logo

М О Я    О С Е Т И Я



ХÆМЫЦ УС КУЫД РАКУЫРДТА


 

Иуахæмы, зæгъы, Нартыл, стыр Нартыл  
Стонг аз куы скодта, фыд стонг аз, уæдæ.
Цы бахордтаиккой, уый сын нал уыди,
Æмæ сæфты къахыл куы ныллæуудысты.
Уæд, зæгъы, бавдæлынц нарты фæсивæд
æмæ хæтынтæ байдайынц цуаны.
Гъе 'мæ афтæмæй сырды фыдæй сæ цард
æрвитынтæ систой нарт, сырды фыдæй.
Нарты Хæмыц чи уыд, уый диссаг баскуыхти
Цуаны хæтынмæ, болатрихи Хæмыц:
Нартæн Бурфæсалæй хæссынтæ райдыдта
Æргъæмттæ 'мæ уæргътæй бур сæгуытты мæрдтæ.
Ууыл дæр сæ нал уагьта, фæлæ сын  райдыдта
Хуыскъ адагæй хæссын хуыскъ хъуазты мæрдтæ.
Ууыл дæр сæ нал уагьта, фæлæ сын райдыдта
Сау хохы сæрæй сау зымтæ хæссын.
Уæд та иу бон ацыд Хæмыц ноджы цуаны
Æмæ маргъ æхстмæ никуы байяæфта,
Сырды мыккаг та цæстæй дæр нæ федта
Саубон изæрмæ йæ хæтæн рæтты.
Изæрæй кæсы, 'мæ иу цъæх æрдузы
Цъæх зæлдаг кæрдæгыл хизы сагты дзуг,
Иу дынджыр урс саг се 'хсæн, афтæмæй.
«Хуыцау мын радта ныр», зæгъгæ, дын, урс сагмæ
Куы ныхъавыди болатрихи Хæмыц.
А ныр æй фехсон,—куыд загьта хинымæр,
Афтæ, дын, арф кæмттæ куы ныццарауиккой.
Сагтæ фæпырх сты, æрмæст дынджыр урс саг
Йæ бынатæй дæр нал сызмæлыди.
Дис кæнын байдыдта болатрихи Хæмыц:
«Мигъ куы никуы ис, уæд æрвдзæф куыд уыдзæн?
Исчи йæ амара, æмæ змæлæг дæр
Куы никуыцæй зыны æмгæрон а бæсты?!»
Уыцы дисы уæлвæ кæсы, 'мæ хъæдебынæй
Фæзынди иу чидæр, уындæй—лыццыл лæппу.
Фатæхсты хуызæн, дын, саджы мардмав бауад,
Уайтагъд æй сæргæвста æмæ йæ стигъы.
Сагæн йæ иу фарс куы астыгъта лæппу,
Уæд Хæмыц дзуры йæхи нымæр афтæ:
«Додой мын нæ кæны дæ къона, лæппу! —
Иннæ 'рдæм та дын чи афæлддхдзæни
Дæ саджы мард, бецау! Кæд хуыцауы фæнда,
Уæд сырды мард мæнæн бæргæ зайдзæни!»
Фæлæ та кæсы, 'мæ лæппу фæфæлдæхта
Сырды мард, сыфтæрау, æмæ йæ стигъы.
«Ай бæллæхы гуырд чи у, ахæм у бæлвырд, —
Зæгъгæ, зæгъы Хæмыц, — цон бавзарон æй!»
Къæцæлтæм февнæлдта, рамбырд сæ кодта,
Йемæ сæ аиста, ныццыди лæппумæ.
