logo

М О Я    О С Е Т И Я



БАТРАДЗ æМÆ НАРТЫ УАЦАМОНГÆ


Нартæн сæ хæзнатæй, се стырдæр хæзнатæй
Иу уыди, зæгъы, нарты Уацамонгæ.
Уымæ, дам, ахæм миниуæг уыд, ахæм,
Æмæ ныр, æвæдза, адæймаг æцæгтæ
Дзуры йæхицæй, йе скуыхтдзинæдтæй,
Уæд-иу йæхи систа, æнæ бавналгæйæ,
Æмæ-иу бацыди лæджы дзыхы размæ;
На, 'мæ-иу змæлгæ дæр нæ фæкодтаид.
Иуахæмы та нарт æмбырдæй бадтысты,
Сæ Уацамонгæ дæр сæ разы йе дзагæй.
Алы таурæгътæ, алы æмбисæндтæ
Хæссын байдыдтой сæ лæгдзинæдтыл;
Чи-иу дзы загьта: æз ггье уым фескуыхтæн,
Æз афтæ бакодтоц, æз уфтæ бакодтон.
Иннæ дæр — афтæ, аннæ дæр — афтæ.
Фæлæ кæсынц, æмæ нарты Уацамонгæ
Нæ кæны змæлгæ дæр йæ бынатæй, уæдæ.
Хæмыцы фырт Батрадз æнцад-æнцой бады
Æмæ сабыр хъусы нарты æмбисæндтæм.
Адæм иууылдæр ныхасгонд куы фесты,
Уæд болат Батрадз дæр сыстад йæ бынатæй,
Уацамонгæмæ хæстæг бацыди,
Йæ ехсы хъæдæй йæ бахоста 'мæ дзуры:
— æз уыдтæн цуаны æмæ фæцæйцыдтæн
Иу суангыл уæлæмæ, æнæ исты æнхъæл,
Æмæ авд амардтон изæры дауджытæй.    
Ца 'цæг зæгъын, уа 'цæг, мæ фыд Хæмыцæн
Схиз йæ уæрджытæм, нарты Уацамонгæ!
— Нарты Уацамонгæ зæххæй фæхицæн ис,
Уæлæмæ ссыди 'мæ. Хæмыцы уæрагыл
Йæхи æруагъта æнцад æмæ 'нцойæ.
Уæд дыккаг хатт дæр бахоста Батрадз
Нарты Уацамонгæ йæ ехсы хъæдæй:
— Иннæ суангыл та фæцæйцыдтæн æмæ
Райсомы дауджытæй амардтон авд дуаджы.  
Ца 'цæг зæгъын, уа 'цæг мæ фыд Хæмыцы
Ронбастмæ дæхи сиа, нарты Уацамонгæ! —
Йæхи, зæгъы, систа нарты Уацамонгæ
Хæмыцы уæрагæй Хæмыцы ронбастмæ.
Зæгъынмæ куы хъавыд Батрадз æртыккаг хатт,
Уæд æм Хæмыц дзуры: «Зæгъын цы 'мбæлы,
Уый зæгъ; цы не 'мбæлы, уый ма зæгъ, лæппу!»
Афтæ йын уый тыххæй куы загьта Хамыц
æмæ Хорæлдар Уацамонгæйы
Къуымæлы уæлæ  цæппузыры мидæг
æмбæхстæй бадти, цæмæй базона,
Йæ лæппуйы йын чи амардта, уый.
Хæмыц тарсти, Батрадз куы срæдийа, зæгъгй,
æмæ Хорæлдар исты фыдбылыз
Куы сараза нартæн йæ лæппуйы тугмæ.
Фæлæ та Батрадз æртыккаг хатт дæр
Бахоста,— уæдæ цы! — нарты Уацамонгæ
æмæ та дзуры ноджы ныфсджындæрæй:
– æртыккаг суангыл фæцæйцыдтæн æз
æмæ амардтон авд елиатæ,
Авд та, зæгъы, уæд мыкалгабыртæ,
Хорæлдары фырт Бурхор-Алийы дæр
æз куы амардтон, æз, мæ фыдыстæн!
Ца 'цæг зæгъын, уа 'цæг мæ фыд Хæмыцæн
Йæ дзыхмæ дæхи сие, нарты Уацамонгæ! —
Нарты Уацамонгæ уæд йæхи систа
æмæ, зæгъы, схызти Хæмыцы дзыхмæ.
æмæ Хорæлдар уыцы тæккæ сахат
Расæррæтт ласта Уацамонгæйа,
Мæн дæр бануаздзæни къуымæлимæ, зæгъгæ.
æмæ, дын, азгъордта æмæ фæлæбурдта
Уæд, адæргæйæ, хъæбæр хоры зæнгмæ —
Уæды онг ыл зади æхсæз æфсиры —
æмæ йæ схафта йæ ризгæ къухæй —
æфсир уадзынмæ йыл нал хъавыд Хорæлдар,
Нал хъавыд ныууадзын йæ фырты мæстæй.
Фæлæ уæд Уастырджи, лæгуарзаг Уастырджи,
Йæ уæлхъус февзæрди æмæ йæм куы дзуры:
«Гъæйтт, мæ бæхæн ма дзы сайыны фаг фæуадз!
Иунæг æфсир ма йыл фæуагъта Хорæлдар,
Иннæты сыскъуыдта цæсты фæныкъуылдмæ.
Йæ дзыхыл, заёгъы, куы сдардта уайтагьд
Болатрихи Хæмыц нарты Уацамонгæ.
Фæлæ, зæгъы, кæсы, æмæ Уацамонгæ,
Нарты Уацамонгæ, айдзаг ис, айдзаг
Алы æвзæр æмæ æлгъаг хилджытæй:
Кæлмытæй, хæфсытæй æмæ гæккуыритæй.

