сосланы уæрджытæ
Ахауын кодта æмæ уын мæлы,
Нæй йæ цæстытыл æрхæцæг, афтæмæй».—
«Хорз,— зæгъы зæрватыкк,— æвгъау лæг дæ ды
Ацы ран быдыры иунæгæй мæлынæн.
Фæуыдзынæн 'дын æз фæдисхъæргæнæг:
Искуы-иу мæныл къæвда куы æрцыди,
Уæд-иу мæ ды, Сослан, дæ роны бакодтай;
На уæд—уæ хæдзармæ куы батахтаин,
Уæд-иу мын ды мæ сæр адæуттытæ кодтай,
Хордоны-иу мæ нывæрдтай, æмæ-иу
Уым мæхи бафсæстон, стæй-иу ратахтæн.
Нæ ферох кæндзынæн дæ хорздзинæдтæ».
—  Фæ у, зæрватыкк, адæмæн уарзон маргъ!—
Раарфæ йын кодта Сослан йæ фæстæ.
Сослан хуыссы æмæ æнхъæлмæ кæсы
Нарты фæдисмæ, уæдæ цы уыдаид.
Уалынмæ иу сау сынт йæ сæрты 'рбатæхы.
Куы федта Сосланы, уæд ныккуыдта зæрдиаг;
«Цы ма кæндзынæн ныр дæ фæстæ, Сослан?
Ды мын куы дардтай мæ гуыбын æфсæстæй:
Дæу фæрцьг мын-иу алы ком, ал'адаг
Фыдæй йе дзаг уыд, ныр ма цы уыдзынæн?» —
Хъыгæй ницыуал ис, фæлæ рацу æмæ
Мæнæ мæ тугæй дæхи хорз бафсад. —
«Гъе, уæууæй, Сослан, афтæ" цæмæн зæгьыс,
æз дыл хъыг куы кæнын!» дзуры йæм сау сынт.
Сослан ын бамбæрста йæ зæрдиаг ныхас,
Раарфæ йын кодта: — Холы-иу искуы
Арвы кæрон куы уа, уæддæр дæ цæстмæ
Тутдзæджындз куыд лæууа, æмæ-иу уымæй
Холы куыд базонай, хуыцау дын уый зæгъæд! —
Сосланы сæрты халон æрбатæхы.
Куы федта Сосланы, уæд уый дæр кæуы:
«О, Сослан, Сослан—н'алы боны дзаг фынг!
Кæмттæ нын фыдæй дзаг ды куы дардтай,
Куыд ма цæрдзыстæм дæ фæстæ, Сослан?!»
— Кæуынтæ уадз, фæлæ рацу 'мæ мæнæ
Цы фыд æмбийы, кæнæ цы туг ахсы,
Уыдонæй бафсæд,—дзуры йæм Сослан.
Халон дæр æм, зæгъы, фæгæпп-фæгæпп кæнгæ,
Йæхи æрбаласта, хæрынмæ дзы хъавы.
Сослан æй ралгьыста: — Бон изæрмæ-иу
æлгъит адæмы, фæлæ сыл де'лгъыст
Макуы æрцæуæд, æхсæв-бонмæ та-иу
Дæ къахæй бæласыл ауыгъдæй фæлæу,
Дæ цард афтæ 'рвит!—,уый дын мæ арфæ.—
Уый фæстæ, зæгъы, хъæддаг сырдтæ дæр
Цæуын байдыдтой нарты Сосланмæ.
Фыццаг æм æрбацыд дзæмбыджын бур арс.
Арс йæхи тоны йæ дынджыр дзæмбытæй:
«Ды кæмæн уыдтæ 'мæ ды кæмæн нал дæ! —
Цы ма кæндзынæн? Куы-иу уыдтæн, Сослан,
Дæ хæрдæй хæрдджын, дæ нуæзтæй нуæзтджын!»
—  Мауал хъыг кæн, аре! Хъыгæй ницыуал ис.
Фæлæ мæнæ мæрдтæм цы фыдтæ хæссын,
Уыдонæй бахæр,—дзуры йæм Сослан.
«О, уæууæй, Сослан, уый та мын куыд зæгъыс?»
æмæ байдыдта тынгдæр хъыг кæнын.