Æгъдау куыд амыдта, нæртон цуанонты 'гьдау,
Афтæ йæ къæцæлтæ бакалдта Хæмыц,
Болатрихи Хæмыц, урс саджы мардыл
Æмæ æвзыгъдæй бадзырдта лæппумæ:
—  Уæ, бирæ дын дæтта, бирæ, лæппу, Фсати! —
«Цы-иу нын дæтта, уый нын дæттæй иумæ»,
Дзуапп радта лæппу; сырды мард фæуагьта,
Нымæт æрбадавта, атымбыл æй кодта,
Авæрдта йæ зæххыл 'мæ дзуры Хæмыцмæ:
«Бадгæ мæм акæн, хорз уазæг, курын дæ!»
— Нæ, фæкæсон дæм, кæннод дын иунæгæй
Зын уыдзæни, мæ хур, саджы мард афснайын, —
Афтæ дзуры Хæмыц диссаджы лæппумæ.
«Мæхæдæг ц'афснайон, уый хуыцау куы раттид,
Мæ зынаргъ уазæг», зæгъы йын лæппу.
æрбадти, уæдæ цы, Хæмыц уæд нымæтыл.
Лæппу та февнæлдта йæ сырды мардмæ.
Артау — йæ архайд, цъилау — йæ фæзылд,
Хæмыцы цæст н' ахста лæппуйæн йæ фезмæлд.
Уадидæгæн дæр сырды акой кодта
æмæ йæ бæласыл уæнггай æрцауыгъта.
Уый фæстæ сугтæ кæцæйдæр æрдавта;
Цырын арт скодта; фыдты дзæбæхтæй, дын,
Цыппар стыр уæхсты цырд куы айдзаг кæнид!
«æвæццæгæн ма æмбæлттæ ис амæн —
Уый бæрц физонджытæ уæдæ кæмæн сты»,
Хъуыдытæ кæны хинымæр Хæмыц.
Лæппу цæхæры цæст ракъахта къæцæлæй,
Уæхстытæ бадардта æрттивгæ цæхæрмæ.
Сæ цæх-цæх ссыди физонджытæн уайтагъд,
Хусысмаг апырх ис дардыл, фæйнæрдæм.
Бур фых аисты сой физонджытæ.
Дыууæ уæхсты дзы Хæмыцы раз авæрдта,
Дыууæ уæхсты та — йæхи раз, лæппу.
Бавнæлдтой хæрынмæ, уæдæ цы уыдаид!
Лæппу, дын, уайтагъд йæ хæйттæ ахордта,
Хæмыц та иу уæхст дæр хæрд нæма фæци.
Хæргæ куыннæ кæныс, куыд сабыр æвналыс?»
Зæгъгæ, дзуры лæппу нарты Хæмыцмæ.
Цы 'фсæрмы кодтаид болатрихи Хæмыц!
Бахæрын дæр, уæдæ, йæ бон ценнæ уыд!
Архайдта, бæргæ, лæппуйы хынцмæ.
Иу уæхстæй фылдæр уæддæр нæ 'мæ нæ,
Нæ баци нæртонæн йæ бон бахæрын.
Арфæтæ ракодта лæппуйæн Хæмыц,
Адаудта йæ уырзтæй йæ болат рнхитæ
æмæ йæ бынатæй фæстæдæр абадти.
Уæд лæппу февнæлдта æртыккаг уæхстмæ дæр,
æмæ йæ, зæгъы, йæхимæ куы 'рбайста.
Уысмы бæрцмæ та уый дæр ахордта,
Цæсты ныкъуылдмæ дзы ницыуал фæуагъта.
Уæд бацыд Хæмыц ноджы тынгдæр дисы:
«Хæрынмæ та йын куыд æнтысы уый бæрц?!»
æмæ уæд бамбæрста нарты болатрихи,
Хуымæтæджы гуырдыл кæй нæ сæмбæлди.
Лæппу Хæмыцæн, фæсхæрд, уат бакодта
Уым лæгæты хуылфы, фæсалæй фæлмæн уат.
Йæ нымæтæй йæ дзæбæх æрæмбæрзта.
æрфынæй ис Хæмыц, уæдæ цы уыдаид!
Лæппу уæд райста саджы царм æмæ дзы
Гæрзытæ раскъæрдта, хорз фæлмæн гæрзытæ,
Идæттæн, сахсæнтæн æмæ ехсы зæнгтæн.