Сæхи-иу сметой Уацамонгæйæ
æмæ-иу дзыхмæ, Хæмыцы дзыхмæ,
Нуазинаджимæ фæцæйцыдысты.
Фæлæ-иу сæ Хæмыц йæ болат рихитæй
æрцавта æмæ-иу уæд амбæхстысты
æлгъаг хилджытæ Уацамонгæйы бын.
Афтæмæй, зæгъы, куы асур кодта
 Болатрихи Хæмыц нарты Уацамонгæ.

 Нарты кадджытæ — ирон адæмы культурон хæзна
 Ацæмæз æмæ Насран– Æлдар
 Ацæмæз æмæ Агуындæ-рæсугъд
 Сырдоны райгуырд
 Нарты Балц
 Фæндыр куыд фæзынд
 Сырдон Нарты куыд асайдта
 Сырдон Уæйгуыты куыд фæсайдта
 Сырдон йæ мæрдтæн хист куыд кодта
 Дæ тын дæ къух ссардта
 Сырдоны Тохъылы æргæвст
 Сырдоны  мард
 Æхсар æмæ Æхсæртæджы райгуырд
 Нарты Фæткъуы
 Дзерассæ-рæсугъд
 Æхсар æмæ Æхсæртæджы мæлæт
 Уырызмæг æмæ Хæмыцы райгуырд
 Уырызмæг æмæ  Хæмыц Уæрхæджы куыд  ссардтой
 Сатанайы райгуырд
 Сатана  Уырызмæджы ус куыд сси
 Уырызмæг Сатанайы йæ цæгатмæ куыд æрвыста
 Уырызмæджы æнæном лæппу
 Уырызмæг æмæ Сохъыр Уæйыг
 Уырызмæджы фæстаг балц
 Бæгæны  куыд  фæзынди
 Сосланы райгуырд æмæ  байсæрын
 Дауджыты   лæвæрттæ   Сосланæн
 Сослан – Тыхагур
 Сырдон Сосланимæ цæмæн фезнаг ис
 Сослан Бедухайы куыд æрхаста
 Сослан Сатанайы зындоны цадæй куыд фервæзын кодта
 Сослан Косеры куыд ракуырдта
 Сослан мæрдты бæсты
 Сосланы мæлæт
 Хæмыц ус куыд ракуырдта
 Батрадзы райгуырд
 Батрадзы денджызæй  куыд расайдтой
 Батрадзы  хъæзтытæ  сывæллонæй
 Хæмыцы  фырт  Батрадз  æмæ Деденæджы  фырт  Арæхдзау
 Нарты Батрадз æмæ Хъулонзачъе Уæйыг
 Батрадз йæхи куыд байсæрын кодта
 Батрадз  Уырызмæджы  куыд фервæзын кодта
 Батрадз æмæ Тыхы Фырт Мукар
 Батрадз æмæ Сохъыр Уæйыг Æфсæроны фырт Алæф
 Батрадз æмæ Сохъыр   Уæйыг Æфсæрон
 Батрадз Нарты Гуыппырсарты куыд фервæзын кодта
 Батрадз Сосланы куыд фервæзын кодта
 Батрадз æмæ æлдар
 Батрадз æмæ нарты Уацамонгæ
 Нарты симд
 Батрадз Нарты Дзуары куыд фæнадта
 Нарты æмбырд
 Хæмыцы мæлæт
 Батрадз  йæ  фыды туг куыд райста
 Батрадзы мæлæт
 Нарты  Сау Рувасдзарм
 Æхсæртæггаты æмæ Борæты хæст
 Нарт æмæ Уæйыджы стæг
 Айсана
 Сатанайы лæппу
 Уæрхтæнæджы фырт  Нæртон  Сыбæлц
 Бедзенæджы фырт чысыл Арæхдзау
 Сæууай
 Уастырджи æмæ Нæртон æнæфындз Мæргъуыдз
 Нарты сæфт
 Дзырдуат

Нартские сказания на русском языке