—  Уæдæ дын хуыцау раттæд ахæм амонд:
Дæ фæд адæмыл тас куыд æфтауа,
æнæ хæргæйæ фондз мæйы куыд цæрай! —
Загъта йын Сослан, æмæ аре ацыдис.
Уалынмæ, зæгъы, къуыбырхъус бирæгъ
Сосланы цурты куы фæцæй уайы.
Бирæгъ дæр та куы бардиаг кæны:
«Цы ма кæндзынæн? Сослан, дæ фæрцы
æфсæстæй куы цардтæн, алы адаг мын
Йе  дзагæй куы дардтай алы сырды фыдæй»,
—  Хъыг мауал кæн, бирæгъ, хъыгæй пайда нал ис, —
Дзуры йæм Сослан. — Фæлтау рацу, æмæ,
Мæрдтæм кæй хæссын, уыцы фыдтæй мын
Истытæ ахæр, дæхи сæ бафсад.—
«Афтæ зæгъын мын цæмæн бафæрæзтай,—
æмæ ноджы тынгдæр нырдиаг кæны бирæгъ.—
Уый куыд бакæндзынæн, мæ хæссæг куы уыдтæ?»
Бауырныдта, зæгъы, дурæйгуырд Сосланы
Бирæгъы ныхас, йæ зæрдиагдзинад,
æмæ уымæн дæр раарфæ кодта:
—  Фосмæ цæуынмæ дын мæ зæрдæ куыд уа,
Раздæхынмæ та 'нæкуырд чызджы зæрдæ,
Дæ бæрзæйы та, мæ кæсдæр æнгуылдзы 
Цы тых ис, уый куыд уа, уыцы амонд дæ уæд! —
Ацыд та бирæгъ дæр. Уалынмæ, дын, мæнæ
Цъыллинджытæ гæнгæ, рувас æрбалæууыд
Сосланы уæлхъус, ныууасыд, нынниудта:
«Уæ, цы ма кæндзынæн æнæ дæу, Сослан!» —
Дæ кæуын уадз, рувас,— дзуры йæм   Сослан.—
Фæлæ рацу æмæ, мæнæ мæрдтæм мемæ
Цы фыдтæ хæссын, уыдонæй бахæр.—
Рувас æм бауадис йæ былтæ стæргæ,
æмæ, йын, зæгъы, йæ уæрджыты фыдтæм
Куыд фæцæй æвнæлдта, афтæ йыл Сослан
Куы фæхъæр ласта:—æлгъыст фæ у, уæдæ!
Ардыгæй фæстæмæ дæ ном—«гæды» рувас,
Адæм дæ куыд марой дæ цармы тыххæй,
Дæ фыд хæрынæн куыд никæмæн бæзза,
Ахæм цард æрвит! — уый дын мæ арфæ.—
Алыгъдис рувас дæр, уæдæ цы уыдаид.

***
Бахæццæ зæрватыкк Нарты стыр хъæумæ.
æхсæртæггаты хæдзарæн абадт
Йæ аххæрæгыл, æмæ уырдыгæй     
Ныцъыбар-цъыбур, нычъырчъыр кæны:
«Балсæджы цалх уын Сосланы уæрджытæ
Зилахары быдыры ахауын кодта,
æмæ уыцы ран мæлы фыдæбонæй;
Нæй йын, мæгуырæг, цæстытыл æрхæцæг».
Нарты адæм, зæгъы, кæсдæрæй, хисдæрæй,
æмниуд куы ныккæнынц æмæ чыртæ-чыртæй
Фæдисы куы уайынц æз фæразæйонæй
Нарты скуыхт Сослан кæм мардис, уырдæм.
Уæд Сырдон йæ бæх разæй куы аскъæры,
Сосланмæ раздæр куы бахæццæ вæййы
æмæ йæм куы дзуры: «Гъе, уæууæй, Сослан,
Афонмæ дæр дæ мæлын куы хъуыди:
Чыртæ-чыртæй дæм дæ хъæу рацæуынц,
Алы чыримæ дæр зарæгамонæг,
Афтæмæй цæуынц зарлæ 'мæ хъырнгæ».
Нарты Сослан, дын, уый куы фехъуыста,
Уæд йæ зæрдæ мæстæй куыннæ скъуыдаид!