æмбисæхсæв сцаид, афтæ Хæмыц райхъал ис.
Кæсы, æмæ лæппу аразы идæттæ,
Аразы сахсæнтæ, бийы ехсы тæгтæ.
—  Куыд бирæ бадыс, цæуылнæ ныххуыссыс?
Зæгъгæ,  куы афæрсы Хæмыц лæппуйы.
«Нæй мæнæн ныххуыссæн, — дзуапп дæтты лæппу.—
Цы хъæуæй рацыдтæ, уым дæ куы бафæрсой,
Чемæ уыдтæ, зæгьгæ, уæд сын цы зæгъдзынæ?
— Исты нысангæрзтæ хъуа' демæ ахæссай».
Цъæх фвыл фæзынди сæумæйы минæвар,
Сæумæйы минæвар — худæндзаст Бонвæрнон,
Тыбар-тыбургæнгæ ракасти уæлвонгæй.
æвзистхуыз аисты бæлæсты сыфтæртæ,
Кæрдæгыл æртæхтæ тæмæнтæ акалдтой.
Уыцы афон лæппу Хæмыцмæ бадзуры:
«Нæ кæрæдзи хъуамæ бафæлварæм абон!»
—  æмæ куыд фæлварæм?—Хæмыц æй бафарста.
«Цуаны азилæм», дзуапп радта лæппу.
—  Азилæм, — зæгьгæ, фæкодта Хæмыц дæр.
Арæвдз кодтой сæхи «читагъддæр»,   «æзлæгдæрæй».
Ацыдысты иумæ иу арф уæрæх коммæ,
Сырд арæх кæм уыди, ахæм стыр коммæ.
Хуры хæрдгæ хæлттæ хæхтыл фæзындысты,
Афтæ, дын, лæппу Хæмыцмæ дзуры:
«Сурæг лæууыс; æви комгæс, зæронд лæг?»
—  Зæронд лæг сурæгæн ницы бакæндзæни,
Фæлтау дын комгæс ныллæудзæни, комгæс! –
Ахæм дзуапп радта болатрихи Хæмыц.
Уæд лæппу иу тигтьыл ссыди уæлæмæ,
Иуы'рдæм акасти, иннæ'рдæм афæлгæст,
Цæргæсы цъæхахст, уарийы уаст ныккодта.
Цыдæриддæр комы уыди сырды мыккаг—
Иууыл ныкъорд æсты—сиуон, æсиуонæй —
æмæ æрлыгъдысты Хæмыцыл æмрæст.
Ницы сарæхст Хæмыц, фырдисæй, æппындæр —
Сырдтæ иууылдæр афардæг æсты.
Лæппу куы 'рыздæхти хохæй фæстæмæ,
Уæд фæрсы Хæмыцы: «Цы фесты мæ сырдтæ?»
æмæ, дын, Хæмыц афтæ куы зæгъид: —
Ацы ран сырдæн йæ тæф дæр нæ уыди..—
Хъыг куыннæ уыдаид лæппуйæн йæ дзуапп,
Фæлæ цы загьтаид!—йæ маст аныхъуырдта.
«æнцад уал бад, уæдæ, ацы ран, зæронд лæг,
Мæн бауадз мæхи бар, мæхи бар иу чысыл»,
Зæгъгæ,  бадзырдта лæппу Хæмыцмæ
æмæ та фæраст ис тигъ-тигъ уæлæмæ.
Хъæр нал фæкодта ацы хатт лæппу,
Фæлæ дæлæмæ цæгъдгæ рацыд сырдты
æмæ дзы амардта — чысыл уа, бирæ уа —
Сæдæ сæдæ 'мæ 'рдзæ сæдæ ноджы.
æрæмбырд сæ кодта се'хсæвы бынатмæ
æмæ сæ байдыдта кæнын æртæ дихы.
