logo

М О Я    О С Е Т И Я



АЙСАНА


Нарты Уырызмæгæн лæппу райгуырди,
Æмæ йæ райгуырд фехъуысти, уæдæ цы,

Стæй уæд акодта уæларвмæ иемæ
Сафа йæ хъаны, уæдæ цы уыдаид.
Куы рахъомыл, зæгьынц, Уырызмæджы лæппу—
Нæртон гуырд Айсана, уæд æм уынынмæ
Цыдысты Сафайæн йæ хуыздæр хæлæрттæ:
Уастырджи 'мæ 'Фсати иумæ æрцыдысты,
Иумæ æрцыдысты Уацилла 'мæ Тутыр дæр,
Ногбон æмæ Елиа та иумæ æрцыдысты.
Хъан рацыд сæ размæ æмæ сын сæ бæхтæ
Хисдæрæй — кæсдæрмæ райста æгъдауыл,
Систа бæхты сæргътæ æмæ сæ бафснайдта,
Уазджыты ехсытæ æмæ нымæттæ
Бахаста мидæмæ, бафснайдта уыдон дæр.
Сафа йæ уазджыты мидæмæ бахоны,
Æрбадын сæ кæны дывæхсыг бандæттыл
Æмæ сын сæ разы фынгтæ æрæвæры,—
Алы хæрд, алы нозт фынгтæм рахаста.
Айсана рацыди æмæ бæгьæмсарæй
Уырдыг лæууыди Сафайы уазджытæн.
Фæнозтой,  фæхордтой уазджытæ, уæдæ цы.
Фæсхæрд куы сыстынц уазджытæ сæ фынгтæй -
Рацæуынц æттæмæ, æмæ сæ бæрзондæй
Фæлгæсын байдыдтой зæхмæ, быдырмæ.
Кæсынц Нарты хъæумæ уæларвæй дауджытæ.
Æмæ Нарты хъæуы Агуыры æфсæдтæ 
Бæхы фаджысы' бын куы фæкодтой, зæгъынц,
Уæд нарты адæмæн сæ бæгуыдæртæ
Хæтæны уыдысты, фæлæ сæ иннæтæ
Æрбатымбыл æсты иу ранмæ æмæ, дын,
Гуыпп симд сарæзтой, нæртон симд кæй хонынц.
Агуыры æфсæдтæ фат кæмæн ныццæвынц
Йæ уæнтыл, уый рогдæр асимы,   зæгьынц.
Арц дзы йæ уæрджытыл кæмæн ныццæвынц,
Уый тынгдæр акафы. Уæд диеты бацæуынц
Уæларвьь дауджытæ: «Цæмæй   конд æсты
Ацы нæртон адæм? Фат сæ куы нæ хизы,
Кард сæ куы нæ кæрды, уæд ай цы диссаг у?»
Ноджы уыцы афон рацыд Сосланы ус, —
Хурау худгæ кодта, Бонвæрнонау та —
Тыбар-тыбур, зæгъынц. Дон нозта æмæ дон
Æрттивæнтæ калдта усæн йæ хъуырæй.
Дон хъуыры куыд уади, уый зынд суанг уæлар
Дауджытæ фæстæмæ 'куы баздæхынц, зæгъы,
Ногæй куы æрбадынц сæ дзаг фынгтыл æмæ
Дисгæнгæ радзурынц уæларвон Сафайæн
Зæххыл цы федтой, уый куыд уыди, афтæмæй.
Уыдонмæ хъусгæйæ чысыл Айсанайæн
Йæ къухæй æрхауди йæ нозты дурын.
æмæ йæм уæд афтæ куы дзуры Сафа:
«Уæ, дæ хал, дæ бæндæн фæхауой, кæд дæуг
Ус афон нæма у. Куыд æрхауд дæ къухæй
Дæ дурын, къулбадæг, рæсугъд усы коймæ?»
— Уый коймæ не 'рхаудта мæ дурын мæ къух:
Фæлæ Нарты хъæуы ныууагътон æз раджы
Зæронд мад æмæ фыд, æмæ сæ афонмæ
Агуыры æфсæдтæ сæ бæхты къæхты бын
Ныккодтаиккой. æз та ам, уæларвы,
æппын æнæмæтæй кæрдзынтæ   хæрын.
Хурау уæм чи 'рттивы, сæууон Бонвæрнонау
Тæмæнтæ чи калы, уый у Сосланы ус.