Уалынмæ фæдис дæр куы 'рхæццæ вæййы;
Лæг дзы чи уыди — йæ рустæ тындтытæ,
Ус дзы. чи уыди — дзыккутæ тындтытæ.
Нарты Сослан сын уæд афтæ куы зæгъы:
—  Сырдон мæм уæ разæй иу дзырд æрбахаста,
æмæ ма мын æй чысыл фенын кæнут. —
Гæды Сырдон ма, уым кæм лæууыди! —
Афардæг ис æмæ кæмдæр бамбæхсти.
Нарты фæсивæд Сосланы рахæссынц.
Гæды Сырдон дæр та кæцæйдæр фæзынди,
Фæсивæды рæзты æрбаеыффыт ласта
æмæ та дзуры нарты Сосланмæ:
«О, мæгуыр дæ бок, нарты скуыхт Сослан!
Де 'рвадæлтæ дын кæд цытæ бакодтой:
Калмы хæрвæй дын кæд чырын сарæзтой,
Хæфсы цъарæй дын кæд мæрддзаг бахуыдтои».
Сосланы зæрдæ та куыннæ фæрыстаид
Нарты фыдбылыз Сырдоны ныхæстæй!
Куы йæ бахастой хæдзармæ, уæд дзуры:
—  Мæ хорз æрвадæлтæ, мæ удæгасæй мын
Мæ чырын æмæ мæ мæрддзаг мæхицæн
Куы фенын кæниккат, уый мæ тынг фæнды.—
«Цæмæн дæ бахъуыд сæ фенын, Сослан?
Дæ мæрддзæгтæ æмæ дæ мæрдон чырын
Лæджы зæрдæмæ чи нæ бацæуа,
Ахæмтæ не сты, уымæй сын ма тæрс.
Тыхы рæстæджы нын тых ды куы уыдтæ,
Уæддын æвзæр чырын, кæнæ 'взæр мæрддззегтæ
Кæй не скæндзыстæм, уый нæ зоныс, Сослан?»
—  Нæй сын æнæ фенгæ, — загьта уæд Сослан. —
Сырдон мын иу ныхас загьта, æмæ сæм
Мæ зæрдæ 'хсайы; фенын мын сæ кæнут.—
Цы ма загътаиккой Сосланы 'рвадæлтæ;
Йæ мæрддзæгтæ йын йæ цурмæ рахастой,
Фенын ын кодтой йæ мæрдон чырын дæр:
Йæ чырын, зæгъы, сызгъæрин уыди,
Йæ мæрддзæгтæ та сыгъдæг харæйæ.
Йæ мæрддзæгтæ, зæгъы, скæнын кодта
Сослан йæ уæлæ йæ удæгасæй,
Стæй нывæрын кодта йæхи йæ чырыны.

***

Уæд, зæгъы, Сосланмæ мæрдтæй куы рацæуы
Кæфты Сæр Хуыйæндон æмæ йæм куы дзуры:
«Гъе, нарты Сослан! Стыр дзæнæт мын ис,
æмæ мæ тынг фæнды, мемæ куы уаис».
—  Радзур-ма, Кæфты Сæр, цы скуыхты фæдæ,
Дзæнæт дын цæмæн ис?—фæрсы йæ Сослан.
«Кæрдзындæттон уыдтæн, дзæнæт мын уымæн ис!»
—  Дæхи куы аласис, дæ кæфы смаг калгæ! —
Зæгъы йын Сослан.— Демæ мæ чи фена
Фæцæйцæугæйæ, уый мын цы зæгъдзæни? —
Рацыдис та уæд Сосланмæ мæрдтæй
Иу мæгуыр лæджы гал, æмæ йæм дзуры:
«Сослан, мæрдты мын æстыр дзæнæт ис,
æмæ мемæ рацу, хорз дын уыдзæни».
—  Радзур-ма, ды та цы скуыхты фæдæ? —
Фæрсы галы дæр дурæйгуырд Сослан.
«Мæ цæргæйæ уыдтæн мæгуыр лæджы гал,
Цæдисы галæй бирæ фæкуыстон.
Сихоры хæрдыл-иу хицау йæхи галæн
Цъæх хос лæвæрдта, мæнæн — фæлхæрдтæ,
Ныр мын дзæнæт ис уыдæтты тыххæй».