Кæсы Хæмьщ æмæ дисы бафтыди:
«Ай, дыууæ йеттæмæ куы нæ стæм æдæппæт,
Уæд сæ æртæ дихы цæмæн кæны, цымæ?
æвæццæгæн йæхицæн дыууæ хайы исы
Ацы сæфты гуырд, уæдæ 'ндæр цы уа?»
Нæртонæн карз мает йæ туджы анхъæвзта:
«æмæ кæннод уый та куыд хъуамæ уа, куыд?!
Ацал-ауал азы фæцардтæн дунейыл,
Фæцыдтæн цæуæнты, хæтæнты фæхаттæн,
æмæ мыл ныры онг ахæм фыд æфхæрд
Куы никуыма 'рцыди нарт æмæ чынты'хсæн!»
Лæппу йæ куыст кæны. Хæйттæгонд куыфадш,
Уæд дзуры нарты болатрихимæ:
«Рацу æмæ айс дæ хисдæрæггаг!»
Хæмыц æм бацыди æмæ, барджынау,
Лæппуйы амæттагæй райста хисдæрæггаг.
Ноджы та йæм дзуры, ноджы уæд лæппу:
«Рацу æмæ ныр та айс де 'мбалы хай».
Хæмыц та райста йе 'мбалы хай дæр.
Уый фæстæ лæппу «хæрзбон», зæгъгæ, загъта
Нарты Хæмыцæн. Февнæлдта æмæ
Сырдты 'ртыккаг хай йе'ккой баппæрста,
йе 'ккой, зæгъы, йе 'ккой, хуымæллæджы цъуппа^
æмæ афтæмæй араст ис сæхимæ.
Болатрихи Хæмыц цин куыннæ кодтаид,
Хорз фæци мæ фæндаг, мæ къахравæрд, зæгъгæ!
Ныхъæр кодта Нартмæ, стыр Нартмæ Хæмыц:
— Тулæг кæмæ ис, уый тулæджимæ,
Бадæн кæмæ ис, уый бадæнимæ,
Уыдон кæмæ не сты, уый та фистæгæй,—
Афтæмæй рацæут æмæ ахæссут,
Уæ, нарт, уæхицæн æвæлмоны фос,
æвæлмоны фос — сагтæ 'мæ сæгуыттæ! —
Ныххæррæтт кодтой нарт æмæ афснайдтой
Уайтагъддæр сæхимæ сырды мæрдтæ иууыл.
Араст ис Хæмыц дæр адæмы фæстæ.
Иу чысыл Куы ацыд, уæд æрсагъæс кодта:
«Ныр мæ нарт куы фæрсой нарты стыр Ныхасы,

Де 'мбал чи уый, зæгъгæ, уæд сын цы зæгъдзынæ
Нæ, хорз нæ бакодтон. Нæй мæнæн афтæмæй
Нартмæ фæцæуæн, хъуамæ йæ базонон!»
Фæстæмæ раздæхти болатрихи Хæмыц
æмæ сурынтæ райдыдта лæппуйы.
Лæппу бамбæрста Хæмыц æй суры, уый:
æргъом æрæвæрдта æмæ æрлæууыди.
æрбаййæфта йæ, уæдæ цы, Хæмыц.
Лæппу йæм бахудти æмæ йæ фæрсы:
«Цы дæ ферох ис, цæмæн мæ сурыс?»
Хæмыц æм уæд дзуры: — Нарт мæ куы бафæрсой,
Де 'мбал чи уыд, зæгъгæ, уæд сын цы зæгъдзынæн?
Ныббар мын, лæппу, фæлæ мын куы зæгъис,
Чи дæ, кæмæй дæ, æмæ кæцы бæстаг?—
«æз дæн, нæртон лæг, Донбеттырты къабаз;
Мæ мыккаг—Быцентæй, цæрæм зæххы бын»,
Афтæ йын æвзыгъдæй дзуапп радта лæппу.