æмæ та, сыгъдæгæй, нарты бæгуыдæртæ
Балцы фæцыдысты, æндæр нæ бæстæмæ
Чи 'рбауæндыдаид, стæй уæд нæ чындз дæр
Хъазтмæ нæ рацæуид афтæ уæндонæй. —
Уæларвы Сафа уæд дзуры йæ уазджытæм:
«Исты лæвæрттæ мын ракæнут мæ хъанæн!»
«æз ын лæвар кæнын мæ къуылых Уадсуры»,
Зæгъгæ, йын куы зæгъы фæндагсао Уастырджи.
«Цавæр миниуæг ис дæ къуылых Уадсурмæ?»
«Хуыцау, зæхх — ме 'вдисæн, бæсты иу кæронæй
Раст иннæ кæронмæ арвы 'рттывды хуызæн
Уайтагъд хæццæ кæны, уый дын йæ миниуæг».
«Елиа, ды та мын, зæгъ-ма, мæ хъанæн
Цы лæвар кæныс?» Сафа йæ бафарста.
«æз та — мæ хъæргæнаг», радта дзуапп Елиа.
«Цавæр'миниуæг, ис, уæд, дæ хъæргæнагмæ?»
«Хуыцау, зæхх — ме'вдисæн, æфсады куы'рцæва,
Уæд сæ ныппырх кæндзæн хуырау фæйнæрдæм!»
«Тутыр, дæумæ та уæд цы лæвайраг ис?»
«æз ын лæвар кæнын хæдæхсгæ сагъадахъ».
«Уацилла, уæд ды та?» «æз та — мæ болат кард».
«Ногбон, мæ хъанæн ды та ны раттдзынæ?»
«æз дæр ын уыдзынæн карз хæсты быдыры
æдзух æххуысгæнэет, мæ лæвар та райсдзæн
Хæст куы фæуа, уæд, — хорз лæвар уыдзæни».
Йæхи хæстон арæзт æскодта Айсана.
Уастырджийы лæвар æртыкъахыг бæхыл
Абадтис æмæ æрцыд Нарты хъæумæ.
Сыстадысты, зæгъынц, æппæт Нарты хъæу дæр
æмæ фæцин кодтой нæртон Айсанайыл.
æрмæст Сосланы ус нæ фезмæлыд, зæгъынц,
Йæ бадæн бынатæй. Дзуры йæм Айсана:
— Хорз ус, цæй уæззау дæ? æз хицон дæн, фæлæ
Дæ бынатæй стын дæр куы нæ фæразыс?—
Афтæ йын зæгъы уæд Сосланы рæсугъд  ус:
«Цы дын сыстон, мæ хур, исты мын, мййаг,
Агуыры æфсæдты Нартæй куы н' аздæхтай».
Уыцы ныхасмæ нæртон гуырд Айсана
Йæ  бæхыл абады, æмæ, дын, фырмæстæй,
Цæхæртæ калгæйæ, уайтагьддæр балæууы
Агуры 'фсæдты. цур. æмæ уыцы ран
Цæгъдынтæ байдайы знаджы æфсæдты.
Маргæ дзы кæй кодта, уыдон туджы зæй
Иннæты фæстæмæ ласынтæ райдайы.
Афтæмæй Айсана Апуыры æфсæдгы
Кæфты цагъд ныккодта, уæдæ цы уыдаид.
Нарт фервæзтысты Агуыры æфсæдтæй,
Йæхæдæг фæстæмæ æрбаздæхт сæхимæ.
Йæ размæ Нарты хъæу уырдыг ныллæууыдие,
Нал æй уагьтой, зæгъынц; фырцинæй зæхмæ дæр.
Уæддæр Сосланы ус бынатæй не змæлыд.
Дзуры та Айсана Сосланы усмæ:
—      Хорз ус, куыд уæззау дæ, уæлæмæ куыннæ стыс? —
Афтæ йын зæ'лъы уæд Сосланы рæсугъд ус:
«Цы дын æстон, мæ хур, исты мын мæ дуармæ
Куы нæ ныссагътай хуры аныгуылдæй
æмбисæхсæвмæ дидинæг чи 'фтауы,
Уырдыгæй бонмæ та рæгъæд чи  авæййы
æмæ дыууæ хохы фырытау кæуыл хæцынц,
Уыцы фæткъуы бæлас! Цæй фæдыл дын сыстон?
Уыцы ныхас, зæгъынц, фæхъыг Айсанайæн.
Йæ бæх аздæхта бæлас хæссынмæ.