—  Ацу,— зæгъы Сослан,— дæу дæ бæрзæй  хордта,
æз та демæ цæуон? Гал уыдтæ 'мæ гал дæ.—
Уæд .та мæрдты бæстæй нарты Сосланмæ
Рацыдис, зæгъынц, иу мæгуыр лæджы фырт,
Рацыдис æмæ Сосланмæ дзуры:
«Сослан, лæппу дæн, зæгъын дæр нæ уæндын,
Фæлæ дзæнæт ис мæнæн Мæрдты Бæсты,
æмæ мæ тынг фæнды, мемæ куы уаис».
—  Цы скуыхты фæдæ, дзæнæт дын цæмæн ис? —
Фæрсы та Сослан уы'цы лæппуйы дæр.
«Иунæг лæппу уыдтæн мæ ныййарæг мадæн,—
Дзуры йын лæппу.—æртæ барæджы мæ
Хуыцауы дзæггьæлы сæ хъалæй амардтой.
Куы мардтæн, уæд загьтон: «Мæ гæрзтæ-иу мын
Мемæ сæвæр, мæ мад, стæй мын-иу скæн
æртæ сабат 'хсæвы сабатизæртæ».
Куыд загльтон, афтæ мæ æд гæрзтæ бавæрдта;
Скодта æртæ хатты сабатизæртæ.
Фыццаг хатт куы ахаста мæ мад сабатизæр,
Уæд мæ марджыты æртæ барæгæй дæр
Хуыцау æрбауагъта уæлмæрдты цурты.
Дзуры мæ мæгуыр мад йе 'мбал устытæм:
«Барджыты 'рбаздахут, мæ фырты 'мгæрттæ сты.
Ма бацауæрдут, тынг хорз сæ фенут».
Лæппуты 'рбаздæхтой, уæдæ цы уыдаид.
Сæ къухы цы уыдис, уымæй сæ хорз федтой.
Фæцæуынц лæппутæ нозт, хæрд æфсæстæй.
Фæцæуынц æмæ сæ иу афтæ зæгъы:
«æз куы нæ уыдаин, уæд ахæм минас
Кæм фæкодтаиккат?» Иннæ дыууæ дæр:
«Мæ фæнд дзы уыди», «æз уыдтæн», зæгъгæ,
Сæхицæй æппæлынц. Цæуынц хъазгæ, худгæ.
Дыккаг хатт дæр та, сабатизæр афон,
Мæ марæг лæппутæ, сæ бæхтыл хъазгæ,
æрбацыдысты уæлмæрдты цурмæ.
æмбисонды уынд та фæкодтой лæппутæн;
Хæрз хъæлдзæгæй та афардæг æсты,
Хъазгæ 'мæ худгæйæ, сæхицæй æппæлгæ.
æртыккаг хатт дæр та уырдæм фæзындысты,
Хорз та сæ федтой мæ рухсаджы тыххæй.
æмæ та фæцæуынц хъазгæ 'мæ худгæ,
Фыццаг æхсæвтæй хъалдæр, хъæлдзæгдæрæй.
Ингæны къæйтæ мæ нал баурæдтой:
Стыдтон сæ хæрдмæ æмæ мæ марджыты
æртæйæ дæр амардтон. Дзæнæт мын уымæн ис».
—  æз демæ цæуын! — зæгъы йын Сослан, —
Мæрдтæй рацæугæйæ йæ туг чи райста,
Уый бабæздзæнис мæнæн æмбалæн. —
Уый фæстæ дзуры йæ дыууæ 'фсымæрмæ —
Болатрихи Хæмыц æмæ Уырызмæгмæ:
— Ингæн мын æскъахут æмæ мын-иу дзы
Ныууадзут рудзынг Хурыскæсæны 'рдæм,—
Сæууон хур-иу мæм уырдыгæй куыд кæса;
Ныууадзут рудзынг ингæны бæстастæу —
Сихоры хур-иу мæм уырдыгæй куыд кæса;
Ныууадзут рудзынг Хурныгуылæны 'рдæм,—
Изæрты хур та мæм уырдыгæй куыд кæса.
Мæ гæрзтæ дæр-иу мын мемæ нывæрут.
Фæлæ ма иу хъуыддаг: цалынмæ мæнæн
Балсæджы цалхæй мæ туг, ист æрцæуа,
Уæдмæ Мæрдты Бæсты мæнæн нæй æрынцой.