—  Уæдæ ма дæ ноджы курæг дæн иу хъуыддаг:

Ахæм хъаруацжын чи у, чысыл уæвгæйæ,
Кæд уыдон мыккагмæ сылгоймæгтæ ис,
Уæд мæ уыдонæй стæггаг куы уаид,
Уый мæ бафæндыди, — Хæмыц ын куы зæгъы.
«Хъæлæкк хорз уаид — рагæй фæнды мах дæр,
Нартимзо тугхæстæг куы уаиккам, уый.
Фæлæ иу хъуыддаг ис, æмæ дын æй зæгъон:
Мах стæм тынг кæрзмаст, цыбырхъуыр, цыбыр мыккаг.
Нæ бæрзæнд —дыууæ диены, нæ уæрх — уымæй     къадцæр.
Тых, лæджы хъæдæй мах фæлварын нæ хъæуы.
Ис мæнæн хо дæр, цы дъш æй æмбæхсон!
Нартæй хуыздæр æй никæмæн раттиккам.
Фæлæ сымах, нарт, фидисгæнаг  стут,
хМах та фидисæй рынчын куы кæнæм,
Уайдзæфæй та — мæлгæ. Тæрсын, йæ бавæрын
Дæ бон куы нæ бауа, — куы бабын уа, уымæй»,
Ахæм дзуапп радта Хæмыцæн лæппу.
—  æрмæст мын уæ чызджы дæттгæ ракæнут,
Йæ бавæрын—ме 'вджид,—болатрихи загъта.
Хорз, уæдæ, уæд афтæ» — лæппу, дын, сразы ис.
æмæ Хæмыцæн куы скодта æмгъуыд —
Уæд æмæ уæд-иу нæм фæзын, зæгъгæ, афтæ.
— æмæ уæм зынгæ та кæдæм фæкæнон;
Кæм цæрут, кæцы ран? —Хæмыц æй бафарста.
«Мæ фæд — мæ фæд-иу ацу иу растæй:
Æз мæ цирхъ, цæугæйæ, дардзынæн фæрсы'рдæм
Æмæ саугъæды хъæууынджы хуызæн,
Хъæууынджы хуызæн фæд зайдзæн мæ фæстæ,
Быдыры та раст — ауæдзы хуызæн.
Фæд дæ бахæсдзæн мæлдзыджыты губаккмæ.
Уым, гъе, зæххы бын махæн нæ хæдзар».
Кæрæдзийæн «хæрзбон» загьтой уыцы ран.
Быцены фырт айста йæ сырды мæрдтæ
Æмæ фæдгæнгæ араст ис сæхимæ;
Хæмыц дæр ссыди Нартмæ, стыр Нартмæ,
æмæ фæдзырдта нарты адæмæн,
Цытæ федта 'мæ цы бакодта, уыдон.
Йе 'мгъуыд куы 'рхæццæ ис болатрихи  Хæмыцæн,
Уæд нарты хæрзæджыты рамбырд кодта, ра,
æмæ араст æсты Быцентæм чындзхæссæг.
Хæмыц æмæ лæппу хæрзбон цы ран загьтой,
Раст гъе уыцы ранмæ, дын, æрбахæццæ сты.
Уыдис уым саугъæды хъæууынджы хуызæн фæд.
Цæуынтæ райдыдтой уыцы фæдыл нарт,
æмæ сæ рахаста иу тыгъд быдырмæ.
Быдыры та — ауæдз —Быцены фырты фæд.
Цæуын та байдыдтой ауæдз-ауæдз дарддæр.
Цæуынц, цæуынц æмæ æрæджиæутты
æрбахæццæ сты мæлдзыджыты губаккмæ.
æрлæууыдысты уым нарты чындзхæсджытæ,
Сæ бæхтæй æрхызтысты, афтæ сæм губаккæй
Сгæппытæ кодтой Быценты фæсивæд,
Сæ бæхтæ сын айстой, уæдæ цы уыдайд,
Ноджы сæ нымæттæ, сæ гæрзтæ дæр афтæ.