Йæ бæх æй бафарста, фæндагыл цæугæйæ:
«Хуыцауæн æнады гуырд, кæдæм рабæлццон дæ? —
Зæгъ-ма йæ мæнæн дæр». Дзуры йæм Айсана:
—      Хуры ныгуылдæй æмбисæхсæвмæ
Дидинæг чи 'фтауы, уырдыгæй бонмæ та
Чи арæгъæд вæййы æмæ дыууæ хохы
Фырытау кæуыл хæцынц, уыцы бæласмæ
Хæссынмæ цæуын æз, нæй мын хуыздæр гæнæн. —
Йæ бæх Айсанайæн уæд афтæ зæгъы:
«Цæмæн дæ бафæндыд уыцы хъуыдддг кæнын?
Уымæ хæссынмæ бирæтæ фæцыди,
Фæлæ нал æрхастой фæстæмæ сæ сæртæ дæр».
Нæй, нæй мын гæнæн, хъуамæ йæ æрхæссон,—
Зæгъгæ, афтæ- зæгъы Айсана йæ бæхæн.
«Уæдæ мын ме 'хтæнгтæ балвас. фидардæр,
Хъæбæр мын балхынцъ кæн мæ къæдзил, тынг хъæбæр,
æрмæст дзы æнæ'лхынцъæй ныууадз æртæ хъисы.
Стæй мын дæ ехсæй ахæм къæрцц фæкæн æмæ
Уафсхор куыд фæхауа мæ агъды фарсæй,
Дæ армы дзыхъæй та ехсы тъæпæнхор».    -
Бахæццæ, дын, æсты дыууæ хохы рæбынмæ,
Йæ бæх æрурæдта Айсана, уæдæ цы,
Йæ  бæхæн йе 'хтæнгтæ тынг фидар балвæста,
Балхынцъ ын кодта хъæбæр йæ къæдзил,
Стæй йæ уæд афтæ куы ныкъæрцц кæны,
æмæ бæхы фарсæй уафсхор фесхъиуы,
Йæ армы дзыхъæй та — ехсы тъæпæнхор.
Бæх йæхи фехсы уæд дыууæ хохы 'хсæнмæ,
Айсана срæмудзы бæлас æд уидæгтæ
æмæ куы фездæхы фæстæмæ уайтагъд.
Уалынмæ хæхтæ кæрæдзи ныггуыпп кодтой,
Фæлæ нал ацахстой нарты Айсаиайы.
Бæхы къæдзилæй ма æртæ хъисы фесты
Хæхты 'хсæн, æмæ сæ атыдтой, уæдæ цы!
Рацыдысты æмæ бæх дзуры Айсанамæ:
«æртæ боны ма мын мæ мад куы раттаид
Йæ дзидзи, уæд уыцы æртæ хъисы дæр
Кæхтæ мæ къæдзилæй нæ аскъуыдтаиккой».
Нарты Айсана æрцыд Нарты хъæумæ.
Цы бæлас æрхаста, уый Сосланы дуармæ
Ныссагъта æмæ йыл нарт кæнынц æмбырдтæ.
Цы диссаг бæлас нын æрхаста, зæгъгæ.
Уæддæр нæ сыстади Сосланы хивæнд ус,
æмæ йæм бадзуры нарты Айсана:
— Ныр та цæуылнæ стыс, цы ма æфсон кæныс?—
Афтæ йæм бадзуры Сосланы рæсугъд ус:
«Цы дын æстон, мæ хур, исты куы нæ'рхастай
Дæхицæн усæн Саумæрон Бурдзæбæхы?»
Айсана фæзилы уæд йæ бæх фæстæмæ,
æмæ куы ацæуы Саумæрон Бурдзæбæхы
Йæхицæн  хæссынмæ, уæдæ цы уыдаид.
Саумæрон Бурдзæбæх бадт ахæм мæсыджы,
æмæ йын, мæ хуртæ, йæ-сæр цæст нæ уыдта.
Комгæ та кодта Саумæрон Бурдзæбæх
Ахæмæн, æмæ кæмæн фехъуыстаид
Мæсыгæн йæ бынæй йæ сæрмæ йæ хъæр.
Бирæ фæцыди рæсугъдмæ усгуртæ,
Фæлæ йæм дзы йæ хъæр никæмæн фехъуысти
æмæ-иу цавддуртæ фестадысты уым.
Бацыди Айсана мæсыджы рæбынмæ,
Йæ тых, йæ бонæй бæргæ ныхъæр кодта, —
Йæ  хъæр нæ фехъуысти мæсыджы 'мбисмæ дæр.
æмæ цавддур фестад уæрджытæй дæлæмæ.
Дыккаг хъæр ныккодта, фæлæ та нæ сыхъуыст
Йæ хъэер уæддæр, æмæ астæуæй дæлæмæ
Фестади цавддур. Фæтарсти Айсана, —
Йæ цæстытæ, зæгъынц, доны куы разилы.