Мæ туг мын чи райсдзæн? Йæхи мæм  равдис
Нарт, зæгъы, сæхи фæстæмæ аластой,
Балсæджы цалхмæ сæ йæ ныфс ничи хæссы.
Уæд нарты Сосланмæ йæ чысыл хæрæфырт
Хæстæг æрбалæууы æмæ йæм дзуры:  
«Кæд, Сослан, дæуæн Балсæджы цалхы
æз дыууæ дихæй цыртæн нæ ныссадзон,
Уæд ме 'мбæлтты 'хсæн мауал ацæуон!»
Уый куы фехъуыста, уæд нарты Сослан
Нывæрын кодта йæхи ингæны.
Куыд бафæдзæхста, афтæ йын йемæ
Гæрзтæ цæвæрдтой: йæ цирхъ, йæ æрдын,
Семæ йæ фæттæ.дæр, йæ ингæны та йын
Скодтой йæ фæдзæхстæй æртæ рудзынджы.
Сосланы амардыл къорд боны куы рацыд,
Уæд Уырызмæг æмæ болатрихи Хæмыц
Загътой Сырдонæн: «Сосланы бæх нын
Уый бæрд æнæ бадтæй æгæр хъал кæны.
Дæ хорзæхæй, Сырдон, чысыл-иу ыл абад».
Гæтæджы фырты, зæгъы, гæды Сырдоны —
Дыма нæ фæндыдис — систа æрдиагкæнын:
Мæ хæдзар фехæлди, уый зæгъын та мын
Уæ зæрдæ куыд тæры! Ме 'фсымæры бæхыл?»
«Нæй æндæр гæнæн, бакоммæ кæс, Сырдон!»
Цыма йæ нæ фæнды, йæхи ма уыйау
Бæргав æвдыста, фæлæ сразы ис
Бæхыл бадыныл, уæдæ цы уыдаид.
Кæрты-иу бæхмæ куы фæцæйцыдис,  
Уæд та-иу афтæ: «Уæ Сосланы бæх,
Мæ зæрдæ риссы, ныр дыл куыд бадон?»
Хъæугæронмæ-иу куы ахæццæ ис,
Уæд та-иу бæхы иуы'рдæм, иннæ'рдæм
æскъæрын байдыдта, æмæ-иу афтæ:
«Гъе, цы ма дын фенон, дурæйгуырд Сослан,
Дæ бынтæ мæнæн куы баззадысты».
Иу бон та сбадти Сосланы бæхыл,
Ацыд ыл уæлмæрдтæм æмæ йæ уыцы ран
Сосланы ингæнæн йæ алы фæрсты
Ратæр-батæр систа, йæхæдæг хъæр кæны:
«Гъе, нарты Сослан, цы ма дын фенон,
Дæ буц бæх мæнæн куы баззади, уæд! —
Хъæр кæны Сырдон Сосланмæ ингæнмæ.—
Ацы бон дын, уæдæ, æз дæхиуыл дæр
Бæхбадт скæндзынæн». Афтæмæй,
Сырдон Бæхæй æрхызт æмæ Сосланы ингæнæн
Йæ астæу-рудзынгыл бæхбадт æркодта.
Цыдæр-ма сцæйдзырдта нарты фыдбылыз —
Гæтæджы фырт Сырдон, фæлæ йæ Сослан
Цыргъ фатæй сæхста æмæ — дæ фыдгул дæр
Афтæ куы фæуаид! — Сосланы цыргъ фат
Сырдонæн скасти йæ сæры астæуæй.
Сырдон ныммардис, уæдæ цы уыдаид.
— Дæуæй мæ мает систон,—загъта нарты Сослан,
Фæлæ ма гъе ныр Балсæджы цалхæй дæр
Мæ туг ист куы 'рцæуид, уæд æрынцаин. —

***

Сосланы тугисæг — йæ уарзон хæрæфырт —
Куырдалæгонмæ ссыд æмæ йын загъта:
«Сыгъдæг болатæй мын егъау мæцъис сараз».