Уый фæстæ байгом ис губаччы сæр дуар,
æмæ ныккодтой Нарты хæрзæджыты     
Быценты фæсивæд зæххы бын хæдзармæ,
Цæуылнæ уыдаид цæттæгонд Быцентæм
Хæрд зæгъай—нозт зæгъай—сæ чындзхæсджытæн!
Уæдæ сыл цинтæ дæр куыннæ кодтаиккой!
Нæрæмон Сослан дзы къухылхæцæг уыди.
Иу афон куы уыди, уæд куры хисдæртæй,
Ауадзут мæ, зæгъгæ,  мæ хойы фенынмæ.
Кæй зæгъын æй хъæуы — бар радтой Сосланæн.
Ракодтой йæ уатмæ фысымты кæсдæртæ.
Рæнхъ-рæнхъы уым, уаты, бирæ чызг лæууыди,
Амæй-ай рæсугъддæр, амæй-ай хæрзконддæр.
Арфæ сын ракодта Сослан æмæ фæрсы:
—  Фæсивæд, адонæй мæ хо кæцы уыдзæн? —
«Адонæй ничи у — дæ хо хуысгæ кæны»,
Загьтой Сосланæн Быценты фæсивæд.
— Хъазгæ мæ ма кæнут,— дзуры сæм Сослан,—
Фæлæ ма мын зæгъут, Быценты фæсивæд,
Мæ чындз сæ кæцы у ацы чызджытæй? —
«Мæнæ дæ чындз!» зæгъгæ, гобæтты æхсæнæй
Фелвæстой иу хæфс æмæ йæ æвдисынц
Нæрæмон Сосланмæ Быценты фæсивæд.
Исдугмæ, 'цæгæйдæр, хъазын æнхъæл уыди,
Фæлæ йæ, фæстагмæ, баууæндьш кодтой,
Сæ чындзыл æнæмæнг хæфсы цъар ис, ууыл.
Нæрæмон Сослан, дын, уый бæрц кæм быхста, кæ!
Кæлмдзæфау фæзылди, рауади æттæмæ
æмæ йе 'мбæлттæм хъæрæй афтæ дзуры:
— Хæмыц æнæ усæй нырмæ дæр уымæн бадт,
æмæ кæддæрйддæр хынджылæггаг уыди;
Ныр абон, бакæсут,— фæхудинаг кодта
Разагъды нартæн сæ хæрзæджыты дæр.
Алчи уæ тагъддæр йæ бæхыл æсбадæд,
æмæ цом фæстæмæ нæ фæрныг хæдзæрттæм! —
Дыууæ зæгъæн кæм уыд Сосланы ныхасыл!
Цы 'рцыди, зæгъгæ, кæрæдзимæ кæсгæ,
Иугай-дыгай фынгтæй стадысты нарт,
Афтæмæй иууылдæр уынгмæ рацыдысты.
Сæ бæхтыл тагъд-тагъд авæрдтой сæргътæ
æмæ, джиз-къусгæнгæ, рафардæг æсты,
æрмæст ма Хæмыц фæсте аззади.
Быцеиты фæсивæд куы бавдæликкой,
æмæ, дын, Хæмыцæн йе'фтаугæты 'хсæн
Куы бавæриккой сусæгæй уыцы хæфс.
Хæмыц, дын, афтæмæй куы сбадид йæ бæхыл
æмæ куы рацæуид æнкъардæй сæхимæ.
æрхæццæ ис Хæмыц. Йæ бæх бафснайдта.
Сæргуыбыр, уæнтæхъилæй бацыд йæ уатмæ.
Баппæрста фæсдуармæ йæ бæхы дзауматæ
æмæ мæстæлгъæдæй сынтæджы бафæлдæхт.
Хуыссæг æй æрцахста, — афынæй, уæдæ цы!
Бирæ нæма рацыд, афтæ, дын, сабыргай
Хæфс куы ралæсид æфтаугæйæ зæхмæ.