æмæ Айсанамæ уæд йæ бæх дзуры:
«Цы фæдæ, мæ барæг?» Зæгъы йын Айсана:
— Мæ бон ницыуал у, асасти мæ хъару,
æз цавддур фестадтæн, фæлæ ды цы фæдæ?
Дæ сæр мæ бахъуыди, тагьд мын феххуыс кæн! —
Бæх ныууасыди æмæ, дын, йæ хъæрæй
Мæсыгæн йæ иу тигъ æркалди, уæдæ цы,—
Айсана цы уыди,. уый фестад фæстæмæ.
Саумæрон Бурдзæбæх нарты Айсанайы
Базыдта уайтагьддæр йæ бæхы уасынæй,
Йæ  размæ æрхызти мæсыджы сæрæй,
æрхызти æмæ дзуры Айсанамæ:
«æрхæццæ мæм дæ, нарты Айсана?»
—      æрхæццæ дæм дæн, бæгуыдæр, Бурдзæбæх,
Фæлæ ма æтгæмæ рацу æмæ цом!—
Саумæрон Бурдзæбæх рацыди мæсыгæй,
Бабадтис, зæгъынц, Айсанайы фæсарц,
Рацыдысты æмæ йæ фæрсы Айсана:
—      Цавæр дуртæ сты ацы урс дуртæ,
Мæсыджы алфамблай цæй арæх' сты?
«Уыдон дуртæ не сты,—зæгъы йын'Бурдзæбæх.—
Курæг мæм чи фæцыд, дунейы алы рæтгæй,
Гъе уыдон æсты, нарты Айсана.
Мæсыджы сæрмæ-иу сæ хъæр нæ фехъуысти,
æмæ-иу цавддуртæ фестадысты ам».
Бурдзæбæхæн уæд Айсана зæгъы:
Уæдæ ма сæ ам, мæ цуры райгас кæн!—
Саумæрон Бурдзæбæх дзуры Айсанамæ:
«Сæ райгас кæнын дæ ма бафæндæд, лæппу.
Дæу дæ бæх сарæзта, фæлæ адоны 'хсæн
Дæуæй хуыздæр гуырдтæ бирæ уыд, Айсана,
æмæ куы райгас уой, уæд нал ауадздзысты
Дæуæн мæн ахæссын, фæлтау сæ ныууадзæм».
Уæддæр ын Айсана афтæ куы зæгъы:
Нæй гæнæн, хъуамæ сæ æрыгас кæнай.—
Саумæрон Бурдзæбæх йæ зæлдаг кæлмæрзæн
Рахизмæ разылдта æмæ, дын, уайтагъддæр
Дуртæ сæ бынæтты куы базмæлыдысты—
Лæгтæ фестадысты Айсанайы размæ.
Нарты Айсанамæ æмхуызон лæбурынц,
æмæ сын иргъæвæг хос куы нæ уал ары.
Сæ иу Айсанайы ныр кардæй æрцæва,
Афтæ та фæстæмæ Саумæрон  

Бурдзæбæх йæ зæлдаг кæлмæрзæн иннæ'рдæм фæзылдта
æмæ та лæгтæ уæд дуртæ фестадысты.
Рахаста уырдыгæй нæртон гуырд Айсана
Саумæрон рæсугъды, уæдæ цы уыдацд,
æмæ æрцыдысты Нарты стыр хъæумæ.
Хъæу, дын, æмхуызонæй фæцинтæ кодтой
Айсанайыл æмæ сæ рæсугъд чындзыл.
Хаста сæм алчи дæр хуынтæ, дзаджджын хуынтæ
Уыцы рæстæджы нарты Сатана
Йæ цæгаты уыди. Фæлæ куы фехъуыста        
Йæ фырты хъуыддаг, уæд æрцыд сæхимæ,
æмæ ронг бантыдта нарты стыр куывдæн.
Уæдмæ æрцыдысты сæ д'ард хæтæнæй
Урсзачъе Уырызмæг, болатрихи Хæмыц,
Нæрæмон Сослан, æмæ уыдоны цинæн та
æппын кæрон нал уыд, Агуыры æфсæдты
Пырхæй куы федтой, уæд, уæдæ цы уыдаид!
«Йæ рынтæ бахæрон мæхи Айсанайæн,—
Агуыры æфсады бæхьг сæфтæджытæй
Чи фервæзын кодта махæн нæ хъæубæстæ!
Бирæ мын фæцæра ме'рдхорд Сатана дæр,
Ахæм сахъгуырд мын чи схъомыл кодта!»
Зæгъгæ, радзырдта зонынджын Уырызмæг.