Куырдалæгон ын сьнтьдæг болатæй
Мæцъис сарæзта. Лæппу йæ рахаста         
æмæ фервыста Балсæджы цалхмæ:
«Фæнды мæ схæцын, Балсæджы цалх, демæ
æмæ мæм фæзын Хызы быдырмæ,
æмбæхсгæ ма бакæн, уæддæр дæ ссардзынæн!»
«æз кæддæриддæр цæттæ дæн хæцынмæ»,
Дзуапп æм арвыста Балсæджы цалх дæр.
Рацыдис лæппу, Сосланы хæрæфырт,
Йе' стыр мæцъисимæ Хызы быдырмæ.
Балсæджы цалх дæр ыл уæд гуыргуыргæнгæ,
Зилгæ-зилгæйæ, йæхи куы рауагьта.
Лæппу йæм, зæгьы, куы фæцырд вæййы,
Йæ болат мæцъисæй цалхы фæрчытæ
Куы ныццæлхъ ласы. Балсæджы цалхæн, дын,
Йæ фæрчытæй иу дæр куы нæ уал аззайы.
Куы, зæгьы, фæтæрсы тыхджын Балсæджы цалх,
Йæхи, дын, зæгъы, ацц куы фестын кæны
æмæ куы фæтæхы, куы фæлидзы лæппуйæ.
Сосланы хæрæфырт йæхи хъæрццыгъа
Куы фестын кæны æмæ йæ, зæгъы,
Сурынтæ куы сисы, сурынтæ, уæдæ.
Уæд та Балсæджы цалх куы фæтæрсы æмæ
Цъæнутджын фæтæнмæ йæхи куы баппары.
Лæппу дæр та йæхи лæг фестын кæны,
Йæ къухтæ æркъуыры лæппу кæрæдзиуыл
æмæ йæ къухтæй цæхæр акæлы,
Уый бæрц цæхæр, æмæ цъæнутджын фæтæн
Цы уыдис, уымæй æмсыгъд куы скæны.
Балсæджы цалх та уæд куы фæтæрсы:
Йæхи хъæддаг карк куы фестын кæны
æмæ куы стæхы судзгæ фæтæнæй.
Сосланы хæрæфырт — сахъ лæппу дæр æй
Уайтагьд ауыны, æмæ та йæхи
Куы фестын кæны цæхæрцæст цæргæс.
Балсæджы цалх, дын, суынгæг вæййы
æмæ ратæхы Нарты стыр хъæумæ,
Къулбадæг усы тæккæ хæдзары
Бамидæг вæййы æмæ æрæмбæхсы.
Лæппу дæр та йæ куы ауыдта, зæгъынц,
æмæ та йæхи лæг куы фестын кодта.
Бацыдис лæппу къулбадæг усмæ.
«Ам дæ хæдзармæ цы хъæддаг карк æртахт,
Уый цы фæцис, усай? Куы нæ йæ схъæр кæнай,
Уæд дæ басудздзынæн æд сывæллæттæ!»
Бадзуры лæппу къулбадæг усмæ.
Ус фæтарстис, зæгъы, æмæ йын радзырдта:
«Уæлмæрдтæм алыгъдис, æмæ, уыцы ран
Ногдæр цы мард ис, ныххызт уый ингæнмæ».
Лæппу дæр та уæд богъа куы фесты,
Уæлмæрдты ногдæр цы ингæн уыдис,
Уымæ куы базгъоры æмæ йыл мæстыйæ
Куы сисы абухын, куы йæ пырх кæны.
Уæд, æм, зæгъы, бынæй дзуры Балсæджы цалх:
«æцæрай фæ у, кæд цæй богъа дæ!
Сосланы хæрæфырт мæ фæдыл зилы:             
æз уымæй бамбæхстæн, æмæ мæ ныууадз».
Лæппу дæр ын зæгъы, йæ ныхас фехъуыста.
Лæг та фестадис æмæ йæм дзуры:
«Лидзгæ кæмæй кæныс, æз дæр гъеуый дæн!»
Фæлæбурдта лæппу, æмæ йæ ракъахта;
Фелвæста, дын, уым Балсæджы цалхы
æмæ йæ бахаста Сосланы ингæнмæ;
Йæхæдæг, зæгьы, йæ: хъæлæсы дзаг
Сосланмæ хъæр кæны ингæны рудзынгæй:
«Балсæджы цалх дын мæрдты фæлдыст фæуæд!