Йæ цъар нытъæпп кодта, æмæ дзы æвиппайд
Рахызт чызг — арвы рухс æмæ зæххы фидауц.
Йæ зæлдаг дзыккутæ йæ урс уæхсджытыл
æрпырх æсты чызгæн, хæццæ кодтой   фадхъултæм;
Сæ рухсæй агъуыст ныррухс ис æгасæй,
Цыма йæ цары хур февзæрд, уыйау.
Фехъал ис уайтагьд, Хæмыц уыцы рухсмæ,
Фæхъил ис сынтæгыл æмæ йæ цæстытæ
Рухсмæ атартæ сты; фæцъынд сæ кодта.
æмæ дзуры афтæ: —Цы зæд, цы дуаг дæ? —
«Зæд дæр куы нæ дæн, дуаг дæр куы нæ дæн.
Цы чызджы ракуырдтай Быцентæй, уый дæн.
Бон нæй ралæсæн мæнæн хæфсы цъарæй,
æхсæв та мын нæй хæфсы цъары уæвын»,
Куыннæ ныццин кодта болатрихи Хæмыц!
Фæлæ нæрæмон уыдысты нарт' адæм,—
æмæ уадидæгæн дзуры Хæмыц чызгмæ:
— æрхуысс, уæдæ, рацу, мæнæ дæ хуыссæны! —
«Нæй мæнæн ныххуыссæн,—дзуры чызг Хæмыцмæ! —

Фæлæ ма равдис, усгуры дзаумайæ
Цы самал кодтай, цы барæвдз кодтай
Дæ лæппуйы бонæй дæ зæронды бонмæ?»
Хæмыц фестади пылыстæг сынтæгæй,
Бауад йæ чырынмæ, байтом æй кодта.
Куыннæ разындаид Хæмыцы чырыны
Хъуымацы дзæбæх, тыны дзæбæх ноджы,—
Йæ лæппуйы бонæй йæ ускурыны онг
Цы фæцæттæ кодта, ахæм дарæсаг!
Чызг райста хæсгард, кæрдынмæ февнæлдта.
Цыдæриддæр хъæуы сæдæ лæгæн дарæс
Суанг къахæй къухмæ, уый боны цъæхмæ
Кæрдгæ дæр скодта, хуыйгæ дæр бакодта.
Бæрзондæй куы фæзынд сæумæйы минæвар,
Сæумæйы минæвар — худæндзаст Бонвæрнон,—
Арвы кæрæттæ цъæх кæнын куы байдыдтой,—
Чызг та уæд бацыд йæ хæфсы цъары,
Фæсдуармæ фæхылди, саргъ кæм уыд, уырдæм,
æмæ та балæсти æфтаугæйы дагъы.
Боны рæдау æфсин — мадау рæвдауæг хур
Дард хохы фæстæмæ йæхи куы ныппæрста,
Арвæй куы аскъæфта йæ фæстаг тынтæ,
æмæ та бæстæ, саударæг усау,
Йæ кæрдæн куы 'ркодта йæ фæлтæрд сæрыл,
Уæд та Быценон дæр йæ цъарæй рацыди.
Йæ урс уæхсджытыл йæ зæлдаг дзыккутæ
Бынмæ æрпырх сты, хæццæ кодтой зæхмæ,
Сæ рухсæй агъуыст ныррухс ис æгасæй,
Цыма хур февзæрд йæ цары, уыйау.
Хæсгард та р аиста ноджы Быценты чызг,   
Кæрдгæ-хуыйгæ та бонмæ куы фæкодта.
Цыдæриддæр хъæуы сæдæ лæгæн фæлыстæй,
Суанг къахæй къухмæ, уый та срæвдз кодта.
æмæ уый фæстæ дзуры Хæмыцмæ:
«Дыууæ сæдæ лæгæн фæлыстæй цы хъæуы,
Суанг къахæй къухмæ, уый дын мæнæ – цæттæ.