Сыстад йæ бынатæй, æнæбары, зæгъынц,
Уæд Сосланы ус дæр, уæдæ цы кодтаид,
æмæ йæм Айсана афтæ бадзуры:
—      Уыйас æнæбары цæмæн сыстадтæ,
Хорз ус, дæ бынатæй, фæлтау бадтаис!—
Дзуры Айсанамæ Сосланы ус афтæ:
«Цæрдæг дын цæмæн стон, исты мын, мийаг,
Уæлæ уæларвбæсты хуыцауæн йæ разы
Йæ  хъуырæй фæлмæн заргæ чи кæны,
Йæ дыстæй æмдзæгъ, йæ фæччитæй—кафгæ,
Уыцы кæрц мын, мийаг, куы нæ æрхастай?»
æмæ йæм дзуры уæд нарты Айсана:
—      Кæд ды бахуыдтай уыцы диссаджы кæри,
Уæд æй æрхæсдзынæн тæккæ абон дæр,
Кæннод та йе'рхæссын мæ бон нæу мæнæн.—
Ус дæр ныхъус ис, уæдæ цы уыдаид.

 Нарты кадджытæ — ирон адæмы культурон хæзна
 Ацæмæз æмæ Насран– Æлдар
 Ацæмæз æмæ Агуындæ-рæсугъд
 Сырдоны райгуырд
 Нарты Балц
 Фæндыр куыд фæзынд
 Сырдон Нарты куыд асайдта
 Сырдон Уæйгуыты куыд фæсайдта
 Сырдон йæ мæрдтæн хист куыд кодта
 Дæ тын дæ къух ссардта
 Сырдоны Тохъылы æргæвст
 Сырдоны  мард
 Æхсар æмæ Æхсæртæджы райгуырд
 Нарты Фæткъуы
 Дзерассæ-рæсугъд
 Æхсар æмæ Æхсæртæджы мæлæт
 Уырызмæг æмæ Хæмыцы райгуырд
 Уырызмæг æмæ  Хæмыц Уæрхæджы куыд  ссардтой
 Сатанайы райгуырд
 Сатана  Уырызмæджы ус куыд сси
 Уырызмæг Сатанайы йæ цæгатмæ куыд æрвыста
 Уырызмæджы æнæном лæппу
 Уырызмæг æмæ Сохъыр Уæйыг
 Уырызмæджы фæстаг балц
 Бæгæны  куыд  фæзынди
 Сосланы райгуырд æмæ  байсæрын
 Дауджыты   лæвæрттæ   Сосланæн
 Сослан – Тыхагур
 Сырдон Сосланимæ цæмæн фезнаг ис
 Сослан Бедухайы куыд æрхаста
 Сослан Сатанайы зындоны цадæй куыд фервæзын кодта
 Сослан Косеры куыд ракуырдта
 Сослан мæрдты бæсты
 Сосланы мæлæт
 Хæмыц ус куыд ракуырдта
 Батрадзы райгуырд
 Батрадзы денджызæй  куыд расайдтой
 Батрадзы  хъæзтытæ  сывæллонæй
 Хæмыцы  фырт  Батрадз  æмæ Деденæджы  фырт  Арæхдзау
 Нарты Батрадз æмæ Хъулонзачъе Уæйыг
 Батрадз йæхи куыд байсæрын кодта
 Батрадз  Уырызмæджы  куыд фервæзын кодта
 Батрадз æмæ Тыхы Фырт Мукар
 Батрадз æмæ Сохъыр Уæйыг Æфсæроны фырт Алæф
 Батрадз æмæ Сохъыр   Уæйыг Æфсæрон
 Батрадз Нарты Гуыппырсарты куыд фервæзын кодта
 Батрадз Сосланы куыд фервæзын кодта
 Батрадз æмæ æлдар
 Батрадз æмæ нарты Уацамонгæ
 Нарты симд
 Батрадз Нарты Дзуары куыд фæнадта
 Нарты æмбырд
 Хæмыцы мæлæт
 Батрадз  йæ  фыды туг куыд райста
 Батрадзы мæлæт
 Нарты  Сау Рувасдзарм
 Æхсæртæггаты æмæ Борæты хæст
 Нарт æмæ Уæйыджы стæг
 Айсана
 Сатанайы лæппу
 Уæрхтæнæджы фырт  Нæртон  Сыбæлц
 Бедзенæджы фырт чысыл Арæхдзау
 Сæууай
 Уастырджи æмæ Нæртон æнæфындз Мæргъуыдз
 Нарты сæфт
 Дзырдуат

Нартские сказания на русском языке