Дондзау æмæ дын лæккадгæнæгæй
Мæрдты Бæстæйы фæхæтæд æнусмæ!        
Дæуæн та уæлæуыл цырт уыдзæн, Сослан!
Дæ чысыл хæрæфырт йæ дзырд сæххæст кодта».
Стаей, дын, лæппу йæ цирхъ куы фелвасы,
Балсæджы цалхæн йæ тæккæ сæрастæу
Куы ныххафт ласы йæ тых, йæ бонæй.
æмæ Балсæджы цалх дыууæ куы фæвæййы.
Лæппу дæр ын, зæгъы, уæд йæ иу æрдæг
Сосланы ингæнæн йæ нывæрзæн ныссадзы,
Йе'ннæ 'рдæг та йын ныссадзы дæлфæттæм.

 Нарты кадджытæ — ирон адæмы культурон хæзна
 Ацæмæз æмæ Насран– Æлдар
 Ацæмæз æмæ Агуындæ-рæсугъд
 Сырдоны райгуырд
 Нарты Балц
 Фæндыр куыд фæзынд
 Сырдон Нарты куыд асайдта
 Сырдон Уæйгуыты куыд фæсайдта
 Сырдон йæ мæрдтæн хист куыд кодта
 Дæ тын дæ къух ссардта
 Сырдоны Тохъылы æргæвст
 Сырдоны  мард
 Æхсар æмæ Æхсæртæджы райгуырд
 Нарты Фæткъуы
 Дзерассæ-рæсугъд
 Æхсар æмæ Æхсæртæджы мæлæт
 Уырызмæг æмæ Хæмыцы райгуырд
 Уырызмæг æмæ  Хæмыц Уæрхæджы куыд  ссардтой
 Сатанайы райгуырд
 Сатана  Уырызмæджы ус куыд сси
 Уырызмæг Сатанайы йæ цæгатмæ куыд æрвыста
 Уырызмæджы æнæном лæппу
 Уырызмæг æмæ Сохъыр Уæйыг
 Уырызмæджы фæстаг балц
 Бæгæны  куыд  фæзынди
 Сосланы райгуырд æмæ  байсæрын
 Дауджыты   лæвæрттæ   Сосланæн
 Сослан – Тыхагур
 Сырдон Сосланимæ цæмæн фезнаг ис
 Сослан Бедухайы куыд æрхаста
 Сослан Сатанайы зындоны цадæй куыд фервæзын кодта
 Сослан Косеры куыд ракуырдта
 Сослан мæрдты бæсты
 Сосланы мæлæт
 Хæмыц ус куыд ракуырдта
 Батрадзы райгуырд
 Батрадзы денджызæй  куыд расайдтой
 Батрадзы  хъæзтытæ  сывæллонæй
 Хæмыцы  фырт  Батрадз  æмæ Деденæджы  фырт  Арæхдзау
 Нарты Батрадз æмæ Хъулонзачъе Уæйыг
 Батрадз йæхи куыд байсæрын кодта
 Батрадз  Уырызмæджы  куыд фервæзын кодта
 Батрадз æмæ Тыхы Фырт Мукар
 Батрадз æмæ Сохъыр Уæйыг Æфсæроны фырт Алæф
 Батрадз æмæ Сохъыр   Уæйыг Æфсæрон
 Батрадз Нарты Гуыппырсарты куыд фервæзын кодта
 Батрадз Сосланы куыд фервæзын кодта
 Батрадз æмæ æлдар
 Батрадз æмæ нарты Уацамонгæ
 Нарты симд
 Батрадз Нарты Дзуары куыд фæнадта
 Нарты æмбырд
 Хæмыцы мæлæт
 Батрадз  йæ  фыды туг куыд райста
 Батрадзы мæлæт
 Нарты  Сау Рувасдзарм
 Æхсæртæггаты æмæ Борæты хæст
 Нарт æмæ Уæйыджы стæг
 Айсана
 Сатанайы лæппу
 Уæрхтæнæджы фырт  Нæртон  Сыбæлц
 Бедзенæджы фырт чысыл Арæхдзау
 Сæууай
 Уастырджи æмæ Нæртон æнæфындз Мæргъуыдз
 Нарты сæфт
 Дзырдуат

Нартские сказания на русском языке