Ныр бавдæл æмæ сæ ды байуар нартæц,
Чи куыд мæгуырдæр у, афтæ йын — хуыздæр хай.
«Нал уыдзæнæй», ма тæрс: æз цæмæ бавналон,
Уый у æвидигæ, нæртон лæг, бынтон».
Цы йын загьта чызг, Хæмыц уый бакодта.
æмæ нарт дис кодтой, стырæй чысылæй,
Кæм уыди Хæмыцæн уыйас дарæс, зæгъгæ.

 Нарты кадджытæ — ирон адæмы культурон хæзна
 Ацæмæз æмæ Насран– Æлдар
 Ацæмæз æмæ Агуындæ-рæсугъд
 Сырдоны райгуырд
 Нарты Балц
 Фæндыр куыд фæзынд
 Сырдон Нарты куыд асайдта
 Сырдон Уæйгуыты куыд фæсайдта
 Сырдон йæ мæрдтæн хист куыд кодта
 Дæ тын дæ къух ссардта
 Сырдоны Тохъылы æргæвст
 Сырдоны  мард
 Æхсар æмæ Æхсæртæджы райгуырд
 Нарты Фæткъуы
 Дзерассæ-рæсугъд
 Æхсар æмæ Æхсæртæджы мæлæт
 Уырызмæг æмæ Хæмыцы райгуырд
 Уырызмæг æмæ  Хæмыц Уæрхæджы куыд  ссардтой
 Сатанайы райгуырд
 Сатана  Уырызмæджы ус куыд сси
 Уырызмæг Сатанайы йæ цæгатмæ куыд æрвыста
 Уырызмæджы æнæном лæппу
 Уырызмæг æмæ Сохъыр Уæйыг
 Уырызмæджы фæстаг балц
 Бæгæны  куыд  фæзынди
 Сосланы райгуырд æмæ  байсæрын
 Дауджыты   лæвæрттæ   Сосланæн
 Сослан – Тыхагур
 Сырдон Сосланимæ цæмæн фезнаг ис
 Сослан Бедухайы куыд æрхаста
 Сослан Сатанайы зындоны цадæй куыд фервæзын кодта
 Сослан Косеры куыд ракуырдта
 Сослан мæрдты бæсты
 Сосланы мæлæт
 Хæмыц ус куыд ракуырдта
 Батрадзы райгуырд
 Батрадзы денджызæй  куыд расайдтой
 Батрадзы  хъæзтытæ  сывæллонæй
 Хæмыцы  фырт  Батрадз  æмæ Деденæджы  фырт  Арæхдзау
 Нарты Батрадз æмæ Хъулонзачъе Уæйыг
 Батрадз йæхи куыд байсæрын кодта
 Батрадз  Уырызмæджы  куыд фервæзын кодта
 Батрадз æмæ Тыхы Фырт Мукар
 Батрадз æмæ Сохъыр Уæйыг Æфсæроны фырт Алæф
 Батрадз æмæ Сохъыр   Уæйыг Æфсæрон
 Батрадз Нарты Гуыппырсарты куыд фервæзын кодта
 Батрадз Сосланы куыд фервæзын кодта
 Батрадз æмæ æлдар
 Батрадз æмæ нарты Уацамонгæ
 Нарты симд
 Батрадз Нарты Дзуары куыд фæнадта
 Нарты æмбырд
 Хæмыцы мæлæт
 Батрадз  йæ  фыды туг куыд райста
 Батрадзы мæлæт
 Нарты  Сау Рувасдзарм
 Æхсæртæггаты æмæ Борæты хæст
 Нарт æмæ Уæйыджы стæг
 Айсана
 Сатанайы лæппу
 Уæрхтæнæджы фырт  Нæртон  Сыбæлц
 Бедзенæджы фырт чысыл Арæхдзау
 Сæууай
 Уастырджи æмæ Нæртон æнæфындз Мæргъуыдз
 Нарты сæфт
 Дзырдуат

Нартские сказания на русском языке